РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

#">^7 1 Исаак базӕронд ис ӕмӕ йӕ цӕстырухс бамынӕг и.

Иу ахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ: «Мӕ фырт!» Уый йын дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 2 Исаак ын загъта: «Базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый. 3 Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын быдырӕй исты ӕрбахӕсс. 4 Цы хӕрзад хӕринаг уарзын, уый мын сцӕттӕ кӕн, ӕз дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕд мӕ дын арфӕ ракӕнон».

5 Ревеккӕ фехъуыста, Исаак Исавӕн цы дзырдта, уый. Исав быдырмӕ цуаны куы ацыди, 6 уӕд Ревеккӕ Иаковӕн загъта: «Ӕз фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавӕн цы дзырдта, уый:

7 „Сырды фыд ӕрбахӕсс ӕмӕ мын дзы хӕрзад хӕринаг скӕн, ӕз дзы бахӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ дын Дунедарӕджы раз раарфӕ кӕндзынӕн”. 8 Гъемӕ, мӕ хъӕ-бул, байхъус, цы дын фӕдзӕхсын, уымӕ. 9 Цу ӕмӕ мын фосы дзугӕй дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, сӕ дзидзайӕ сын дӕ фыдӕн хӕрзад хӕринаг акӕнон, куыд уарзы, афтӕ. 10 Ды йын ӕй бахӕсдзынӕ, ӕмӕ, куы бахӕра, уӕд дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕндзӕн». 11 Иаков загъта йӕ мад Ревеккӕйӕн: «Куы йӕ зоныс, ме ’фсымӕр Исавы буар хъуынджын у, мӕнӕн та нӕу. 12 Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы ӕрысгара, уӕд зӕгъдзӕни, хынджылӕг мӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд арфӕ райсыны бӕсты ӕлгъыстаг фӕуыдзынӕн». 13 Йӕ мад ын загъта: «Уыцы ӕлгъыст мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, мӕ хъӕбул, ӕрмӕст цу ӕмӕ ӕрбахӕсс, цы дын загътон, уый».

14 Иаков ӕрбахаста дыууӕ сӕныччы, ӕмӕ Ревеккӕ скодта хӕрзад хӕринаг, Исаак куыд уарзта, афтӕ. 15 Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрд дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковыл, 16 йӕ цӕнгтӕ ӕмӕ йын йӕ бӕрзӕйыл та ӕрбатыхта сӕныччыты цӕрмттӕ.

17 Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг сцӕттӕ кодта, уый дзулимӕ Иаковмӕ радта.

18 Иаков бацыди йӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд!» Уый загъта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ?» 19 Иаков дзуапп радта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Цы мын загътай, уый бакодтон. Рабад, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ сырды фыдӕй саход, стӕй-иу мын саккаг кӕн дӕ арфӕ». 20 Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рар выста». 21Исаак Иаковӕн афтӕ: «Ӕри-ма, мӕ уырзӕй дӕ фенон, кӕддӕра ӕцӕг-дӕр Исав дӕ». 22 Иаков бацыди йӕ фыд Исаакмӕ, ӕмӕ йӕ уый ӕрысгӕрста ӕмӕ загъта: «Хъӕлӕс — Иаковы хъӕлӕс, къухтӕ та — Исавы къухтӕ». 23 Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ, йе ’фсымӕр Исавы къухтау, хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта, 24 уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр ба-фарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О». 25 Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Иаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ банызта.

26 Стӕй Исаак Иаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт». 27Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ да-рӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ код та: «Дунедарӕджы арфӕйӕ бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт. 28 Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыд нӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд! 29 Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕйӕ дӕр дӕ сбуц кӕнӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»

30 Куыддӕр Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта, куыддӕр Иаков йӕ фыд Исаакы цурӕй рацыд, афтӕ Исав дӕр ӕрбахӕццӕ и цуанӕй. 31 Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ». 32 Исаак ӕй бафар-ста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн». 33 Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон ӕмӕ йыл уы-цы арфӕ баззайдзӕн». 34 Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» 35 Уый йын загъта: «Де ’фсымӕр мӕм ӕрбацыд ӕмӕ, дӕуӕн цы арфӕ ракӕнинаг уыдтӕн, уый сайдӕй йӕхи бакодта». 36 Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Иаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма ба-фарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?» 37Исаак ын дзуапп радта: «Иаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?» 38 Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта. 39 Исаак ын загъта:

«Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.

40 Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар.

Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».

41 Исав фӕфыдӕх ис Иаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ код-та, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Иа-ковы». 42 Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ басидти йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы, 43 ӕмӕ мӕм бай-хъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харранмӕ. 44 Иуцасдӕр ӕм ацӕр, цалынмӕ де ’фсымӕры маст ссӕуа, уӕдмӕ. 45 Йӕ маст куы ссӕуа де ’фсымӕрӕн, цы йын бакодтай, уый йӕ куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Цӕмӕн хъуамӕ фе-нӕхай уон уыцы иу бон уӕ дыууӕйӕ дӕр?»

46 Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Иаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса ус, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»