Psalm (Psalms in the Ossetian language)

1 Давиды псалом.       Хуыцау – мӕ фыййау,       ӕз ницӕмӕй уыдзынӕн хъуаг. 2 Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты,       ахоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм. 3 Дӕтты мын ног тыхтӕ;       аразы мӕ рӕстады фӕндагыл       Йӕ номы сӕраппонд. 4 Мӕлӕты тар комы цӕугӕ мын куы фӕуа,       уӕддӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй,       уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ;       Дӕ паддзахы бар ӕмӕ Дӕ фыййауы лӕдзӕг       хъахъхъӕнынц мӕн. 5 Ды мын ахӕм фынг ӕрӕвӕрдтай       ме знӕгты цӕсты раз!       Мӕ сӕр мын байсӕрстай хӕрздӕф зетийӕ,       мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй. 6 Уӕдӕ цалынмӕ удӕгас дӕн,       уӕдмӕ мын Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх       уӕнт ӕмбӕлццӕттӕ,       ӕмӕ мӕ царды ӕппӕт бонтӕ       арвитдзынӕн Дунедарӕджы Хӕдзары.

23 Псалом

1 Давиды псалом.       Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис,       дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе 'ппӕт цӕрджытӕ       Хуыцауы сты. 2 Уымӕн ӕмӕ дуне Уый ӕрӕвӕрдта денджызтыл,       ӕрфидар ӕй кодта цӕугӕдӕттыл. 3 Чи схиздзӕни Хуыцауы хохмӕ,       чи ӕрлӕудзӕн Йӕ сыгъдӕг бынаты? 4 Йӕ къухтӕ ӕназым кӕмӕн сты,       сыгъдӕг кӕй зӕрдӕ у,       мӕнгхуыцауӕн чи нӕ куывта,       сомы чи нӕ сайы, ӕрмӕстдӕр уый. 5 Ахӕм адӕймагыл       Дунедарӕг ӕруадздзӕн Йӕ арфӕ       ӕмӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕй       райсдзӕни хорзӕх. 6 Ахӕм у, Уый чи агуры,       Дӕ цӕсгомы раз балӕууын кӕй фӕнды,       уыдоны мыггаг, Иаковы Хуыцау! || 7 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,       дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,       ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах! 8 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –       Фидар ӕмӕ хъомысджын Дунедарӕг,       тохы басӕттӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. 9 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,       дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,       ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах! 10 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –       Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау;       Уый у цытджын Паддзах. ||

24 Псалом

1 Давиды псалом.       Дӕумӕ бӕллы мӕ зӕрдӕ, Хуыцау. 2 Дӕуӕй ныфсджын дӕн, мӕ Хуыцау.       Ды мӕ не 'руадздзынӕ ӕгадмӕ,       цӕмӕй мыл ме знӕгтӕ ферайой. 3 Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,       уыдон дӕр нӕ фегад уыдзысты.       Кӕй фыдвӕндтӕй ницы рауайдзӕни,       ӕгад уыдон фӕуыдзысты. 4 Бацамон мын, Хуыцау, Дӕ фӕндӕгтӕ       ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ надвӕттыл цӕуын. 5 Сараз мӕ Дӕ ӕцӕгадыл, сахуыр мӕ кӕн,       уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау дӕ;       Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ иудадзыг. 6 Ӕрымыс, Хуыцау, рагзамантӕй кӕй ӕвдисыс,       Дӕ уыцы хорзӕх ӕмӕ уарзт. 7 Ме 'взонджыбонты тӕригъӕдтӕ       ӕмӕ фыдмитӕ мын ма ӕрымыс;       Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ       ӕрымыс мӕн, Дунедарӕг. 8 Хуыцау хӕрзгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхӕрам у;       уымӕн аразы тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл. 9 Фӕлмас адӕймӕгты аразы рӕстдзинадыл,       сабыртӕн амоны Йӕ фӕндаг. 10 Хуыцауы ӕппӕт фӕндӕгтӕ       сты хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад,       Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры       ӕмӕ йын Йӕ амындмӕ чи хъусы, уыдонӕн. 11 Мӕ тӕригъӕд уӕззау у, ӕмӕ мын ӕй ныххатыр кӕн       Дӕ номы сӕраппонд, Дунедарӕг! 12 Хуыцауӕй чи тӕрсы, чи у уыцы адӕймаг?       Хуыцау ын бацамондзӕни,       цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый. 13 Йӕ уд ссардзӕн фарн,       зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты. 14 Хуыцауӕй чи тӕрсы,       уыдонӕй не 'мбӕхсы Йӕ сусӕгад,       ӕргом сын кӕны Йӕ фӕдзӕхст. 15 Мӕ цӕстытӕ иудадзыг Дунедарӕгмӕ кӕсынц;       мӕ къӕхтӕ мын хызӕй Уый суӕгъд кӕны. 16 Раздӕх мӕм Де 'ргом ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,       уымӕн ӕмӕ ӕз иунӕг ӕмӕ ӕфхӕрд дӕн. 17 Мӕ зӕрдӕйы мастыл       ноджыдӕр бафтыди;       фервӕзын мӕ кӕн мӕ бӕллӕхтӕй. 18 Ӕркӕс мӕ тыхстмӕ, мӕ хъизӕмармӕ       ӕмӕ мын ныббар ме 'ппӕт тӕригъӕдтӕ. 19 Акӕс-ма ме знӕгтӕм – куыд бирӕ сты,       куыд ӕбуалгъы ӕнӕуынон сын дӕн! 20 Бахиз мын мӕ уд, баиргъӕв мӕ,       ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн,       уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. 21 Ӕнӕфау цард ӕмӕ мӕ рӕстад       уӕнт мӕ хъахъхъӕнджытӕ,       уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ныфс дӕ. 22 Хуыцау, фервӕзын кӕн Израилы       йе 'ппӕт бӕллӕхтӕй.

25 Псалом

1 Давиды псалом.       Дӕхӕдӕг мын рахӕсс тӕрхон, Дунедарӕг,       уымӕн ӕмӕ рӕстӕй цардтӕн.       Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ,       нӕ фӕдызӕрдыг уыдзынӕн. 2 Сбӕрӕг мӕ кӕн, Хуыцау, бафӕлвар мӕ;       раиртас мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ. 3 Дӕ хорзӕх ӕдзухдӕр мемӕ ис,       ӕмӕ цӕрын Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ. 4 Фӕлывд адӕймӕгты ныхасы никуы бадтӕн,       цӕстмӕхъусимӕ мын иумӕйагӕй ницы уыдзӕни. 5 Фыдлӕгты дзыгуырӕй ме сӕфт уынын,       фыдгӕнджытимӕ не 'рбаддзынӕн. 6 Мӕ къухтӕ ӕрӕхсын ӕназымӕй, Дунедарӕг,       афтӕмӕй ӕрзилын Дӕ нывондхӕссӕны алыварс – 7 Дӕу хъӕлӕсыдзагӕй стаугӕйӕ       ӕмӕ Де 'ппӕт диссӕгтыл дзургӕйӕ. 8 Дунедарӕг, ӕз бауарзтон Дӕ Хӕдзар –       Дӕ кады цӕрӕн бынат. 9 Мӕ уд мын тӕригъӕдджынтимӕ ма фесаф,       мӕ цард – тугцъиртимӕ. 10 Сӕ къухтӕ фыдракӕндтӕй хъӕстӕ сты,       сӕ рахиз къухтӕ – гӕртӕмттӕй дзаг. 11 Ӕз та цӕрдзынӕн ӕназымӕй;       равдис мӕм Дӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн. 12 Мӕ къӕхтӕ фидар лӕууынц раст фӕндагыл;       ӕмбырдты ӕз стаудзынӕн Дунедарӕджы.

26 Псалом

1 Давиды псалом.       Дунедарӕг – мӕ царды рухс       ӕмӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг –       кӕмӕй мын у тас?       Дунедарӕг – мӕ царды мӕсыг –       кӕй тасӕй бариздзынӕн? 2 Фыдлӕгтӕ, мӕ фыдгултӕ       ӕмӕ ме знӕгтӕ куы тындзой мӕн аныхъуырынмӕ,       уӕд сӕхӕдӕг сӕ къах скъуырдзысты       ӕмӕ ӕрхаудзысты. 3 Ӕнӕхъӕн ӕфсад мыл куы ӕртыхса –       мӕ зӕрдӕ нӕ фӕтӕрсдзӕни;       мӕ ныхмӕ хӕст куы самайой,       уӕддӕр ныфсджын уыдзынӕн. 4 Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх курын Дунедарӕгӕй       ӕмӕ уымӕ тырнын, цӕмӕй мӕ цӕргӕбонтӕ       ӕрвитон Хуыцауы Хӕдзары,       мӕ цӕсты раз уа Хуыцауы рӕсугъддзинад –       уынон Ӕй Йӕ Кувӕндоны. 5 Уымӕн ӕмӕ мӕ тыхсты бон       Уый бамбӕхсдзӕн мӕн,       Йӕ Цатыры мӕ бааууон кӕндзӕн,       схӕссдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ. 6 Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,       цы знӕгтӕ мыл ӕртыхст, уыдоныл;       райгӕйӕ Йын ӕрхӕссдзынӕн нывондтӕ Йӕ Цатыры;       зардзынӕн ӕмӕ цӕгъддзынӕн       рӕсугъд зӕлтӕй Дунедарӕгӕн. 7 Дӕумӕ дзурын, Дунедарӕг, фехъус мӕ хъӕлӕс;       батӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт. 8 Мӕ зӕрдӕйы хъуысынц Дӕ ныхӕстӕ:       «Агурут Мӕ цӕсгом».       Ӕмӕ ӕз Дӕ цӕсгом агурдзынӕн, Хуыцау. 9 Ма аздах мӕнӕй Дӕ цӕсгом;       тызмӕгӕй ма бахъоды кӕн Дӕ цагъарыл.       Ды уыдтӕ ме 'ххуысгӕнӕг, ма мыл атигъ кӕн Дӕхи,       ма мӕ ныууадз, Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! 10 Мӕ фыд ӕмӕ мад куы ныууадзой мӕн,       уӕддӕр мӕ Хуыцау райсдзӕни Йӕхимӕ. 11 Сахуыр мӕ кӕн, Хуыцау, Дӕ надвӕдыл цӕуын,       сараз мӕ раст фӕндагыл,       уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ мӕ алыварс сты. 12 Ма бакӕн мӕ уды ме знӕгты бар,       уымӕн ӕмӕ мыл сыстадысты мӕнг ӕвдисӕнтӕ       ӕмӕ ӕхсидынц мастӕй. 13 Фӕлӕ мӕ уӕддӕр уырны:       царды зӕххыл фендзынӕн Хуыцауы хорзӕх. 14 Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл,       у ныфсджын ӕмӕ ӕхсарджын,       дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл!

27 Псалом

1 Давиды псалом.       Дӕуӕн лӕгъстӕ кӕнын, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх,       ма мӕ аздах Де 'ргом ӕнӕсымӕй;       науӕд мын дзуапп куы нӕ раттай,       уӕд ингӕнмӕ цӕуджытау суыдзынӕн. 2 Фехъус мын мӕ лӕгъстӕ,       ӕххуысагур Дӕм куы фӕдзыназын,       ме 'рмттӕ Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ       куы фӕдарын, уӕд. 3 Ӕндӕрӕн «фарн» чи дзуры,       афтӕмӕй та йӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕмӕн ис,       уыцы фыдлӕгтӕ ӕмӕ ӕвзӕргӕнджытимӕ       ма фесаф мӕн. 4 Ратт сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ,       сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ,       ратт сын сӕ къухты ракондмӕ гӕсгӕ;       цы аккаг сты, уый сын бафид. 5 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы архайд       ӕмӕ Йе 'рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц;       ныппырх сӕ кӕндзӕн сисау       ӕмӕ сыл нал схӕцдзӕн. 6 Арфӕгонд у Хуыцау, уымӕн ӕмӕ фехъуыста мӕн,       ӕххуысагур Ӕм куы куывтон, уӕд. 7 Хуыцау – мӕ хъару ӕмӕ мӕ уарт.       Ууыл дардтон мӕ зӕрдӕ, ӕмӕ мын баххуыс кодта;       мӕ зӕрдӕ райы фырцинӕй,       ӕмӕ Йӕ стауын мӕ зарӕгӕй. 8 Хуыцау Йӕ адӕмӕн хъару у,       Йе 'взӕрстӕн – хъахъхъӕнӕг ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг. 9 Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы       ӕмӕ арфӕ ракӕн Дӕ бындартӕн;       хиз сӕ ӕмӕ сӕ хӕсс мыггагмӕ.

28 Псалом

1 Давиды псалом.       Стаут Хуыцауы, уӕларвон цӕрджытӕ,       стаут Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс. 2 Стаут Хуыцауы, кад скӕнут Йӕ номӕн;       бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы. 3 Дунедарӕджы хъӕлӕс – дӕтты сӕрмӕ;       ныннӕрыди кады Хуыцау;       Йӕ хъӕлӕс зӕлы стыр дӕтты сӕрмӕ. 4 Дунедарӕджы хъӕлӕс хъомысджын у,       Хуыцауӕн ис алӕмӕттаг хъӕлӕс. 5 Хуыцауы хъӕлӕс дӕрӕн кӕны бӕрзонд нӕзытӕ,       Дунедарӕг дӕрӕн кӕны ливайнаг нӕзытӕ; 6 Ливаны хӕхты бафтыдта родау гӕппытыл,       Сирионы хохы та – ӕрыгон хъӕддаг галау. 7 Хуыцауы хъӕлӕс сирвӕзын кӕны пиллон арт. 8 Хуыцауы хъӕлӕсӕй баризы ӕдзӕрӕг быдыр;       Дунедарӕг баризын кӕны Кадесы ӕдзӕрӕг быдыр. 9 Дунедарӕджы хъӕлӕс ныууигъы тулдзбӕлӕстӕ,       ӕмӕ сбӕгънӕг вӕййы хъӕд.       Уӕд Йӕ Кувӕндоны се 'ппӕт дӕр дзурынц:       «Кадджын уӕд!» 10 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны дӕтты сӕрмӕ;       Хуыцау баддзӕни мыггагмӕ Йӕ паддзахы бадӕны. 11 Дунедарӕг дӕтты Йӕ адӕмӕн хъару,       Йӕ адӕмӕн дӕтты фарны арфӕ.

29 Псалом