РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

БИБЛИ

Рагон Фӕдзӕхст Моисейы фыццаг чиныг

РАЙДИАН

Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнад Бетъырбух 2011

15БЫ 978-5-85524-326-0

© Перевод, глоссарий, карты, таблицы и оформление, Российское Библейское Общество, 2011

Неизвестный автор ABBYY FineReader 11, FictionBook Editor Release 2.6 129683457723930000 ABBYY FineReader 11 {B83BBA4C-3BF8-49D4-9C1C-5CFF8FD4A33C} 1

Зынаргъ чиныгкӕсӕг!

Библи у дунейы аивадон ӕмӕ дины культурӕйы ӕппӕты зынгӕ-дӕр хӕзнатӕй иу, арӕзт у 77 чиныгӕй. Хонынц ма йӕ Чингуыты чиныг дӕр.

Ирон литературӕйы минӕвӕрттӕ цалдӕрӕй къорд азы дӕргъы Бетъырбухы биноныг ахуыр кодтой Библийы тӕлмацы бындурон фарстытӕ ӕмӕ рагдзуттаг ӕвзаг. Фӕстӕдӕр Библийы чингуытӕ райдыдтой комкоммӕ уыцы ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын. Арфӕйаг хъуыддаг сырӕзти Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ Библийы иугонд ӕхсӕнӕдты ӕххуысӕй.

Дӕ разы ис Библийы фыццаг чиныг — «Райдиан» — ирон ӕвзагыл.

Нӕ зӕрдӕ дарӕм, разӕнгардӕй йыл кӕй сӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ нӕм кӕй ныффысдзынӕ дӕ хъуыдытӕ ӕргомӕй.

Чиныг цӕмӕй ӕнцондӕр кӕсӕн уа, уый тыххӕй дих у дӕлсӕр-гӕндтыл. Кӕронӕй дзы ссардзынӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг: Рагон Хӕстӕг Скӕсӕн ӕмӕ Рагон Палестинӕйы географион нывӕцтӕ, мыггагвӕндӕгты ӕрфыст ӕмӕ Библийы вазыгджын терминтӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат.

Ис дзы Фӕсныхас дӕр — уый фӕрцы арфдӕр райхалдзынӕ Райдианы чиныджы сӕйраг темӕтӕ ӕмӕ йӕ хӕйтты мидис.

Курӕм, ӕмӕ нӕм дӕ фиппаинӕгтӕ фысс ацы адрисыл:

191014, Санкт-Петербург, а/я 127, СПб отделение РБО.

Мамиаты Изетӕ, чиныджы бӕрнон редактор

Моисейы фыццаг чиныг

Райдиан

Сӕргӕндтӕ

Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан (1:1-11:9)

Авраам — Израилы рагфыдӕл (11:10-25:18)

Исаак ӕмӕ Иаков. Сӕ царды хабӕрттӕ (25:19-36:43) Иосиф — Иаковы фырт (37:1-50:26)

Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан (1:1-11:9)

Дунейы сфӕлдыст

I1-2 Райдианы, зӕхх куы нӕма уыди ӕмӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх фӕлдисынмӕ куы ӕрӕвнӕлдта, уӕд ӕгӕрон тыгъдады сӕрмӕ цӕндӕй лӕууыди саудалынг. Хуыцауы Уд уӕлдон Йӕхи айтыгъта. 3 Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый ӕмӕ йӕ фӕхицӕн кодта тарӕй. 5 Хуыцау рухс схуыдта «бон», тар та — «ӕхсӕв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: иу бон.

6 Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕйӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 7Хуыцау сарӕзта ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕгӕн йӕ бынмӕ цы дон уыди, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй. 8 Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: дыккаг бон.

1:2 Рагдзуттаг дзырдбаст ма ноджы нысан кӕны: Хуыцауы хъомысджын комытӕф.

9Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон и, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ. 10 Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

11 Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыр-гъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ. 12 Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕ-мӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕцыйӕн — йӕхи хуыз; ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 13 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: ӕртыккаг бон.

14 Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ, бон ӕхсӕ-вӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн. 15 Арвыл фӕзынӕд ӕндӕр рухсгӕнӕнтӕ дӕр ӕмӕ рухс кӕнӕнт зӕхмӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 16 Хуыцау сарӕзта дыууӕ егъау рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн — бонӕн уаг ӕвӕры-нӕн, къаддӕр рухсгӕнӕн та — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн, ӕмӕ стъалытӕ. 17Хуыцау сӕ сӕвӕрдта арвыл, зӕхмӕ рухс кӕны-нӕн, 18 бон ӕмӕ ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн ӕмӕ бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 19 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: цыппӕрӕм бон.

20 Хуыцау загъта: «Донӕй сӕнтысӕнт царды алы хуызтӕ. Зӕххӕй арвы астӕу атӕхӕнт мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 21Хуыцау сфӕлдыста денджызон ӕвирхъау стыр цӕ-рӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, царды уыцы ӕндӕр хуызтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыг гагмӕ гӕсгӕ, стӕй алымыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 22 Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл». 23 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: фӕндзӕм бон.