РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 10 из 25

66 Цагъар Исаакӕн кӕрӕй-кӕронмӕ радзырдта йӕ балцы хабӕрттӕ. 67Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.

Авраамы цардизӕр

1 Авраамӕн ма уыд иу ус, йӕ ном — Хъетура. 2Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иохъшаны, Меданы, Мидйаны, Ишбахъы ӕмӕ Шуахы. 3 Иохъшанӕн райгуырдысты Шева ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддаг: ашшурӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леуммӕгтӕ. 4 Мидйаны фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдаа. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Хъетурайӕ рацыдысты.

5 Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн, 6 йӕ иннӕ усты-ты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕмӕ.

7Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8 Йӕ цардӕй ахи-цӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. 9-10 Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ

24:65 Чындзӕхсӕв цалынмӕ ахицӕн уа, уӕдмӕ лӕппуйӕн нӕ уыди йӕ усаджы цӕсгом уыныны бар.

Измаил ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ.

11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роимӕ хӕстӕг.

12 Мӕнӕ, Саррӕйы мысираг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ный-йардта, уыцы Измаилы байзӕддаг. 13 Измаилы фырттӕ — измаи-лонты мыггӕгтӕн сӕ фыдӕлтӕ, хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам, 14 Мишма, Дума, Масса,

15 Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма. 16 Адон сты Измаилы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.

17Измаил фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис. 18 Йӕ бай-зӕддаг цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ашшурмӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ӕхсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.

Исаак ӕмӕ Иаков. Сӕ царды хабӕрттӕ (25:19-36:43)

Исав ӕмӕ Иаков

19 Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы цар-ды хабӕрттӕ.

Авраамӕн райгуырд Исаак. 20 Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд. 21Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Дунедарӕгӕн. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау и. 22 Фӕлӕ фырт-тӕ йӕ гуыбыны кӕрӕдзийы схойын райдыдтой, ӕмӕ загъта: «Сомбоны дӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕуой, уӕд мӕ цард цы у?» Ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ ацыди. 23 Дунедарӕг ын дзуапп радта:

«Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ хуылфӕй, дӕ хуылфы гъеныр райдыдта сӕ быцӕу.

Сӕ иу ысуыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, кӕндзӕни хистӕр кӕстӕрӕн лӕггад».

24 Ревеккӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон, ӕмӕ ныййардта дыууӕ фаззоны. 25 Фыццаг чи райгуырд, уый уыди сырхбуар, къахӕй сӕрмӕ — сырды цармау хъуынджын. Ном ыл сӕвӕрдтой Исав.

26 Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Иаков. Уыдон куы райгуырдысты, уӕд Иса-акыл цыдис ӕртиссӕдз азы.

27Лӕппутӕ байрӕзтысты. Исав сси дӕсны цуанон, хӕтӕнты хӕтӕг. Иаков та уыд ӕвӕлмас лӕг, баззад-иу цатырты цур.

28 Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарз-та Исавы. Ревеккӕ та уарзта Иаковы.

29 Иу хатт Иаков хъӕрмхуыпп куыд фыхта, афтӕ Исав та фӕлладӕй ӕрбацыди быдырӕй 30 ӕмӕ Иаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом». 31 Фӕлӕ йын Иаков дзуапп радта: «Раздӕр уал мын дӕ хистӕрад рауӕй кӕн». 32 Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ чердӕм хъӕуы уыцы хистӕрад?» 33 Иаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Иаковӕн рауӕй кодта йӕ хистӕрад. 34 Иаков Исавӕн радта дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахорд-та ӕмӕ банызта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад мурмӕ дӕр не ’рдардта.

Исаакы ус Ревеккӕ ӕмӕ Авимелех

^Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст и Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ. 2 Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн. 3 Ацӕр дзы.

25:26 Иаков ам нысан кӕны «зӕвӕтыл хӕцын». Фӕлӕ 27:36 ацы дзырд ӕмбарын кӕны куыд «фӕлитой». Ӕцӕгдзинадӕй та, ӕвӕццӕгӕн, фыц-цаг амыдта «Хуыцау бахъахъхъӕнӕд!»

Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый. 4 Дӕ байзӕддаг дын сбирӕ кӕндзынӕн арвы стъалытау ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, 5 Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуан-тӕ — Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй». 6 Афтӕмӕй Исаак баззади Герары.

7 Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ. 8 Фӕлӕ уым дзӕвгар рӕстӕг куы ацарди, уӕд ӕй иу ахӕмы филистимаг паддзах Авимелех, рудзынгӕй кӕсгӕйӕ, федта Ревеккӕимӕ хъазгӕ.

9 Исаакмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исаак ын дзуапп радта: «Уый тыххӕй мӕ куы амарой, уымӕй тарстӕн». 10 Авимелех ын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Чысыл ма, ӕмӕ мӕ адӕ-мӕй исчи дӕ усимӕ фӕрӕдыдаид, ӕмӕ дӕу аххосӕй азымаг фӕуыдаиккам». 11 Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕл-гӕ нӕй».

12 Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг. 13 Исаакы исбон кодта фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ сси тынг бон-джын лӕг. 14 Уыйас бирӕ систы йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йе стурвос, стӕй йӕ цагъартӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ райдыдтой хӕлӕг кӕнын. 15 Уӕдмӕ филистимӕгтӕ фехӕлдтой ӕмӕ сыджытӕй байдзаг кодтой, Исаакы фыд Авраамы цагъартӕ йӕ рӕстӕ-джы кӕй скъахтой, ӕппӕт уыцы цъайтӕ. 16 Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».

17Исаак уырдыгӕй ацыди, Герары тӕрфы ӕрӕвӕрдта йӕ аса-дӕн ӕмӕ уым баззади. 18 Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд

Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕг-тӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.

19 Иу хатт Исаакы цагъартӕ, Герары тӕрфы къахгӕйӕ, ссардтой иу суадон. 20 Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы суадон схуыдта Есехъ, ома «загъд». 21 Уӕд скъахтой ӕндӕр цъай, фӕлӕ уый дӕр расайдта быцӕу, уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна, ома «фыдӕх». 22 Исаак ацыди дарддӕр ӕмӕ ма скъахта иу цъай, ӕмӕ уый тыххӕй быцӕу ничиуал кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Реховот, ома «парахат бынат». Загъта: «Ныр нын Дунедарӕг радта парахат бынат, ӕмӕ сбирӕ уыдзыстӕм зӕххыл».

23 Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ. 24 Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕнмӕ кувӕг Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг». 25 Исаак уым сарӕзта нывонд-хӕссӕн ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы ном. Уыцы ран айтыгъта йӕ цатыр, ӕмӕ йӕ цагъартӕ райдыдтой цъай къахын.

26 Иу ахӕмы Исаакмӕ Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йӕ уынаф-фӕйы лӕг Ахуззат ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихолимӕ. 27Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?» 28 Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй. 29 Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куы нӕ бахъыгдардтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».

30 Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас код-той. 31 Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.

32 Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъах-джытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой.

33 Исаак уыцы цъай схуыдта Шива, ома «ардбахӕрд». Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.

Иаков — Хуыцауы ӕвзӕрст

34 Исавыл дыууиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басе-маты. 35 Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Исаак ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты масты хос.

#">^7 1 Исаак базӕронд ис ӕмӕ йӕ цӕстырухс бамынӕг и.

Иу ахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ: «Мӕ фырт!» Уый йын дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 2 Исаак ын загъта: «Базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый. 3 Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын быдырӕй исты ӕрбахӕсс. 4 Цы хӕрзад хӕринаг уарзын, уый мын сцӕттӕ кӕн, ӕз дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕд мӕ дын арфӕ ракӕнон».

Претензии к содержанию