Страница 9 из 25
17-18 Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы исбон, ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕ-стӕ. Уымӕн ӕвдисӕн систы, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд и, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр. 19 Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы мард бавӕрдта, Ханааны зӕххыл Мамре-Хевроны ӕмарӕн цы быдыр уыди, Махпела, зӕгъгӕ, уым, лӕгӕты. 20 Хеттӕгтӕй Аврааммӕ ӕрхаудысты быдыр дӕр ӕмӕ, цы лӕгӕт дзы уыди, уый дӕр — уӕлмӕрдӕн.
Исаак куры Ревеккӕйы
€\ Л 1 Авраам базӕронд и. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр. 2 Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йе ’ппӕт исбон кӕй бӕрны уыдысты, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ са гӕхтӕм бавнал 3 ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй не ’рхӕсдзынӕ ус, 4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн». 5 Цагъар ӕй бафарста: «Мыййаг, уыцы чызг мемӕ а зӕхмӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд-иу дын дӕ фырты, цы бӕстӕйӕ рацыдтӕ, уырдӕм акӕнон?» 6 Авраам ын загъта: «Абабау! Мӕ фырты мын уыр-дӕм ма акӕн! 7Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ мӕн Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх рат-тыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕни Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай. 8 Чызг демӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд та сӕрибар уыдзынӕ ацы ард бахӕрдӕй. Ӕрмӕст-иу мын мӕ фырты уырдӕм ма акӕн». 9 Цагъар бавнӕлдта йе ’лдар Ав-раамы агъдрӕбынмӕ ӕмӕ йын ард бахордта.
10 Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ. 11 Уырдӕм куы бахӕццӕ и, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ дон исынмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон. 12 Авраамы цагъар скуывта:
24:2-3 Уыцы бавнӕлд баст уыдис иууыл карздӕр ардбахӕрдимӕ.
«О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй! 13 Мӕнӕ лӕууын суадоны цур, ӕмӕ ныртӕккӕ сахары чызджытӕ рацӕудзысты дон исынмӕ. 14 Дӕ дурын ӕр-къул кӕн ӕмӕ дон баназон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзы-нӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕумӕ кувӕг Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕ. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».
15 Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг. 16 Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд, нырма ӕнӕрцӕф. Ӕрхызти суадонмӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыди,
17 уӕд ӕм Авраамы цагъар рӕвдз бауад ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ дурыны донӕй ма мын иу хуыпп авӕр». 18 Уый загъта: «Табуафси», — ӕмӕ уыйадыл дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта. 19 Авраамы цагъар куы банызта, уӕд ын чызг афтӕ: «Ныртӕккӕ дын дӕ теуатӕн дӕр сисдзынӕн, уадз ӕмӕ сӕ фаг баназой». 20 Уайтагъд йӕ дурыны дон тӕгӕнайы ауагъта, цъаймӕ та бауади ӕмӕ йын йӕ теуатӕн дӕр дон систа.
21 Авраамы цагъар ӕм кастис ӕнӕдзургӕйӕ. Фӕндыд ӕй базонын, Дунедарӕг ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ. 22 Теуатӕ дон куы банызтой, уӕд уыцы лӕг чызгӕн радта зынаргъ сызгъӕрин фындзцӕг ӕмӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕнг-дарӕны 23 ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Махӕн уӕм ӕхсӕвиуатӕн бынат разындзӕн ӕви нӕ?» 24 Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн». 25 Ноджы ма йын загъта: «Хъӕмп ӕмӕ нӕм хос бирӕ ис, уӕ теуаты раз ӕрӕвӕрынӕн. Ис нӕм бынат ӕхсӕвиуатӕн дӕр». 26 Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз адӕлгом и 27 ӕмӕ загъта: «Табу Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».
28 Чызг рӕвдз ауади йӕ мадмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ ра-фӕзмыдта. 29-30 Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цӕнгдарӕнтӕ куы фед-та, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, суадоны цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди суадоны цур. 31 Лаван ӕм бахатыди: «Сак-каг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон».
32 Уазӕг сӕм мидӕмӕ бацыди. Теуаты суӕгъд кодтой ӕмӕ сын радтой хъӕмп ӕмӕ холлаг, уазӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та — дон, сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн.
33 Авраамы цагъарӕн ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ сын уый аф-тӕ: «Нӕ саходдзынӕн, цалынмӕ уын мӕ цыды сӕр раргом кӕнон, уӕдмӕ». Загътой йын: «Дзур». 34 Уый райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн. 35 Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ. 36 Ме ’лдарӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдар йӕ фыртӕн радта йе ’ппӕт исбон дӕр. 37 Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыр-тӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн, 38 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕн йӕ фыды уӕзӕгмӕ, йӕ мыггагмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕн ус Исаакӕн. 39Ӕз ме ’лдары бафарстон: „Мыййаг, уыцы чызг мемӕ куы нӕ ракома, уӕд та?” 40 Уый мын загъта: „Йӕ ком-мӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус. 41 Мӕ фыды хӕдзармӕ мын куы ацӕуай, мӕ мыггагмӕ, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй, суанг сӕ чызджы куы нӕ раттой, уӕддӕр”. 42 Абон суадонмӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис! 43 Мӕнӕ суадоны раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.
44 Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕ-дӕг дӕр баназ, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый”. 45 Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Суадонмӕ ӕрхызт ӕмӕ систа дон. Ӕз ӕм бахатыдтӕн, дон ма мын авӕр, зӕгъгӕ. 46 Уыйадыл йӕ дурын ӕриста ӕмӕ загъта: „Баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн”. Ӕз куы банызтон, уӕд теуатӕн дӕр дон радта. 47Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?” Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цӕнгдарӕнтӕ. 48 Дунедарӕджы раз адӕлгом дӕн ӕмӕ раарфӕ кодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕрӕствӕндаг кодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн. 49 Гъемӕ кӕд ме ’лдармӕ хионы цӕстӕй кӕсут ӕмӕ ацы хъуыддагыл ра зы стут, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕд дӕр мын ӕй зӕ-гъут, ӕмӕ уӕд зондзынӕн, цы гӕнгӕ мын у, уый».
50 Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дуне-дарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын «о» кӕ нӕ «нӕ» зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы. 51Мӕнӕ дын Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунеда-рӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус». 52 Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз адӕлгом и зӕххыл. 53 Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ. 54 Йе ’мбӕлццӕттимӕ дзаг фынгтыл фӕбадтысты, стӕй сӕ алчи йӕ хуыссӕн ӕрцагуырдта.
Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Авраамы цагъар бахаты-ди: «Ныр мӕ ауадзут ме ’лдармӕ». 55 Чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ мад куырдтой: «Немӕ ма иу дӕс боны уӕддӕр ацӕрӕд, стӕй ацӕудзӕни». 56 Фӕлӕ сын Авраамы цагъар афтӕ: «Дунедарӕг мын мӕ хъуыддаг кӕм фӕрӕстмӕ кодта, уым мӕ мауал фӕ-стиат кӕнут. Ауадзут мӕ, ӕмӕ ме ’лдармӕ аздӕхон». 57Уыдон загътой: «Уӕдӕ чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм». 58 Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы лӕ-гимӕ?» Уый дзуапп радта: «Цӕуын». 59 Уӕд сӕ хо Ревеккӕйы ӕд дыджызӕ ауагътой Авраамы цагъар ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттимӕ 60 ӕмӕ йын раарфӕ кодтой:
«Ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ рантысӕд дӕуӕн, нӕ хо!
Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон бауӕнт!»
61 Ревеккӕ ӕмӕ йӕ унӕуттӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ араст сты уыцы лӕджы фӕдыл. Афтӕмӕй Авраамы цагъар ракодта Ревеккӕйы ӕмӕ ацыди йӕ фӕндагыл.
62 Уыцы заман Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ, Неге-вы зӕххӕй. Уӕд уым царди. 63 Иу изӕр Исаак быдырмӕ йӕхи айста ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылди. Дардыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта: ӕрбацӕуынц теуатӕ. 64 Ревеккӕ дӕр афӕлгӕ-сыд ӕмӕ, Исаакы куы ауыдта, уӕд теуайӕ рӕвдз ӕрхызти. 65 Йӕ цагъары афарста: «Быдыры махырдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста цӕсгомӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрӕмбӕрзта.