Psalm (Psalms in the Ossetian language)

19 Psalm

1 Zaröggönjıty razamonögmö.       David's Psalm. 2 Fehúsöd dö Dunedarög dö húyjy zaman,       bah'ah'h'önӕd dӕ nӕ fydӕl Jacoby Huytsauy nom. 3 Rarvitód dyn óhhuys Yö ruhs Kuvöndonöy,       kh'aru – Sionӕi. 4 Ӕrymysӕd de 'ppӕt huyntӕ,       aısӕd dyn dӕ iýylsudzinag nyvond[7], || 5 Dӕ zӕrdӕ цӕмӕ бӕллы, уый дын раттӕд,       sӕhhӕst dyn kӕnӕd de 'ppӕt fӕndtӕ. 6 Mah tsinóy raidzystóm dá uólahizyl;       Huytsauy nomy kadón sisdzystóm tyrysa!       Dunedarög dyn söhhöst könöd de 'ppöt kurdiöttö. 7 Óz nyr bazydton:       Dunedar irvӕzyn kӕny Ye 'vzӕrsti;       Yӕ syg'dәg uӕlӕrvtӕy yyn dzuapp dӕtty       Yӕ rahiz tsonji irvӕzyngӕnӕg h'omysӕi. 8 Chi yӕ bӕhuӕrdӕttӕy ӕppӕly, chi yӕ bӕhtӕi,       mah ta – Dunedarӕgӕy,       nӕ Huytsauy nomӕy ӕppӕlӕm. 9 Uydon fötsudydtoy ӕmӕ ahaýdysty,       mah ta systadystóm ömö löuuöm fidar. 10 Dunedaróg, fervözyn kón paddzahy,       ӕмӕ Дын куы фӕлӕгъстӕ кӕнӕм,       uӕd-iu nӕ feh'us!

20 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.       Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, Дӕ хъаруйӕ зӕрдӕрухс у паддзах;       цы стыр цин ын ӕрхастой Дӕ уӕлахизтӕ! 3 Йӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллыди, уый йын радтай,       йӕ уды курдиатыл ын нӕ атигъ кодтай Дӕхи. || 4 Уымӕн ӕмӕ йӕ Ды       схайджын кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй,       йӕ сӕрыл ын ӕркодтай паддзахы худ –       сыгъдӕг сызгъӕринӕй. 5 Дӕуӕй куырдта цард; Ды та йын радтай       бирӕ цӕрӕнбонтӕ мыггагӕй-мыггагмӕ. 6 Стыр намыс ын ӕрхаста Дӕ уӕлахиз,       скодтай йӕ кадджын ӕмӕ номдзыд. 7 Ды йыл ӕруагътай Дӕ арфӕтӕ мыггагмӕ,       Дӕ цӕсгомы рухсӕй йӕ схъӕлдзӕг кодтай. 8 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл дары паддзах йӕ зӕрдӕ,       Бӕрзонд Хуыцауы уарзты фӕрцы нӕ фӕцуддзӕн. 9 Дӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты Де 'ппӕт знӕгтӕ;       Дӕ рахиз цонг баххӕсдзӕн,       Ды ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уыдонмӕ. 10 Куы сӕм фӕзынай,       уӕд сӕ фестын кӕндзынӕ судзгӕ пец;       Дунедарӕг сӕ тызмӕгӕй байсафдзӕн,       арт сӕ аныхъуырдзӕн. 11 Зӕххыл сын фесафдзынӕ сӕ байзӕддаг,       адӕмты ӕхсӕн – сӕ мыггаг. 12 Уымӕн ӕмӕ хъавынц Дӕуӕн фыд ракӕнынмӕ,       Дӕ ныхмӕ нывӕндынц фыдвӕндтӕ,       фӕлӕ сын нӕ бантысдзӕн. 13 Дӕ фаттӕ сын сӕ цӕсгӕмттӕм куы саразай,       уӕд лидзӕг фӕуыдзысты. 14 Сбӕрзонд у Дӕ хъомысӕй, Дунедарӕг!       Мах зардзыстӕм ӕмӕ кад кӕндзыстӕм       Де 'нӕкӕрон хъаруйӕн!

21 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;       «Сӕумӕйы хъуаз»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.       Давиды псалом. 2 Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн ныууагътай мӕн?       Куыд нӕ фӕзыныс мӕн фервӕзын кӕнынмӕ,       куыд нӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын! 3 Мӕ Хуыцау! Хъӕр Дӕм кӕнын бонӕй –       дзуапп нӕ дӕттыс,       хъӕр Дӕм кӕнын ӕхсӕв дӕр –       ӕнцой не 'ссарын. 4 Ды, Сыгъдӕг, цӕрыс Израилы кады       ныхӕсты ӕхсӕн; 5 Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ нӕ фыдӕлтӕ;       сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой, ӕмӕ-иу сӕ бахызтай. 6 Дӕумӕ дзынӕзтой, ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодтай;       сӕ зӕрдӕ Дыл дардтой,       ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты. 7 Ӕз та адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн;       дзыллӕйӕн ӕгад ӕмӕ адӕмӕн ӕлгъаг. 8 Мӕн чи уыны, уыдон мыл худынц;       сӕ сӕртӕ тилынц ӕмӕ былысчъилӕй дзурынц: 9 «Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ –       ныр ӕй фӕрвӕзын кӕнӕд;       кӕд ыл ауды, уӕд ӕй ссӕрибар кӕнӕд». 10 Мӕ мады гуыбынӕй мӕ куы ракодтай,       хъӕбысы ма куы уыдтӕн,       уӕд дӕр мӕ хъахъхъӕдтай. 11 Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн;       мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн,       уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ Хуыцау дӕ. 12 Ма адард у мӕнӕй,       уымӕн ӕмӕ мӕ хъизӕмары бон ӕввахс у,       ӕххуысгӕнӕг та нӕй. 13 Бирӕ галтӕ мыл ӕрхъула,       хӕрзхаст басайнаг галтӕ мыл ӕртыхстысты. 14 Байгом мӕм кодтой сӕ дзых,       йӕ амӕддаджы баййафӕг       ӕмӕ богътӕгӕнӕг домбайау. 15 Ӕз ныппырх дӕн донау;       ме стджытӕ кӕрӕдзийыл нал хӕцынц;       мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы. 16 Ӕлыгӕй конд дурынау мӕ тых бахус,       ме 'взаг нындӕгъди мӕ комыл;       ингӕны сыджыты нывӕрдтай мӕн. 17 Куыйтӕ мыл ӕрхъула сты,       фыдлӕгты ӕрдонг мыл ӕртыхст,       мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты       ныххостой ӕфсӕйнӕгтӕ. 18 Мӕ фӕрсчытӕн ис банымайӕн;       уыдон та мӕм кӕсынц,       ӕмӕ сын сдӕн хиирхӕфсӕн. 19 Сӕ кӕрӕдзийыл уарынц мӕ дарӕс,       мӕ пӕлӕзыл ӕппарынц хӕлттӕ. 20 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй!       Ды мӕ тых дӕ,       тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ. 21 Мӕ уд мын бахиз цирхъӕй,       мӕ иунӕг цард – куыйтӕй. 22 Баиргъӕв мӕ домбайы комӕй;       бахиз мӕ хъӕддаг галты сыкъатӕй. 23 Дӕ номы тыххӕй дзурдзынӕн ме 'фсымӕртӕн,       Дӕ адӕмы ӕхсӕн ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй. 24 Хуыцауӕй тӕрсджытӕ, стаут Ӕй!       Иаковы ӕппӕт байзӕддӕгтӕ, скад Ын кӕнут.       Нымайут Ӕй, Израилы ӕппӕт адӕм. 25 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕнӕрвӕссон нӕ уыди       ӕфхӕрд адӕймагыл       ӕмӕ нӕ аздӕхти йӕ хъизӕмӕрттӕй;       Йӕхи дзы нӕ бамбӕхста,       фӕлӕ Йӕм уый ӕххуысмӕ куы фӕдзырдта,       уӕд ӕй фехъуыста. 26 Стыр ӕмбырды Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн;       дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,       уыдӕттӕ ӕххӕст кӕндзынӕн,       Дӕу чи нымайы, уыдоны раз. 27 Къӕбӕр хӕрдзысты мӕгуыртӕ       ӕмӕ бафсӕддзысты;       Хуыцауы скадджын кӕндзысты,       чи Йӕ агуры, уыдон!       Уадз мыггагмӕ уой цардӕфсӕст. 28 Уый ӕрымысдзысты ӕппӕт зӕххы цӕрджытӕ       ӕмӕ раздӕхдзысты Дунедарӕгмӕ;       Дӕ разы ӕрзоныг уыдзысты адӕмтӕ иууылдӕр. 29 Уымӕн ӕмӕ паддзахад Хуыцауы у,       адӕмтӕн Уый у Бардарӕг. 30 Ныллӕг акувдзысты Уымӕн       ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ;       Йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты сыджытмӕ цӕуджытӕ       ӕмӕ йӕ удӕн мадзал чи нӕ зоны,       уыдон иууылдӕр. 31 Мӕ байзӕддӕгтӕ кусдзысты Уымӕн,       мыггагмӕ хӕсдзысты Хуыцауы адӕмы ном. 32 Ӕмӕ цӕудзысты       ӕмӕ дзурдзысты Йӕ рӕстдзинадыл,       ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕн Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй.

22 Псалом

1 Давиды псалом.       Хуыцау – мӕ фыййау,       ӕз ницӕмӕй уыдзынӕн хъуаг. 2 Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты,       ахоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм. 3 Дӕтты мын ног тыхтӕ;       аразы мӕ рӕстады фӕндагыл       Йӕ номы сӕраппонд. 4 Мӕлӕты тар комы цӕугӕ мын куы фӕуа,       уӕддӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй,       уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ;       Дӕ паддзахы бар ӕмӕ Дӕ фыййауы лӕдзӕг       хъахъхъӕнынц мӕн. 5 Ды мын ахӕм фынг ӕрӕвӕрдтай       ме знӕгты цӕсты раз!       Мӕ сӕр мын байсӕрстай хӕрздӕф зетийӕ,       мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй. 6 Уӕдӕ цалынмӕ удӕгас дӕн,       уӕдмӕ мын Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх       уӕнт ӕмбӕлццӕттӕ,       ӕмӕ мӕ царды ӕппӕт бонтӕ       арвитдзынӕн Дунедарӕджы Хӕдзары.

23 Псалом

1 Давиды псалом.       Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис,       дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе 'ппӕт цӕрджытӕ       Хуыцауы сты. 2 Уымӕн ӕмӕ дуне Уый ӕрӕвӕрдта денджызтыл,       ӕрфидар ӕй кодта цӕугӕдӕттыл. 3 Чи схиздзӕни Хуыцауы хохмӕ,       чи ӕрлӕудзӕн Йӕ сыгъдӕг бынаты? 4 Йӕ къухтӕ ӕназым кӕмӕн сты,       сыгъдӕг кӕй зӕрдӕ у,       мӕнгхуыцауӕн чи нӕ куывта,       сомы чи нӕ сайы, ӕрмӕстдӕр уый. 5 Ахӕм адӕймагыл       Дунедарӕг ӕруадздзӕн Йӕ арфӕ       ӕмӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕй       райсдзӕни хорзӕх. 6 Ахӕм у, Уый чи агуры,       Дӕ цӕсгомы раз балӕууын кӕй фӕнды,       уыдоны мыггаг, Иаковы Хуыцау! || 7 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,       дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,       ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах! 8 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –       Фидар ӕмӕ хъомысджын Дунедарӕг,       тохы басӕттӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. 9 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,       дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,       ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах! 10 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –       Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау;       Уый у цытджын Паддзах. ||

24 Псалом

1 Давиды псалом.       Дӕумӕ бӕллы мӕ зӕрдӕ, Хуыцау. 2 Дӕуӕй ныфсджын дӕн, мӕ Хуыцау.       Ды мӕ не 'руадздзынӕ ӕгадмӕ,       цӕмӕй мыл ме знӕгтӕ ферайой. 3 Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,       уыдон дӕр нӕ фегад уыдзысты.       Кӕй фыдвӕндтӕй ницы рауайдзӕни,       ӕгад уыдон фӕуыдзысты. 4 Бацамон мын, Хуыцау, Дӕ фӕндӕгтӕ       ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ надвӕттыл цӕуын. 5 Сараз мӕ Дӕ ӕцӕгадыл, сахуыр мӕ кӕн,       уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау дӕ;       Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ иудадзыг. 6 Ӕрымыс, Хуыцау, рагзамантӕй кӕй ӕвдисыс,       Дӕ уыцы хорзӕх ӕмӕ уарзт. 7 Ме 'взонджыбонты тӕригъӕдтӕ       ӕмӕ фыдмитӕ мын ма ӕрымыс;       Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ       ӕрымыс мӕн, Дунедарӕг. 8 Хуыцау хӕрзгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхӕрам у;       уымӕн аразы тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл. 9 Фӕлмас адӕймӕгты аразы рӕстдзинадыл,       сабыртӕн амоны Йӕ фӕндаг. 10 Хуыцауы ӕппӕт фӕндӕгтӕ       сты хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад,       Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры       ӕмӕ йын Йӕ амындмӕ чи хъусы, уыдонӕн. 11 Мӕ тӕригъӕд уӕззау у, ӕмӕ мын ӕй ныххатыр кӕн       Дӕ номы сӕраппонд, Дунедарӕг! 12 Хуыцауӕй чи тӕрсы, чи у уыцы адӕймаг?       Хуыцау ын бацамондзӕни,       цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый. 13 Йӕ уд ссардзӕн фарн,       зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты. 14 Хуыцауӕй чи тӕрсы,       уыдонӕй не 'мбӕхсы Йӕ сусӕгад,       ӕргом сын кӕны Йӕ фӕдзӕхст. 15 Мӕ цӕстытӕ иудадзыг Дунедарӕгмӕ кӕсынц;       мӕ къӕхтӕ мын хызӕй Уый суӕгъд кӕны. 16 Раздӕх мӕм Де 'ргом ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,       уымӕн ӕмӕ ӕз иунӕг ӕмӕ ӕфхӕрд дӕн. 17 Мӕ зӕрдӕйы мастыл       ноджыдӕр бафтыди;       фервӕзын мӕ кӕн мӕ бӕллӕхтӕй. 18 Ӕркӕс мӕ тыхстмӕ, мӕ хъизӕмармӕ       ӕмӕ мын ныббар ме 'ппӕт тӕригъӕдтӕ. 19 Акӕс-ма ме знӕгтӕм – куыд бирӕ сты,       куыд ӕбуалгъы ӕнӕуынон сын дӕн! 20 Бахиз мын мӕ уд, баиргъӕв мӕ,       ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн,       уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. 21 Ӕнӕфау цард ӕмӕ мӕ рӕстад       уӕнт мӕ хъахъхъӕнджытӕ,       уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ныфс дӕ. 22 Хуыцау, фервӕзын кӕн Израилы       йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.

25 Псалом

1 Давиды псалом.       Дӕхӕдӕг мын рахӕсс тӕрхон, Дунедарӕг,       уымӕн ӕмӕ рӕстӕй цардтӕн.       Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ,       нӕ фӕдызӕрдыг уыдзынӕн. 2 Сбӕрӕг мӕ кӕн, Хуыцау, бафӕлвар мӕ;       раиртас мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ. 3 Дӕ хорзӕх ӕдзухдӕр мемӕ ис,       ӕмӕ цӕрын Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ. 4 Фӕлывд адӕймӕгты ныхасы никуы бадтӕн,       цӕстмӕхъусимӕ мын иумӕйагӕй ницы уыдзӕни. 5 Фыдлӕгты дзыгуырӕй ме сӕфт уынын,       фыдгӕнджытимӕ не 'рбаддзынӕн. 6 Мӕ къухтӕ ӕрӕхсын ӕназымӕй, Дунедарӕг,       афтӕмӕй ӕрзилын Дӕ нывондхӕссӕны алыварс – 7 Дӕу хъӕлӕсыдзагӕй стаугӕйӕ       ӕмӕ Де 'ппӕт диссӕгтыл дзургӕйӕ. 8 Дунедарӕг, ӕз бауарзтон Дӕ Хӕдзар –       Дӕ кады цӕрӕн бынат. 9 Мӕ уд мын тӕригъӕдджынтимӕ ма фесаф,       мӕ цард – тугцъиртимӕ. 10 Сӕ къухтӕ фыдракӕндтӕй хъӕстӕ сты,       сӕ рахиз къухтӕ – гӕртӕмттӕй дзаг. 11 Ӕз та цӕрдзынӕн ӕназымӕй;       равдис мӕм Дӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн. 12 Мӕ къӕхтӕ фидар лӕууынц раст фӕндагыл;       ӕмбырдты ӕз стаудзынӕн Дунедарӕджы.