Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;       «Гат»-ы[2] зӕлтӕм гӕсгӕ.       Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,       куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!       Ды скодтай Дӕ кад уӕлӕрвтӕй бӕрзонддӕр. 3 Сабитӕ ӕмӕ ноггуырдтӕ Дӕу кӕй стауынц,       уымӕй скодтай тых       ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтай Де знӕгты ныхмӕ,       фыдгул ӕмӕ мастисӕг       ӕнӕдзырды бон куыд фӕуой, афтӕ. 4 Дӕ къухты фӕллойыл –       арвыл Ды кӕй сӕвӕрдтай,       уыцы мӕй ӕмӕ стъалытыл       куы ахӕссын мӕ цӕст, 5 Уӕд фӕзӕгъын: цы у адӕймаг,       ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа,       кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йыл мӕт кӕнай? 6 Зӕдтӕй[3] йӕ бирӕ дӕлдӕр не 'вӕрыс,       паддзахау ӕй скодтай       кадджын ӕмӕ намысджын. 7 Дӕ къухтӕй цы сарӕзтай,       ӕппӕт уыдонӕн ӕй сӕвӕрдтай хицауӕй;       ӕппӕт дӕр ын бакодтай йӕ дӕлбар: 8 Ӕппӕт фысты ӕмӕ галты, сырдты, 9 Уӕларвон мӕргъты, денджызон кӕсӕгты –       фурды арф фӕндӕгтыл ӕппӕт змӕлджыты. 10 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,       куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!

9 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;       «Лабены мӕлӕт»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.       Давиды псалом. 2 Зӕрдӕбынӕй стаудзынӕн Дӕу, Хуыцау,       дзурдзынӕн Дӕ бирӕ диссӕгты тыххӕй. 3 Дӕуыл уыдзӕни мӕ цин ӕмӕ райдзынӕн,       зардзынӕн Дӕ номыл, Бӕрзонд Хуыцау. 4 Ме знӕгтӕ лидзынмӕ фесты       ӕмӕ бындзагъд фесты Дӕ разы. 5 Уымӕн ӕмӕ Ды ӕвзӕрстай мӕ хъуыддаг       ӕмӕ мӕ рӕстад;       Ды сбадтӕ паддзахы бадӕны       раст тӕрхон рахӕссынмӕ. 6 Ды фӕзылын кодтай адӕмты,       бабын кодтай фыдлӕгты,       сӕ фӕд дӕр сын фесӕфтай мыггагмӕ. 7 Знӕгтӕ бынысӕфт фесты,       ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ;       сӕ кой дӕр нал ис. 8 Дунедарӕг та паддзахиуӕг кӕны мыггагмӕ!       Йӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у       тӕрхон рахӕссынмӕ. 9 Дун-дунейӕн кӕндзӕн раст тӕрхон,       адӕмты хъысмӕт ӕвзардзӕн ӕнӕхӕрамӕй. 10 Ӕфхӕрд адӕймагӕн       Дунедарӕг уыдзӕн йӕ мӕсыг,       мӕсыг ын уыдзӕн йӕ зыны бон. 11 Дӕ ном чи зоны, Хуыцау,       уыдонӕн сӕ ныфс дӕ;       уымӕн ӕмӕ Дӕу чи агуры, уыдон нӕ ныууадзыс. 12 Зарут Сионыл цӕрӕг Дунедарӕгӕн,       адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ! 13 Уымӕн ӕмӕ Уый тугкалджытӕй       дзуапп домӕг у;       Йӕ зӕрдыл дары ӕфхӕрдтыты,       нӕ дзы рох кӕны сӕ дзыназын. 14 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг!       Ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ       мӕн удхарӕй куыд марынц,       уымӕ ӕркӕс Ды,       байс мӕ мӕлӕты комӕй. 15 Ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй       Сионы чызджы[4] кулдуары раз,       цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл. 16 Адӕмтӕ ныххаудысты,       сӕхӕдӕг цы уӕрм къахтой, уым;       сусӕг ран цы къӕппӕг сӕвӕрдтой,       уый сӕ ӕрцахста сӕ къахӕй. 17 Дунедарӕг Йӕ раст тӕрхонӕй       базонын кодта Йӕхи;       фыдлӕгӕн йӕ хъуыддӕгтӕ       йӕхицӕн уыдзысты къӕппӕг. || 18 Фыдлӕгтӕ, Хуыцауы рохгӕнӕг адӕмтӕ –       се 'ппӕт дӕр ацӕудзысты дӕлдзӕхмӕ. 19 Уымӕн ӕмӕ гӕвзыкк       рохуаты нӕ баззайдзӕн мыггагмӕ,       мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕдарӕн нӕ фесӕфдзӕн. 20 Рацу, Дунедарӕг, цӕмӕй адӕймаг       бӕрзонд ма сӕвӕра йӕхи;       уадз адӕмтӕн тӕрхон цӕуа Дӕ цӕсгомы раз. 21 Тас сӕ бауадз, Хуыцау!       Уадз ӕмӕ адӕмтӕ зоной,       адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ кӕй ницы сты, уый. || 22 Дӕрддзӕф цӕмӕн лӕууыс, Дунедарӕг,       цӕмӕн ӕмбӕхсыс зын заманы Дӕхи? 23 Фыдлӕг схъӕл у, ӕгъатырӕй зилы мӕгуыры       фӕдыл, ӕмӕ       йӕ фыдвӕндты къӕппӕджы бахауы уый. 24 Уымӕн ӕмӕ фыдлӕг хъал у йӕ монцтӕй;       буц у йе 'нӕфсисӕй ӕмӕ фауы Дунедарӕджы. 25 Фыдлӕг йӕ сӕрыстырӕй нӕ агуры Хуыцауы:       «Хуыцау нӕй», – ахӕм сты йе 'ппӕт хъуыдытӕ; 26 Кӕддӕриддӕр уый пайдайыл хӕст у;       Дӕ уынаффӕтӕм дӕрддзӕф лӕууы;       йе 'ппӕт знӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсы. 27 Йӕхицӕн фӕзӕгъы:       «Ницы хуызы фӕцуддзынӕн,       фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ мыл       фыдбылыз не 'рцӕудзӕн». 28 Йӕ ком дзаг у ӕлгъыстӕй,       хин ӕмӕ ӕртхъирӕнӕй;       йӕ дӕлӕвзаг – знаггад ӕмӕ фыдӕх. 29 Кӕйдӕр размӕ бабады фӕскъул;       кӕм ӕй ничи уыны, уым амары ӕназымы,       сусӕгӕй йӕ цӕст дары мӕгуырмӕ. 30 Хуыккомы домбай куыд ӕрхуыссы,       афтӕ ӕрӕмбӕхст фӕсвӕд       ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы;       сусӕгӕй дары йӕ цӕст,       цӕмӕй йӕхи ныццӕва мӕгуырыл;       йӕхи йыл ныццӕвы       ӕмӕ йӕ баппары йӕ къӕппӕджы. 31 Ӕрӕмбӕхсы, ӕрбырсы ӕнӕбоны       ӕмӕ дзы йӕ фидар ныхтӕ ныссадзы. 32 Йӕхицӕн фӕзӕгъы:       «Йӕ хъуыдыйы нӕ дӕн Хуыцауӕн!       Йӕ цӕсгом бамбӕрзта, никуы мӕ фендзӕни». 33 Рацу, Дунедарӕг Хуыцау, равдис Дӕ цонджы тых,       ма ферох кӕн ӕфхӕрдты. 34 Фыдлӕг цӕмӕн фауы Хуыцауы,       хинымӕр цӕмӕн фӕзӕгъы:       «Нӕ мӕ бадомдзынӕ дзуапп, Хуыцау!» 35 Ды уыныс, Ды бафиппайыс маст ӕмӕ бӕллӕх       ӕмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ дӕ ӕххуысмӕ;       мӕгуыр Дӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи;       сидзӕрӕн Ды дӕ ӕххуысгӕнӕг. 36 Фыдлӕджы ӕмӕ галиуы тых басӕтт,       бафхӕр ӕй йе 'взӕр миты тыххӕй,       йӕ фӕд дӕр куыд нал уа, афтӕ. 37 Мыггагмӕйы Паддзах у Дунедарӕг;       муртаттӕн Йӕ зӕххыл сӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн. 38 Ды зоныс, Хуыцау, сӕрныллӕджыты бӕллицтӕ;       сӕ зӕрдӕты сын бауадзыс ныфс,       сӕ курдиат сын хъусыс, 39 Цӕмӕй бахъахъхъӕнай сидзӕры ӕмӕ ӕфхӕрды,       ӕмӕ зӕххон адӕймаг а-дунейыл мауал ӕфтауа тас.

10 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.       Давиды псалом.       Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ.       Уый куыд дзурут мӕ удӕн:       «Маргъау атӕх дӕхи хӕхтӕм»? 2 Мӕнӕ фыдлӕгтӕ айвӕзтой ӕрдынбос –       сӕ фат ӕрӕвӕрдтой ӕрдыныл,       талынджы йӕ рӕстгӕнӕджы зӕрдӕйыл       бауадзынӕввонг. 3 Бындуртӕ пырхгонд куы уой,       уӕд ма рӕстгӕнӕджы бон дӕр цы у? 4 Хуыцау Йӕ сыгъдӕг Кувӕндоны ис,       Йӕ паддзахы бадӕн – уӕлӕрвты;       Йӕ цӕст нӕ исы адӕмӕй,       фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгасӕй. 5 Хуыцау фӕлвары рӕстгӕнӕджы ӕмӕ фыдлӕджы,       тыхмимӕ ӕмхиц чи у, уыдон Ын ӕнӕуынон сты. 6 Фыдлӕгыл уарынау ӕркалдзӕни       судзгӕ цӕхӕр ӕмӕ сондон;       уыраугӕ дымгӕ – сӕ хай. 7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕг у       ӕмӕ уарзы рӕстдзинад;       рӕстылдзӕуӕг ын фендзӕн Йӕ цӕсгом.

11 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;       астхъисоныл.       Давиды псалом. 2 Баххуыс кӕн, Дунедарӕг,       уымӕн ӕмӕ нал ис рӕстгӕнӕг,       адӕмы ӕхсӕн Дӕуыл ӕнувыдтӕ нал баззади. 3 Алчидӕр хионӕн дзуры мӕнг; се 'взӕгтӕ сты козбау,       дзурынц хинӕйдзаг зӕрдӕйӕ. 4 Дунедарӕг сӕхгӕнӕд алы козбауы       ӕмӕ алы схъӕлдзырд лӕджы дзых, 5 Афтӕ чи дзуры: «Не 'взаджы фӕрцы       сбӕрзонд уыдзыстӕм, нӕ дзыхтӕ нӕ уӕлӕ сты,       ӕлдар нын чи у?» 6 «Ӕфхӕрдтыты хъизӕмары       ӕмӕ мӕгуырты хъӕрзыны сӕраппонд       рацӕудзынӕн Ӕз, зӕгъы Дунедарӕг,       ӕмӕ хинӕй рацӕуынмӕ кӕуыл хъавынц,       уыдоны баиргъӕвдзынӕн». 7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ – сыгъдӕг ныхӕстӕ;       уыдон сты сыгъдӕг ӕвзистау,       ӕлыгӕй конд пецы фӕлвӕрд, авд хатты фӕлвӕрд. 8 Ды, Дунедарӕг, бахъахъхъӕндзынӕ ӕфхӕрдтыты,       ӕнусмӕ сӕ бахиздзынӕ ацы мыггагӕй, 9 Науӕд адӕмы ницӕйӕгтӕ сбӕрзонд сты,       ӕмӕ алы ран дӕр сарӕх сты фыдлӕгтӕ.

12 Псалом 1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.       Давиды псалом. 2 Кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, Дунедарӕг,       кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ мӕнӕй Дӕ цӕсгом? 3 Кӕдмӕ нывӕндон мӕ фӕндтӕ мӕ зӕрдӕйы,       кӕдмӕ хӕссон мӕ уды хъыг бонӕй-бонмӕ?       Ме знаг мыл кӕдмӕ уӕлахиз уыдзӕни? 4 Ӕркӕс мӕм, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!       Царды рухс ратт мӕ цӕстытӕн,       цӕмӕй мӕрдвынӕй ма бауон, 5 Ӕмӕ знаг ма зӕгъа: «Ӕз ыл фӕтых дӕн»;       науӕд куы фӕцудон,       уӕд цины хос уыдзынӕн ме знӕгтӕн. 6 Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дӕ бирӕ уарзтыл дарын,       Ды мын ӕрхастай ирвӕзындзинад,       ӕмӕ сцин кӕндзӕн мӕ уд;       зардзынӕн Хуыцауӕн – Уый хорзы бацыди мӕнӕн. 13 Псалом 1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.       Давиды псалом.       Ӕнӕзонд хинымӕр загъта: «Хуыцау нӕй».       Уыдон фехӕлдысты, бакодтой ӕбуалгъ митӕ;       хӕрзгӕнӕг нӕй. Иу дӕр нӕй. 2 Дунедарӕг уӕлӕрвтӕй ӕркасти адӕммӕ:       Хуыцауы чи агуры, ахӕм ӕмбаргӕ нӕй? Иу дӕр нӕй? 3 Се 'ппӕт дӕр ныдздзӕгъӕл сты, сӕфтмӕ ӕрцыдысты;       хӕрзгӕнӕг нӕй, нӕй иу дӕр. 4 Мӕ адӕмы дзулау чи хӕры       ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры,       ӕппӕт уыцы фыдгӕнджытӕ       сӕхи никуы ӕрӕмбардзысты? 5 Бӕлвырд, стыр азар сӕ бацӕудзӕн,       уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгимӕ ис. 6 Сымах худут мӕгуыры фӕндиӕгтыл,       фӕлӕ уымӕн Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг у. 7 Израилӕн ирвӕзындзинад Сионӕй ӕрцӕудзӕн!       Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы ракӕна,       уӕд райдзӕн Иаков[5], ӕмӕ цин кӕндзӕн Израил. 14 Псалом 1 Давиды псалом.       Дунедарӕг, кӕй бон у Дӕ рухс цатыры ӕрлӕууын?       Кӕй бон у Дӕ сыгъдӕг хохыл ӕрцӕрын? 2 Ӕнаиппӕй чи цӕры, раст кӕй хъуыддӕгтӕ сты,       ӕцӕгад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы, уый бон бауыдзӕн. 3 Хахуыр кӕй ӕвзагыл нӕ бады,       йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы,       иннӕйы фыдгой чи нӕ кӕны, уый бон бауыдзӕн. 4 Хуыцауӕй хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у,       фӕлӕ Дунедарӕджы нымайӕгӕн аргъ чи кӕны,       уый бон бауыдзӕн;       йӕ сомы сӕххӕст кӕнын кӕй нал фӕнды,       фӕлӕ йӕ уӕддӕр чи нӕ сайы, уый бон бауыдзӕн. 5 Лӕскъыл ӕхца чи нӕ дӕтты,       расты фӕзылын кӕныны тыххӕй       гӕртам чи нӕ исы, уый бон бауыдзӕн.       Афтӕ чи кӕны,       уый мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн. 15 Псалом