РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

9 Иаков Паддан-Арамӕй куы ’рбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм ногӕй Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йын раар фӕ кодта. 10 Загъта йын: «Дӕ ном Иаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Иаков нӕ, — Из-раил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил. 11 Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъом Хуыцау дӕн. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддаг! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ, паддзӕхтӕ. 12 Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн».

13 Хуыцау Иаковы цурӕй куы ацыди, 14 уӕд Иаков, Хуыцау йе-мӕ кӕм дзырдта, уыцы ран ныссагъта табуйаг дур ӕмӕ йыл рауагъта сӕн ӕмӕ зети. 15 Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынат Иаков схуыдта Бет-Ел.

Вениамины райгуырд ӕмӕ Рахилы мӕлӕт

16 Бет-Елӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефратӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахилӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат. 17Йӕ рыстӕн куы нал фӕрӕзта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс афтӕ: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у».

18 Фӕлӕ Рахил мӕлыны къахыл ныллӕуыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они, ома «масты фырт»; йӕ фыд та йӕ схуыдта Вениамин, ома «амондджын саби».

19 Афтӕ амарди Рахил, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефратӕмӕ, ома Вифлееммӕ, фӕндагыл. 20 Иаков ын йӕ ингӕныл ныссагъта табуйаг дур, ӕмӕ уыцы дур абон дӕр ма лӕууы уым — Рахи-лы ингӕныл.

21Израил уырдыгӕй араст ис ӕмӕ йӕ цатыр айтыгъта Миг-дал-Едеры фале. 22 Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иу ахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст, ӕмӕ йын фӕхъыг ис.

Иаковы фырттӕ

Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Иаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Завулон. 24 Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениа-мин. 25 Рахилы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим.

26 Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир.

Адон — Иаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Ара-мы.

Исаакы мӕлӕт

27 Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исаакмӕ Хъирйат-Арбамӕ, ома Хев-ронмӕ, Мамремӕ, кӕддӕр Авраам кӕм царди, уый фӕстӕ та — Исаак, уырдӕм. 28 Исаак фӕцарди фарастыссӕдз азы.

29 Йӕ цардӕй ахицӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.

Исавы байзӕддаг

0/2 ^Мӕнӕ Исавы, ома Едомы, байзӕддаг.

0\/ 2 Исав ракуырдта ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы, 3 ноджы ма — Измаилы чызг Басематы, Невайоты хойы. 4 Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Регуелы,

5 Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Хъорахы.

Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕх-хыл.

6 Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм ацыд ӕд устытӕ, ӕд цот, йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, йе ’ппӕт фо-сы дзугтимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт исбонимӕ, Ханааны зӕххыл кӕй самал кодта, уыимӕ. 7Афтӕ сбирӕ и сӕ мулк дыууӕ ӕфсымӕ-рӕн, ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн фадат нал уыди. Цы зӕххыл цардысты, уый нал фаг кодта сӕ бирӕ фосы дзугтӕн. 8 Уымӕ гӕсгӕ Исав, ома Едом, ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.

9 Мӕ нӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддаг, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.