РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 1 из 25

РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

БИБЛИ

Рагон Фӕдзӕхст Моисейы фыццаг чиныг

РАЙДИАН

Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнад Бетъырбух 2011

15БЫ 978-5-85524-326-0

© Перевод, глоссарий, карты, таблицы и оформление, Российское Библейское Общество, 2011

Неизвестный автор

ABBYY FineReader 11, FictionBook Editor Release 2.6

129683457723930000

ABBYY FineReader 11

{B83BBA4C-3BF8-49D4-9C1C-5CFF8FD4A33C}

1

Зынаргъ чиныгкӕсӕг!

Библи у дунейы аивадон ӕмӕ дины культурӕйы ӕппӕты зынгӕ-дӕр хӕзнатӕй иу, арӕзт у 77 чиныгӕй. Хонынц ма йӕ Чингуыты чиныг дӕр.

Ирон литературӕйы минӕвӕрттӕ цалдӕрӕй къорд азы дӕргъы Бетъырбухы биноныг ахуыр кодтой Библийы тӕлмацы бындурон фарстытӕ ӕмӕ рагдзуттаг ӕвзаг. Фӕстӕдӕр Библийы чингуытӕ райдыдтой комкоммӕ уыцы ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын. Арфӕйаг хъуыддаг сырӕзти Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ Библийы иугонд ӕхсӕнӕдты ӕххуысӕй.

Дӕ разы ис Библийы фыццаг чиныг — «Райдиан» — ирон ӕвзагыл.

Нӕ зӕрдӕ дарӕм, разӕнгардӕй йыл кӕй сӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ нӕм кӕй ныффысдзынӕ дӕ хъуыдытӕ ӕргомӕй.

Чиныг цӕмӕй ӕнцондӕр кӕсӕн уа, уый тыххӕй дих у дӕлсӕр-гӕндтыл. Кӕронӕй дзы ссардзынӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг: Рагон Хӕстӕг Скӕсӕн ӕмӕ Рагон Палестинӕйы географион нывӕцтӕ, мыггагвӕндӕгты ӕрфыст ӕмӕ Библийы вазыгджын терминтӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат.

Ис дзы Фӕсныхас дӕр — уый фӕрцы арфдӕр райхалдзынӕ Райдианы чиныджы сӕйраг темӕтӕ ӕмӕ йӕ хӕйтты мидис.

Курӕм, ӕмӕ нӕм дӕ фиппаинӕгтӕ фысс ацы адрисыл:

191014, Санкт-Петербург, а/я 127, СПб отделение РБО.

Мамиаты Изетӕ, чиныджы бӕрнон редактор

Моисейы фыццаг чиныг

Райдиан

Сӕргӕндтӕ

Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан (1:1-11:9)

Авраам — Израилы рагфыдӕл (11:10-25:18)

Исаак ӕмӕ Иаков. Сӕ царды хабӕрттӕ (25:19-36:43) Иосиф — Иаковы фырт (37:1-50:26)

Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан (1:1-11:9)

Дунейы сфӕлдыст

I1-2 Райдианы, зӕхх куы нӕма уыди ӕмӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх фӕлдисынмӕ куы ӕрӕвнӕлдта, уӕд ӕгӕрон тыгъдады сӕрмӕ цӕндӕй лӕууыди саудалынг. Хуыцауы Уд уӕлдон Йӕхи айтыгъта. 3 Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый ӕмӕ йӕ фӕхицӕн кодта тарӕй. 5 Хуыцау рухс схуыдта «бон», тар та — «ӕхсӕв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: иу бон.

6 Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕйӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 7Хуыцау сарӕзта ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕгӕн йӕ бынмӕ цы дон уыди, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй. 8 Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: дыккаг бон.

1:2 Рагдзуттаг дзырдбаст ма ноджы нысан кӕны: Хуыцауы хъомысджын комытӕф.

9Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон и, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ. 10 Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

11 Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыр-гъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ. 12 Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕ-мӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕцыйӕн — йӕхи хуыз; ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 13 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: ӕртыккаг бон.

14 Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ, бон ӕхсӕ-вӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн. 15 Арвыл фӕзынӕд ӕндӕр рухсгӕнӕнтӕ дӕр ӕмӕ рухс кӕнӕнт зӕхмӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 16 Хуыцау сарӕзта дыууӕ егъау рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн — бонӕн уаг ӕвӕры-нӕн, къаддӕр рухсгӕнӕн та — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн, ӕмӕ стъалытӕ. 17Хуыцау сӕ сӕвӕрдта арвыл, зӕхмӕ рухс кӕны-нӕн, 18 бон ӕмӕ ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн ӕмӕ бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 19 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: цыппӕрӕм бон.

20 Хуыцау загъта: «Донӕй сӕнтысӕнт царды алы хуызтӕ. Зӕххӕй арвы астӕу атӕхӕнт мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 21Хуыцау сфӕлдыста денджызон ӕвирхъау стыр цӕ-рӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, царды уыцы ӕндӕр хуызтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыг гагмӕ гӕсгӕ, стӕй алымыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 22 Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл». 23 Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: фӕндзӕм бон.

24 Хуыцау загъта: «Зӕхх сӕнтысын кӕ нӕд фосы, хъӕддаг цӕ-рӕгойты, хилӕгойты алы мыггаг». Ӕмӕ сси афтӕ. 25 Хуыцау сфӕлдыста хъӕддаг цӕрӕгойты, фос ӕмӕ алы хилӕгойты, алкӕцыйы дӕр — йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.

26 Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна ден-джызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, зӕххыл алы фос, алы сырд ӕмӕ алы хилӕгойыл». 27Ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста Йӕхи ӕнгӕс, сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгой-маджы. 28 Хуыцау сын раарфӕ кодта. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бӕрны. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтыл». 29 Хуыцау загъта: «Ӕз уын хӕрынӕн дӕттын, зӕххы цъарыл мыггаг чи дӕтты, ӕппӕт уыцы зайӕгхал ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ӕппӕт уыцы дыргътӕ. 30 Зӕхх ӕмӕ арвыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, цыдӕриддӕр цӕры ӕмӕ улӕфы, уыдонӕн дӕттын хӕрынӕн, зӕххыл цы зайы, уый». Ӕмӕ сси афтӕ.

31 Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — ал-цыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: ӕхсӕзӕм бон.

2^Афтӕ сӕнтысти дуне. 2 Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау арӕзт фӕ-ци Йе ’ппӕт хъуыддаг ӕмӕ уыцы бон ӕрӕнцади Йӕ алы куыстӕй. 3 Хуыцау ӕвдӕм бон рахуыдта арфӕйаг ӕмӕ загъта: «Уӕд табуйаг!» Уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕцӕгӕйдӕр Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.

4 Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ.

Адӕймаг Едемы дыргъдоны

Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста, 5 уӕд зӕх-хыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ӕртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыди, 6 фӕлӕ зӕххӕй уӕлӕмӕ хъардта дон ӕмӕ йын ӕфсӕста йе ’ппӕт уӕлцъар. 7Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы буар, йӕ фындзы йын царды комулӕфт бауагъта, ӕмӕ сси удгоймаг.

8 Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Еде мы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.

9 Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд цыбӕйлаг кӕмӕн у, йӕ дыргъ — хӕрзад, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдо-нӕн йӕ астӕу та — царды бӕлас, стӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый базоныны бӕлас.

10 Едемы уыди цӕугӕдон ӕмӕ йӕ дойны саста дыргъдонӕн. Кӕлгӕ-кӕлын фӕкъабӕзтӕ ис, ӕмӕ дзы рауади цыппар цӕугӕдоны. 11 Сӕ иу — Пишон, кӕлы сызгъӕринарӕх Хавилайы зӕххыл, кӕрӕй-кӕронмӕ. 12 Уыцы зӕххӕн йӕ сызгъӕрины хъӕд хорз у, ноджы ма дзы ис хӕрздӕф чъиу бдолах ӕмӕ зы-наргъ дур шохам. 13 Иннӕ — Гихон, кӕлы Кушы ӕппӕт зӕххыл.

14 Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы сахар Ашшуры скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат.

15 Дунедарӕг Хуыцау Адамы ӕрцӕрын кодта Едемы дыргъдо-ны, цӕмӕй дзы змӕла, зила йӕм. 16 Ноджы ма йын бафӕ-дзӕхста: «Дыргъдоны бӕлӕстӕй кӕцыфӕндыйы дыргътӕй дӕр хӕр, 17 ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд амӕлдзы-нӕ».

18 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу зыбыты иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕ аккаг ӕххуысгӕнӕг».

19 Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕ-ни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый. 20Адам радта нӕмттӕ алы фо-сӕн, алы уӕларвон маргъӕн ӕмӕ алы зӕххон сырдӕн. Ӕцӕг, Адамӕн уыдоны ӕхсӕн нӕ разынди йӕ аккаг ӕххуысгӕнӕг.

21 Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамыл бафтыдта тарф фы-нӕй. Куы бафынӕй ис, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ фӕрсчы бынат сӕхгӕдта буарӕй. 22 Адамӕй цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста сылгоймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакодта Адаммӕ. 23 Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе! Мӕ туг, ме стӕгӕй конд у ай, ӕцӕг у мӕ ус».

24 Йӕхицӕй ист кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕлгоймаг ныууадзы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу вӕййы йӕ усимӕ, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм нал фӕхицӕн вӕййынц.

Фыццаг тӕригъӕд

25 Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг дыууӕйӕ дӕр уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ не ’фсӕрмы кодтой.

З^Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕ-рӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ калм сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны дыргътӕй макӕцыйӕ фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ»?

Претензии к содержанию