РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 2 из 25

2 Сылгоймаг дзуапп радта: «Дыргъдоны дыргътӕй нын хӕрыны бар ис. 3 Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст уымӕй нын загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма саходут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ». 4 Калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. 5 Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр дзы фӕ-хъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, суыдзыстут Хуыцауы ӕмсӕр ӕмӕ зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр».

6 Сылгоймаг бацыбӕл и бӕласы дыргътӕм: рӕсугъд, хӕрзад сты, зондыл ӕфтауынц. Ӕр тыдта дзы ӕмӕ бахордта, радта йӕ мойӕн дӕр, ӕмӕ уый дӕр бахордта. 7Уыйадыл сӕ дыу-уӕйӕн дӕр байгом сты сӕ цӕстытӕ ӕмӕ федтой, бӕгънӕг кӕй сты, уый. Уӕд легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн бахуыд-той синӕмбӕрзӕнтӕ. 8 Уалынмӕ хъусынц, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау сатӕг дымгӕйы дыргъдоныл рацӕуы. Адам ӕмӕ йӕ ус дыргъдоны бӕлӕсты ’хсӕн амбӕхстысты. 9 Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау фӕсидт Адаммӕ: «Кӕм дӕ?» 10 Уый Йын дзуапп радта: «Дыргъдоны Дӕ уынӕр куы айхъуыстон, уӕд, бӕгънӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн». 11 Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕла-сӕй загътон, уымӕй ма саходай?» 12 Адамы дзуапп уыди: «Ды мын цы усы радтай, уый мын бахӕрын кодта уыцы бӕласы дыргътӕй». 13 Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».

14 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау калмӕн загъта:

«Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст дӕ ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн,

цыдӕриддӕр зӕххыл змӕлӕг ис, уыдоны ’хсӕн.

Дӕ гуыбыны цъарыл бырдзынӕ, цард-цӕрӕнбонты рыг хӕрдзынӕ.

15 Мыггагмӕ уӕ знаг кӕнын кӕрӕдзимӕ: дӕу ӕмӕ сылгойма-джы, дӕ зӕйц ӕмӕ йӕ зӕнӕджы. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕни, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ».

16 Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта:

«Де ’нхъӕлцауы заман-иу сбирӕ кӕндзынӕн, сбирӕ кӕндзынӕн дӕ хъизӕмӕрттӕ.

Ардзынӕ сывӕллӕттӕ, сау тухӕн ӕвзаргӕйӕ.

Дӕ моймӕ бӕлдзынӕ, монцты уацары тыхсдзынӕ, уыдзӕни дын хицау дӕ мой».

17Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй.

Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.

18 Хӕмпӕлгӕрдӕг, сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.

19 Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ

ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».

20 Адам йӕ усы схуыдта Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад. 21 Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕр мын да рӕстӕ.

22 Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах ӕмсӕр, зоны хорз ӕмӕ ӕвзӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ царды бӕласмӕ дӕр фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын бахӕра ӕмӕ мыггагмӕ цӕра».

23 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ. 24 Ратардта адӕйма-джы ӕмӕ Еде мы дыргъдоны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сӕвӕрдта

3:20 Евӕ у, дзуттагау «цард» чи амоны, уыцы дзырды ӕнгӕс. Адам амоны «адӕймаг», «нӕлгоймаг» «адӕймӕгтӕ», «адӕм».

херувимты, стӕй, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард, царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.

Адам ӕмӕ Евӕйы фырттӕ

4^Адам ӕмуат ӕрцыди йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта Каины, ӕмӕ загъта: «Нӕлгоймаг мӕ фӕци Дунедарӕджы фӕрцы». 2 Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст. 3 Иу ахӕмы Каин йӕ зӕххы бӕркадӕй Ду-недарӕгӕн бахаста кувинӕгтӕ, 4 Авел дӕр Ын ӕрхаста нывонд йӕ дзуджы фыццагзад уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд, 5 Каинмӕ та не ’ркасти, йӕ кувинӕг-тӕ йын нӕ айста. Йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ цӕсгом фыр мӕстӕй ныссау и. 6 Дунедарӕг Каины бафарста: «Цӕй тыххӕй рафыхти дӕ маст? Дӕ сӕр цӕмӕн фӕгуыбыр кодтай? 7Кӕд раст дӕ, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд раст нӕ дӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл гӕппӕввонгӕй лӕууы, фӕлӕ ды дӕ монцты рохыл фидар хӕц».

8 Каин басидт йе ’фсымӕр Авелмӕ: «Цом быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры Каин йӕ къух систа йе ’фсымӕр Авелмӕ, ӕмӕ йӕ амардта. 9 Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм и де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мый-йаг, дӕн?» 10 Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны. 11 Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй хъодыгонд дӕ ныр. 12Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъо-на, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард». 13 Каин Дунедарӕгӕн загъта: «Мӕ азым афтӕ стыр у, ӕмӕ йын ныффӕразӕн нӕй.

14 Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзы-нӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ». 15 Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг Каиныл нысан ныууагъта, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара. 16 Каин ра-цыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнырдыгӕй Ноды зӕххыл цӕугӕ цард кодта.

17Каин ӕрӕ муат и йӕ усимӕ, уый банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта Ханохы. Каин сарӕзта сахар ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ фырты номӕй — Ханох. 18 Ханохӕн райгуырд Ирад, Ирадӕн райгуырди Мехиаел, Мехиаелӕн райгуырди Метушаел, Ме-тушаелӕн райгуырди Ламех. 19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы: иуӕн йӕ ном — Ада, иннӕмӕн та — Цилла. 20 Ада ныййард-та Йавалы. Уый сси цатырты цӕрӕг фосдарджыты фыдӕл. 21 Йе ’фсымӕр — Йувал, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзтӕй чи цагъта, уыдоны фыдӕл. 22 Цилла ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наама.

23 Ламех йӕ устытӕн загъта:

«Ада ӕмӕ Цилла, ӕрбайхъусут ардӕм!

Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм!

Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныц цӕва, уыцы лӕппуйы.

24 Кӕд Каины царды ныхмӕ авд адӕймаджы хъуамӕ амӕла, уӕд Ламехы царды ныхмӕ та — ӕвдай авд».

25 Адам та ӕрӕмуат и йӕ усимӕ, ӕмӕ йын уый ныййардта фырт. Сӕвӕрдта йыл ном Сиф, ома «ралӕвар кодта», уымӕн ӕмӕ, дам, мын Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаг. 26 Сифӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енос, ома «адӕймаг». Енос уы-ди, Дунедарӕджы ном фыццаг чи сдзырдта, уый.

Нойы фыдӕлтӕ

5^Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, 2 сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Раарфӕ сын кодта ӕмӕ сӕ се сфӕлдисӕн бон рахуыдта «адӕймӕгтӕ».

3 Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуыр-ди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Сиф. Сиф уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта. 4 Сифы райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 5 Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.

6 Сифыл сӕдӕ фондз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Енос. 7Еносы райгуырды фӕстӕ ма Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Ӕдӕппӕтӕй та Сиф фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы.

9 Еносыл дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Каинан. 10 Каинаны райгуырды фӕстӕ ма Енос фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11 Ӕдӕппӕтӕй та Енос фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы.

12 Каи наныл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Малелеил. 13 Малелеилы райгуырды фӕстӕ ма Каинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Ӕдӕппӕтӕй та Каинан фӕцарди фарастсӕдӕ дӕс азы.

15 Малелеилыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Йаред. 16 Йареды райгуырды фӕстӕ ма Малелеил фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17Ӕдӕппӕтӕй та Малелеил фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы.

18 Йаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Енох. 19 Енохы райгуырды фӕстӕ ма Йаред фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

20 Ӕдӕппӕтӕй та Йаред фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы.

21 Енохыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Мафусал. 22 Мафусалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23 Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. 24 Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕ-сӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау ӕй айста Йӕхимӕ.

25 Мафусалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Ламех. 26 Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мафусал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27Ӕдӕппӕтӕй та Мафусал фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы.

Претензии к содержанию