РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон бауӕнт!»

61 Ревеккӕ ӕмӕ йӕ унӕуттӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ араст сты уыцы лӕджы фӕдыл. Афтӕмӕй Авраамы цагъар ракодта Ревеккӕйы ӕмӕ ацыди йӕ фӕндагыл.

62 Уыцы заман Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ, Неге-вы зӕххӕй. Уӕд уым царди. 63 Иу изӕр Исаак быдырмӕ йӕхи айста ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылди. Дардыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта: ӕрбацӕуынц теуатӕ. 64 Ревеккӕ дӕр афӕлгӕ-сыд ӕмӕ, Исаакы куы ауыдта, уӕд теуайӕ рӕвдз ӕрхызти. 65 Йӕ цагъары афарста: «Быдыры махырдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста цӕсгомӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрӕмбӕрзта.

66 Цагъар Исаакӕн кӕрӕй-кӕронмӕ радзырдта йӕ балцы хабӕрттӕ. 67Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.

Авраамы цардизӕр

1 Авраамӕн ма уыд иу ус, йӕ ном — Хъетура. 2Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иохъшаны, Меданы, Мидйаны, Ишбахъы ӕмӕ Шуахы. 3 Иохъшанӕн райгуырдысты Шева ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддаг: ашшурӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леуммӕгтӕ. 4 Мидйаны фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдаа. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Хъетурайӕ рацыдысты.

5 Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн, 6 йӕ иннӕ усты-ты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕмӕ.

7Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8 Йӕ цардӕй ахи-цӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. 9-10 Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ

24:65 Чындзӕхсӕв цалынмӕ ахицӕн уа, уӕдмӕ лӕппуйӕн нӕ уыди йӕ усаджы цӕсгом уыныны бар.

Измаил ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ.

11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роимӕ хӕстӕг.

12 Мӕнӕ, Саррӕйы мысираг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ный-йардта, уыцы Измаилы байзӕддаг. 13 Измаилы фырттӕ — измаи-лонты мыггӕгтӕн сӕ фыдӕлтӕ, хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам, 14 Мишма, Дума, Масса,

15 Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма. 16 Адон сты Измаилы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.

17Измаил фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис. 18 Йӕ бай-зӕддаг цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ашшурмӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ӕхсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.