Страница 16 из 25
11 Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Иосифмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
12 Иу заман Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацы-дысты Шехемы быдыртӕм. 13 Израил Иосифӕн загъта: «Зоныс ӕй, де ’фсымӕртӕ Шехемы быдырты фос хизынц, уый, ӕмӕ дӕ, зӕгъын, уыдонмӕ арвитон». Уый дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн». 14 Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр, ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фыр-ты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ.
Иосиф бахӕццӕ и Шехеммӕ, 15 ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕр-ты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?» 16 Иосиф дзуапп радта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Зӕгъ-ма мын, дӕ хорзӕхӕй, сӕ фос кӕ-цы ран хизынц?» 17Уыцы лӕг ын афтӕ: «Ардыгӕй ацыдысты. Сӕ ныхас сын куыд фехъуыстон, афтӕмӕй — Дотанмӕ». Иосиф йе ’фсымӕрты фӕдыл араст ис ӕмӕ сӕ ссардта Дота-ны.
18 Уыдон ӕй суыдтой дардмӕ ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ код-та, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой. 19 Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уартӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг. 20 Цӕй, амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый». 21 Фӕлӕ Рувим уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нӕ бауагъта къух сисын. Загъта сын: «Нӕ йӕ хъӕуы марын». 22 Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсы-мӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.
23 Иосиф куыддӕр йе ’фсымӕртӕм ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ йын йӕ аив пӕлӕз йӕ уӕлӕйӕ феппӕрстой, 24 йӕхи та йын донуаты нысхуыстой. Донуат афтид уыди — бахуыскъ ис.
25 Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ дын кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаилонты чырӕ — сӕ теуатӕ Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕг чъиутӕ: нехот, ӕвдадз ӕмӕ буд. 26 Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни? 27 Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаилонтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр та не ’фсы-мӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл 28 ӕмӕ сӕм сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Иосифы донуатӕй систой ӕмӕ сын ӕй ӕвзисты ссӕдз къӕрттыл ауӕй кодтой. Уыдон ӕй аластой Мысырмӕ.
29 Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ дын Иосиф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс ӕррӕдывта, 30 йе ’фсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын афтӕ: «Лӕппу уым куы нал и, уӕд цы кӕнон? Цы ма фӕуон?» 31Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Иосифы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой. 32 Уый фӕстӕ уыцы пӕлӕз сӕ фыдмӕ ахастой ӕмӕ загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Фен-ма, дӕ фырты пӕлӕз ма уӕд». 33 Иаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд ба-хордта Иосифы! Аргӕвста йӕ!» 34 Иаков ӕррӕдывта йӕ дарӕс, йӕ астӕуыл хъисын ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл. 35 Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрба-лӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдты бӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъа-рӕг кодта йӕ фыд.
36 Ныр мидйанонтӕ та Иосифы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.
Иудӕ ӕмӕ Тамар
<3 О 1 Уыцы заман Иудӕ йе ’фсымӕртӕй байуӕрста, ацыд
ОО ӕмӕ ӕрцард адулламаг Хирайы цур. 2Уым йӕ зӕрдӕ-мӕ фӕцыди ханаанаг Шуайы чызг ӕмӕ йӕ ракуырдта. Йемӕ ӕрӕмуат ис, 3 ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ лӕппу ныййардта. Иудӕ йыл сӕвӕрдта ном Ер. 4 Шуайы чызг та банхъӕлцау и, лӕппу ныййардта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Онан. 5 Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы заман Иудӕ уыди Кезивы.
6 Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ерӕн ӕрхаста ус, йӕ ном — Тамар.
7 Фӕлӕ Ер, Иудӕйы хистӕр фырт, Дунедарӕджы цӕсты фыдлӕг уыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ цард аскъуыдта. 8 Уӕд Иудӕ Она-нӕн загъта: «Баив де ’фсымӕры — йӕ идӕдзимӕ йын бацӕр ӕмӕ цот скӕн де ’фсымӕрӕн». 9 Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсы-мӕрӕн цот ма скӕна. 10 Онан цы арӕзта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста. 11 Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалын-мӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕх-тис.
12 Уӕдӕй рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Амард Иудӕйы ус, Шуайы чызг. Иудӕйӕн йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд йӕ адулла-маг хӕлар Хираимӕ йӕ фысӕлвынджытӕм ссыди Тимнамӕ.
3 Тамармӕ фӕхабар чындӕуыди, дӕ хицау Тимнамӕ йӕ фос ӕлвынынмӕ ссӕуы, зӕгъгӕ, 14 ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Гимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Гамары нӕ ракуырдтой.
15 Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй рог сыл фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди. 16 Фӕндаджы былмӕ йӕм баздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Цӕй ӕмӕ демӕ ӕмуат ӕрцӕуон». Йӕ чындз у, уый нӕ базыдта. Гамар ӕй бафарста: «Цы мын ратдзынӕ, мемӕ куы ӕрӕмуат уай, уӕд?» 17Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк ӕрбарвитдзынӕн». Гамар ын афтӕ: «Цъынды мын исты ныууадз, цалынмӕ йӕ ӕрбарвитай, уӕд-мӕ». 18 Иудӕ йӕ бафарста: «Цы дын ныууадзон?» Загъта йын: «Дӕ мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ дӕ къухы уыцы лӕдзӕг». Радта йын сӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Гамар банхъӕлцау ис. 19 Иудӕйӕ куы фӕхицӕн и, уӕд йе ’мбӕрзӕн систа ӕмӕ га скодта йӕ идӕдзы дарӕс.
20 Уыцы сылгоймагӕй цъынды фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй йын Иудӕ йӕ адулламаг хӕларимӕ арвыста сӕныкк, фӕлӕ йӕ уый не ссардта. 21 Уырдыгон адӕмы дӕр бафарста, ам, фӕндаггӕрон, цы хӕтаг сыл бадти, уый цы фӕци, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын енаимӕгтӕ дзуапп радтой, ам, дам, хӕтаг сыл нӕ уыди. !2 Уӕд Иудӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ йӕ ссардтон. Уырдыгон адӕм дӕр мын загътой, уыцы ран, дам, хӕтаг сыл нӕ уыд». 23 Иудӕ загъта: «Йӕхицӕн уадзӕд уӕдӕ уыцы дзаума-тӕ, кӕннод фӕхудинаг уыдзыстӕм. Ӕз ын сӕныкк арвыстон, фӕлӕ йӕ ды не ссардтай. Гъемӕ фӕуӕд афтӕ!»
24 Уымӕй иу ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ фӕхабар чын-дӕуыди: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут». 25 Фӕлӕ Тамары куы ракодтой, уӕд йӕ хицаумӕ барвыста: «Зӕгъут ын, ацы дзауматӕ кӕй сты, уы-мӕй дӕн ӕнхъӕлцау». Бафӕрсын ӕй кодта: «Ӕркӕс-ма, ацы мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ ацы лӕдзӕг кӕй сты?» 26 Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ рад-тон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.
27 Тамар ӕвгъӕды куы уыди, уӕд рабӕрӕг и, фаззӕттӕ йӕм кӕй ис, уый. 28 Ӕмӕ арыныл куы ныллӕууыди, уӕд сӕ иуӕн йӕ къух разынд. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг ӕм февнӕлдта, сырх-сырхид ӕндах ыл абаста ӕмӕ загъта: «Ай фыццаг рацыди».
29 Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ баласта, ӕмӕ фыццаг рацыдис йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс загъта: «Уӕдӕ афтӕ гӕрдыс фӕндаг дӕхицӕн?» Ӕмӕ йӕ схуыдтой Фарес. 30 Йӕ фӕдыл рацыдис йе ’фсымӕр, йӕ къухыл сырх-сырхид ӕндах, афтӕмӕй. Ном ын радтой Зара.
Иосиф ахӕстоны
'Иосифы акодтой Мысырмӕ. Уым ӕй измаилонтӕй иу
мысираг балхӕдта, йӕ ном Потифар. Потифар уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау. 2 Дунедарӕг аудыдта Иосифыл, ӕмӕ Иосиф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысираг хицауы хӕдзары. 3 Мысираг уыдта, Дунедарӕг Иосифыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый. 4-5 Иосиф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Иосифы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Иосифы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысираджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕр-кад. 6 Гъемӕ Потифар дӕр Иосифыл йӕ ис йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис.
Иосиф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди. 7Цасдӕр рӕстӕ-джы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!» 8 Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан, 9 ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. То-бӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?» 10 Сылгоймаг ӕрвылбон уӕгъд нӕ уагъта Иосифы, фӕлӕ йын уый ком нӕ лӕвӕрдта — йе ’мгӕ-рон нӕ цыд.
11 Иу ахӕмы Иосиф йӕ куысты фӕдыл хӕдзармӕ куы бахыз-ти (ныр хӕдзаронтӕй та мидӕгӕй ничи уыди), 12 уӕд ын ус йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ та загъта: «Ӕрхуысс мемӕ!» Фӕлӕ уый йӕ дарӕс усы къухы фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис. 13 Иосифы дарӕс йӕ къухы куы аззади, 14 уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди! 15 Фӕлӕ куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис».