РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 15 из 25

30 Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджы-тӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!» 31 Симеон ӕмӕ йын Леви дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»

Иаков — Бет-Елы

<3 С 'Хуыцау Иаковӕн загъта: «Бет-Елмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ уым Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн — сараз нывондхӕссӕн».

2 Иаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕрид-дӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.

3 Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Бет-Елмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн». 4 Иаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цы-дӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Иаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын. 5 Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Иаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.

6 Иаков йӕ адӕмимӕ бахӕццӕ и ханаанаг сахар Лузмӕ, ома Бет-Елмӕ, 7 ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, ома «Бет-Елы Хуыцау», уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран ӕргом рацыди Хуыцау.

8 Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Девора, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Бет-Елы дӕле, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут, ома «хъарӕджы тулдз».

9 Иаков Паддан-Арамӕй куы ’рбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм ногӕй Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йын раар фӕ кодта. 10 Загъта йын: «Дӕ ном Иаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Иаков нӕ, — Из-раил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил. 11 Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъом Хуыцау дӕн. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддаг! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ, паддзӕхтӕ. 12 Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн».

13 Хуыцау Иаковы цурӕй куы ацыди, 14 уӕд Иаков, Хуыцау йе-мӕ кӕм дзырдта, уыцы ран ныссагъта табуйаг дур ӕмӕ йыл рауагъта сӕн ӕмӕ зети. 15 Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынат Иаков схуыдта Бет-Ел.

Вениамины райгуырд ӕмӕ Рахилы мӕлӕт

16 Бет-Елӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефратӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахилӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат. 17Йӕ рыстӕн куы нал фӕрӕзта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс афтӕ: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у».

18 Фӕлӕ Рахил мӕлыны къахыл ныллӕуыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они, ома «масты фырт»; йӕ фыд та йӕ схуыдта Вениамин, ома «амондджын саби».

19 Афтӕ амарди Рахил, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефратӕмӕ, ома Вифлееммӕ, фӕндагыл. 20 Иаков ын йӕ ингӕныл ныссагъта табуйаг дур, ӕмӕ уыцы дур абон дӕр ма лӕууы уым — Рахи-лы ингӕныл.

21Израил уырдыгӕй араст ис ӕмӕ йӕ цатыр айтыгъта Миг-дал-Едеры фале. 22 Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иу ахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст, ӕмӕ йын фӕхъыг ис.

Иаковы фырттӕ

Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Иаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Завулон. 24 Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениа-мин. 25 Рахилы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим.

26 Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир.

Адон — Иаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Ара-мы.

Исаакы мӕлӕт

27 Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исаакмӕ Хъирйат-Арбамӕ, ома Хев-ронмӕ, Мамремӕ, кӕддӕр Авраам кӕм царди, уый фӕстӕ та — Исаак, уырдӕм. 28 Исаак фӕцарди фарастыссӕдз азы.

29 Йӕ цардӕй ахицӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.

Исавы байзӕддаг

0/2 ^Мӕнӕ Исавы, ома Едомы, байзӕддаг.

0\/ 2 Исав ракуырдта ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы, 3 ноджы ма — Измаилы чызг Басематы, Невайоты хойы. 4 Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Регуелы,

5 Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Хъорахы.

Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕх-хыл.

6 Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм ацыд ӕд устытӕ, ӕд цот, йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, йе ’ппӕт фо-сы дзугтимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт исбонимӕ, Ханааны зӕххыл кӕй самал кодта, уыимӕ. 7Афтӕ сбирӕ и сӕ мулк дыууӕ ӕфсымӕ-рӕн, ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн фадат нал уыди. Цы зӕххыл цардысты, уый нал фаг кодта сӕ бирӕ фосы дзугтӕн. 8 Уымӕ гӕсгӕ Исав, ома Едом, ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.

9 Мӕ нӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддаг, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.

10 Исавӕн йӕ фырттӕ: Елифаз ӕмӕ Регуел. Елифаз райгуырд Адайӕ, Регуел та — Басематӕй.

11 Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Хъе-наз. 12 Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалехъы. Адон сты Исавы ус Адайы зӕнӕджы зӕнӕг. 13 Регуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.

14 Исавы фырттӕ, Цивоны фырт Анайы чызг Охоливама йын кӕй ныййардта, уыдон: Йеуш, Йалам ӕмӕ Хъорах.

15 Мӕнӕ Исавы байзӕддаджы мыггӕгтӕ.

Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддаг: Теман, Омар, Цефо, Хъеназ, 16 Хъорах, Гатам, Амалехъ. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уы-дон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг

17Исавы фырт Регуелы байзӕддаг: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгтӕ, Регуелы артӕй чи рацыди, уыдон — Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.

18 Исавы байзӕддаг, Охоливамайӕ йын чи рантысти, уыдон: Йеуш, Йалам, Хъорах. Адон сты, Исавы ус Охоливамайӕ, Анайы чызгӕй, чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.

19 Адон се ’ппӕт дӕр сты Исавы, ома Едомы, байзӕддаг, сӕ мыггӕгтӕ.

20 Хораг Сеиры фырттӕ, уыцы зӕххыл раздӕр чи царди, уыдон: Лотан, Шовал, Цивон, Ана, 21Дишон, Ецер, Дишан.

Адонӕй рацыдысты, Едомы зӕххыл раздӕр чи царди, уыцы хорӕгты мыггӕгтӕ — Сеиры байзӕддаг. 22 Лотаны фырттӕ: Хо-ри ӕмӕ Хемам; Лотаны хо: Тимна. 23 Шовалы фырттӕ: Алван, Манахат, Евал, Шефо, Онам. 24 Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта. 25 Анайы цот: Дишон ӕмӕ Охоли-вама, Анайы чызг. 26 Дишоны фырттӕ: Хемдан, Ешбан, Итран, Керан. 27Ецеры фырттӕ: Билхан, Зааван, Ахъан. 28 Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран.

29 Хорӕгты мыггӕгты хистӕр тӕ: Лотан, Шовал, Цивон, Ана,

30 Дишон, Ецер, Дишан. Адонӕй равзӕрдысты хорӕгты мыг-гӕгтӕ Сеиры зӕххыл.

31Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыди, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ. 32 Едомы паддзахиуӕг кодта Беоры фырт Бела, йӕ сахары ном — Динхава. 33 Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг.

34 Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманаг Хушам.

35 Хушамы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Бедады фырт Хадад, Моавы быдыры мидйанонты уый басаста. Йӕ са-хары ном — Авит. 36 Хадады амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекайаг. 37Самлайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Шаул, Евфраты былгӕрон сахар Реховотӕй. 38 Шаулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах ссис Ахборы фырт Баал-Ханан. 39 Ахборы фырт Баал-Хананы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Хадар, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг.

40 Мӕнӕ, Исавы артӕй цы мыггӕгтӕ рацыди, уыдон, ал-чи дӕр сӕ — ӕд бинонтӕ, ӕд цӕрӕнбынӕттӕ: Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг, 41 Охоливамайы мыггаг, Елайы мыггаг, Пиноны мыггаг, 42 Хъеназы мыггаг, Теманы мыггаг, Мивцары мыггаг, 43 Магдиелы мыггаг, Ира-мы мыггаг.

Адон сты Едомы мыггӕгтӕ — алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи цӕрӕнбынат сӕ исбоны зӕххыл. Едомӕгтӕн сӕ фы-дӕл — Исав.

Иосиф — Иаковы фырт (37:1-50:26)

Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ

О 1-2 Мӕнӕ Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрт-/ тӕ. Иаков ӕрбынат кодта Ханааны зӕххыл — йӕ фыд ӕрцӕуӕггагӕй кӕм царди, уым.

Иосифыл цыдис ӕвддӕс азы. Йе ’фсымӕртимӕ хызта лыстӕг фос — ӕххуыс кодта йӕ фыды устытӕ Билха ӕмӕ Зилпайы лӕппутӕн ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдмӕ ӕвзаг хаста. 3 Иосиф Израи-лӕн йӕ зӕры бонты райгуырд, ӕмӕ йӕ йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта. Уымӕ гӕсгӕ йын балӕвар кодта хӕрзаив пӕ-лӕз. 4 Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Иосиф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.

5 Иу ахӕмы Иосиф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕр-тӕн. 6 Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ!

7 Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой». 8 Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ: «Паддзах нын суай, уымӕ ма бахъав? Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ ныл дӕ бархъомыс ӕрсадзинаг дӕ, и?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы фенӕуынондӕр ис.

9 Иосиф ма федта иу фын ӕмӕ та уый дӕр йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Федтон ма ноджы иу фын: цыма мын ӕркуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы». 10 Иосиф уыцы фын ра-дзырдта йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый дын цавӕр фын у? Ау, ӕз ӕмӕ дӕм дӕ мад, де ’фсымӕртӕ зӕххы онг ӕркувынмӕ ӕцӕг бацӕудзыстӕм?»

Претензии к содержанию