РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

26 Лаван Иаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты за-ман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай!

27 Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджы-тимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ. 28 Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕ ныны фадат дӕр куы нал рад тай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды. 29 Уыцы хъару мӕм ис, ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Иаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ. 30 Дӕ фыды уӕзӕгыл ӕрхъӕцмӕ нал хъӕцыдтӕ ӕмӕ рафардӕг дӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд аф тӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?» 31 Иаков ын дзуапп радта: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджы-ты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй. 32 Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвди-сӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Иаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахил кӕй радавта, уый.

33 Лаван баджигул кодта Иаковы цатыры, Леайы цатыры ӕмӕ дыууӕ унӕуты цатыры, фӕлӕ ницы ссардта. Леайы цатырӕй куы рацыди, уӕд Рахилы цатырмӕ бахызти. 34 Уӕдмӕ Рахил хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕр-ста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта. 35 Рахил йӕ фыдӕн афтӕ: «Курын дӕ, мӕ фыд, ма мӕм фӕхӕрам у, мӕ бон дын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгой-маджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.

36 Иаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай? 37 Ме ’ппӕт дзауматӕ дӕр мын басгӕрстай — ӕмӕ мӕм дӕхионӕй цы ссардтай? Ӕрӕвӕр-ма сӕ ам мӕ хиуӕтты раз, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн тӕрхон-гӕнӕг фӕуӕнт! 38 Ссӕдз азы дӕм фӕдӕн, ӕмӕ дӕ фыстӕ дӕр, дӕ сӕгътӕ дӕр никуы фефтыдтой. Дӕ дзуджы тохъхъылтӕй, мӕхи куы бафсадин, зӕгъгӕ, ни куы аргӕвстон. 39 Дӕ фосӕй дын тугдзых сырд аргӕвста, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕм ӕй нӕ ба-хастон, фӕлӕ-иу дын йӕ аргъ мӕхӕдӕг бафыстон. Боныгон ӕрцыдаид уыцы зиан ӕви ӕхсӕв — агуырдтай йӕ мӕнӕй. 40 Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди. 41Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕр-дӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу дӕс хатты. 42 Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕ-гӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».

43 Лаван Иаковӕн загъта: «Мӕнӕ — мӕ чызджытӕ, мӕнӕ — мӕ зӕнӕджы зӕнӕг, мӕнӕ — мӕ фос. Ам цыдӕриддӕр уыныс, уыдон мӕн сты. Фӕлӕ ма ныр цы ракӕнын у мӕ бон мӕ чызджытӕн кӕнӕ, кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн? 44 Цӕй ӕмӕ бафидауӕм, ӕмӕ нӕ фидыд исты нысанӕй сфи-дар кӕнӕм!»

45 Уыйадыл Иаков иу стыр дур хъен сӕвӕрдта, табу йын кӕ-ныны охыл, 46 ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн загъта: «Ӕрӕмбырд кӕнут дуртӕ». Уыдон дурцӕнд самадтой ӕмӕ цӕнды цур минасыл ӕрбадтысты. 47Лаван уыцы цӕнд схуыдта Йегар-Сахадута, Иаков та — Гал-Ед. 48 Лаван загъта: «Абон ацы дурцӕнд нӕ фидыдӕн — ӕвдисӕн». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Гал-Ед, ома «ӕвдисӕны цӕнд», 49 стӕй — Мицпа, ома «фӕлгӕсӕн мӕсыг», уымӕн ӕмӕ ма Лаван йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ду-недарӕг Йӕ цӕст дарӕд нӕ дыууӕмӕ дӕр, кӕрӕдзийы куы нал уынӕм, уӕд. 50 Мӕ чызджыты мын куы ӕфхӕрай кӕнӕ ма ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: ам нӕ цуры ӕвдисӕны номыл иу адӕймаг дӕр нӕй — Хуыцау у нӕ дыууӕйӕн ӕвдисӕн!»

51Лаван ма Иаковӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ зӕрдыл дар! Мӕнӕ — дурцӕнд, мӕнӕ уый та — табуйаг дур нӕ дыууӕйы ӕхсӕн. 52 Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы табуйаг дур уыдзысты ӕв-дисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ардыггаг фарсмӕ. 53 Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Иаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй. 54 Стӕй Иаков уым, хохыл, кусарт акод-та ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.

Иаков ӕмӕ Исав куыд бафидыдтой

О О 1 Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ «3^1 чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.

2 Иаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлды-сты Хуыцауы зӕдтӕ. 3 Куы сӕ федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы асадӕн». Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.

4 Иаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм. 5 Бафӕдзӕхста сын: «Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ. 6 Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Хъусын ын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма банымайӕд ӕвгъауыл!”»

7Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Иаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йе-мӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы». 8 Тынг фӕтарст Иаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ асадӕныл. 9 Загъта: «Исав йӕхи иу асадӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ асадӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты».

10 Иаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!

11 Ӕдзух мын цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ Дӕ дзырд куыд ӕххӕст кодтай, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ асадӕны фаг. 12 Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ӕрбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ. 13 Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг, зӕгъгӕ».