Страница 10 из 27
уӕд Дӕ нывондхӕссӕныл
ӕрӕвӕрдзысты стыр кусӕрттӕ.
51 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды зондамонӕн псалом,
2 Идумейаг Доик Саулмӕ куы ӕрцыди
ӕмӕ йын куы загъта,
Давид Ахимелехы хӕдзары ис, зӕгъгӕ,
уый фӕдыл.
3 Цы ӕппӕлыс дӕ фыдмитӕй, тыхджын?
Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.
4 Иннӕйы фесафыныл архайы де 'взаг:
цыргъ сӕрдасӕнау налат у.
5 Хӕрзӕбонӕй фыдбылыз фылдӕр уарзыс,
раст дзурынӕй та – мӕнг. ||
6 Алы бынгӕнӕг ныхас уарзыс ды, фӕлитой ӕвзаг!
7 Уый тыххӕй дӕ Хуыцау
ӕркӕндзӕн ӕнусон раууатмӕ;
фелвасдзӕни дӕ, дӕ цатырӕй дӕ фехсдзӕни дард;
ӕд уидӕгтӕ дӕ срӕдувдзӕн царды зӕххӕй. ||
8 Уый фендзысты рӕстгӕнджытӕ,
тас сӕ бацӕудзӕн, стӕй йыл фӕхуддзысты:
9 «Кӕсут-ма, ацы адӕймагӕн
йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди,
фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл,
хъӕбатыр уыд йӕ ӕвзӕр митӕй».
10 Ӕз та Хуыцауы хӕдзары
цъӕхдарӕг зетибӕласау дӕн
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы хорзӕхыл
дардзынӕн мӕ зӕрдӕ.
11 Хуыцау, Ды цытӕ сарӕзтай,
уый тыххӕй Дӕ стаудзынӕн мыггагмӕ;
мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл,
уымӕн ӕмӕ уый фарнӕй дзаг у.
Стаудзынӕн Дӕу Дӕ сыгъдӕджыты раз.
52 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
уадынгарзыл.
Давиды зондамонӕн псалом.
2 Ӕнӕзонд загъта хинымӕр: «Хуыцау нӕй».
Уыдон фехӕлдысты,
бафтыдысты ӕбуалгъ тӕригъӕдты;
нӕй хӕрзгӕнӕг, иу дӕр нӕй.
3 Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕммӕ:
Хуыцауы чи агуры, ахӕм ӕмбаргӕ нӕй? Иу дӕр нӕй?
4 Се 'ппӕт дӕр аздӕхтысты, ӕрцыдысты сӕфтмӕ;
хӕрзгӕнӕг дзы нӕй, иу дӕр нӕй.
5 Мӕ адӕмы чи хӕры,
дзулау ӕй чи хӕры ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры,
уыцы фыдгӕнджытӕ
сӕхи никуы ӕрӕмбардзысты?
6 Тӕссаг кӕм нӕу,
уым сыл ӕртыхсдзӕн ӕвирхъау тас,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау ныффӕйлаудзӕн
дӕ ныхмӕ тохгӕнджыты стджытӕ.
Ды сӕ фегад кӕндзынӕ,
уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау Йӕхи атигъ кодта.
7 Ӕнӕмӕнг, Израилӕн сӕрибар Сионӕй ӕрцӕудзӕн!
Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы ракӕна,
уӕд райдзӕн Иаков, ӕмӕ цин кӕндзӕн Израил.
53 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды зондамонӕн псалом,
2 Зифӕгтӕ Саулмӕ куы ӕрцыдысты
ӕмӕ йын куы загътой,
Давид махмӕ ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ,
уый фӕдыл.
3 О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ номы руаджы,
равзар мӕ хъаст Дӕ хъаруйы фӕрцы.
4 Фехъус мӕ куывд, Хуыцау,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕм.
5 Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ;
уыдон Хуыцауы ницӕмӕ дарынц. ||
6 Ӕрмӕст мын Хуыцау у ахъазгӕнӕг,
мӕ Хицау у мӕ удылхӕцӕг.
7 Уадз ме знӕгтӕн сӕ фыдӕх ӕрцӕуӕд сӕ сӕрыл;
фесаф сӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасӕн хицау дӕ.
8 Ӕз Дын зӕрдиагӕй ӕрхӕсдзынӕн нывонд;
стаудзынӕн Дӕ ном, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ уый ӕхцон у мӕнӕн.
9 Ды мӕ фервӕзын кодтай ме 'ппӕт бӕллӕхтӕй,
ӕмӕ ме знӕгтӕм кӕсдзынӕн дзагцӕстӕй.
54 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды зондамонӕн псалом.
2 Фехъус, Хуыцау, мӕ куывд,
мӕ куырдиатыл ма атигъ кӕн Дӕхи.
3 Ӕркӕс ӕмӕ мын дзуапп ратт;
ӕнцой мын нӕ дӕттынц мӕ мӕстытӕ,
мӕ ныфс мын сӕтты
4 Знаджы хъӕлӕс, фыдлӕг мӕ кӕй ссӕнды, уый;
уыдон мыл кӕнынц фыдаудӕн,
ӕгъатырӕй лӕбурынц мӕнмӕ.
5 Мӕ зӕрдӕ мӕ риуы ӕнкъуысы,
мӕлӕты азар мӕм ӕрбахӕстӕг ис.
6 Тас мӕ бацыди ӕмӕ ризын,
ӕвирхъау адзал мӕ ӕрбалвӕста ӕмӕ уигъы мӕн.
7 Ӕмӕ загътон: «Чи мын раттид бӕлоны базыртӕ,
ӕз атӕхин ӕмӕ ӕрӕнцаин.
8 Фӕцӕуин дард ӕмӕ ӕрулӕфин ӕдзӕрӕг ран. ||
9 Ӕвӕстиатӕй фӕлидзин тыхдымгӕ ӕмӕ уадӕй».
10 Ӕруадз сыл Дӕ фыдӕх, Дунедарӕг,
сӕ ныхас кӕрӕдзийыл куыд нал бада;
уымӕн ӕмӕ тыхми ӕмӕ быцӕу уынын сахары.
11 Ӕхсӕвӕй-бонӕй сисы сӕртыл
зилынц сахары алыварс;
уым ис фыдӕх ӕмӕ удхар.
12 Сахар цӕуы сӕфтмӕ;
йӕ уынгты ӕрцардысты сайын ӕмӕ хин.
13 Знаг нӕ кӕны мӕ фыдгой –
ӕз ын бафӕразин;
мӕ фыдгул нӕ сыстади мӕ ныхмӕ –
ӕз дзы бамбӕхсин,
14 Фӕлӕ уый ды дӕ, мӕ рахиз цонг чи уыди,
мӕ уыцы ӕмбал ӕмӕ уарзон хӕлар –
15 Иумӕ-иу кодтам зӕрдӕбын ныхас,
Хуыцауы Хӕдзармӕ цыдыстӕм дзыллӕимӕ.
16 Мӕлӕты хай фӕуӕнт,
удӕгасӕй дӕлдзӕхмӕ ныххауӕнт;
уымӕн ӕмӕ фыдӕх сӕ хӕдзӕртты
ӕмӕ сӕ мидӕг ис.
17 Ӕз та кувын Хуыцаумӕ,
ӕмӕ Дунедарӕг бахиздзӕни мӕн.
18 Изӕрӕй, сӕумӕйӕ, ӕмбисбон
мӕ хъаст хӕссын Хуыцаумӕ,
дзыназын ӕмӕ мын Уый фехъусдзӕн мӕ хъӕлӕс.
19 Мӕ уд мын дардзӕн ӕнӕзианӕй
мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕй,
кӕд мын бирӕ сты, уӕддӕр.
20 Фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн,
райдайӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау; ||
уымӕн ӕмӕ цы сты, уымӕй баззадысты,
Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц.
21 Семӕ фидыдӕй чи цӕры,
уыдонмӕ систой сӕ къухтӕ,
фехӕлдтой сӕ цӕдис.
22 Сӕ ныхас – сойӕ лӕгъздӕр,
сӕ зӕрдӕйы та – хӕст;
сӕ дзырдтӕ зетийӕ фӕлмӕндӕр,
фӕлӕ сын ӕлвӕст цирхъӕй уӕлдай не сты.
23 Хуыцауы 'вджид бакӕн дӕ сагъӕстӕ,
ӕмӕ дӕ Уый бахъахъхъӕндзӕн –
никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын.
24 Ды, Хуыцау, уыдон ныппардзынӕ ӕнӕбын уӕрмы;
тугцъиртӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ
ӕмбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты.
Ӕз та Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
55 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Дард тулдзыл бадӕг бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Филистимӕгтӕ йӕ Гефы куы ӕрцахстой,
уый фӕдыл.
2 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау –
адӕймаг зилы мӕ фӕдыл;
лӕбуры мӕм ӕрвылбон, сулӕфын мӕ нӕ уадзы.
3 Мӕ фӕдылзилджытӕ мӕ ӕнӕхъӕн бон
уӕгъд нӕ уадзынц;
схъӕлӕй мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон бирӕ сты.
4 Тасы куы бацӕуын,
уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.
5 Ӕз Хуыцауимӕ дӕн ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй;
мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
Цы мын ракӕндзӕн зӕххон адӕймаг?
6 Ӕрвылбон зыгъуыммӕ кӕнынц мӕ ныхӕстӕ;
сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр – мӕ фыдбылызӕн.
7 Ӕмбырдтӕ кӕнынц, зилынц мӕ къахвӕдтыл,
ӕрӕмбӕхсынц, цӕмӕй мӕ уд сӕ ахӕсты бахауа.
8 Уымӕ гӕсгӕ сын фервӕзӕн нӕй
сӕ фыдӕхы тыххӕй;
смӕсты у адӕмтӕм, Хуыцау ӕмӕ сӕ бабын кӕн.
9 Дӕумӕ нымад сты ме 'ппӕт тухӕнтӕ,
ӕмӕ мӕ цӕссыгтӕ нывӕр Дӕхимӕ мигӕнӕны –
Дӕ чиныджы не сты уыдон?
10 Дӕуӕй ӕххуыс куы ракурын,
уӕд ме знӕгтӕ лидзынмӕ фӕвӕййынц –
уымӕй базонын, Хуыцау ме 'вварс кӕй у.
11 Ӕз Хуыцауимӕ дӕн
ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй,
Ӕз Дунедарӕгимӕ дӕн
ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ дзырдӕй –
12 Мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
Цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
13 Ӕз дзырд радтон Дӕуӕн, Хуыцау;
ӕрхӕсдзынӕн Дын бузныджы нывондтӕ.
14 Уымӕн ӕмӕ мӕлӕтӕй Ды бахызтай мӕ уды,
мӕ къӕхтӕ – фӕкӕлынӕй,
цӕмӕй царды рухсы цӕуон Хуыцауы раз.
56 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Саулӕй лӕгӕтмӕ куы алыгъди,
уый фӕдыл.
2 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
батӕригъӕд мын кӕн,
уымӕн ӕмӕ мӕ удӕн йӕ ныфс Ды дӕ;
бамбӕхсдзынӕн Дӕ дӕлбазыр,
цалынмӕ бӕллӕхтӕ аивгъуыйой, уӕдмӕ.
3 Ӕз ӕххуыс курын Бӕрзонд Хуыцауӕй,
мӕныл аудӕг Хуыцауӕй.
4 Уый уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕн ӕххуыс
ӕмӕ бахиздзӕни мӕн,
худинагмӕ ӕртӕрдзӕни,
мӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны; ||
Хуыцау рарвитдзӕн Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ ӕцӕгад.
5 Ӕз тугдзых домбӕйтты ӕхсӕн цӕрын;
арт кӕй комӕй цӕуы, уыцы адӕмы ӕхсӕн;
сӕ дӕндӕгтӕ – ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ,
се 'взаг – цыргъ кард.
6 Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ ном, Хуыцау,
ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад!
7 Мӕ къӕхтӕн ӕрцӕттӕ кодтой къӕппӕг –
мӕ зӕрдӕ фӕтасыди.
Мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм,
ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ныххаудтой. ||
8 Мӕ зӕрдӕ цӕттӕ у, Хуыцау,
мӕ зӕрдӕ цӕттӕ у:
зардзынӕн ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн зарджыты зӕлтӕй.
9 Райхъал у, мӕ уд, райхъал ут,
дала-фӕндыр ӕмӕ дыууадӕстӕнон!
Райхъал кӕндзынӕн сӕуӕхсид!
10 Адӕмты ӕхсӕн Дӕ стаудзынӕн, О Дунедарӕг;
стаудзынӕн Дӕ мӕ зарджыты зӕлтӕй
знӕгты ӕхсӕн.
11 Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх, арвы онг,
Дӕ рӕстад – ӕврӕгъты онг.
12 Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд дӕ ном, Хуыцау,
ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад!
57 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг.
2 Куы фӕдзурут, уӕд рӕстдзинадӕн
йӕ дзых не 'хгӕнут?
Уӕ тӕрхон, мыййаг, ӕнӕхӕрам у,
адӕймаджы фырттӕ?
3 Хӕрам уӕ зӕрдӕтӕй рацӕуы;
зӕххыл уӕ къухтӕ барыныл барынц тыхми.
4 Фыдлӕгтӕн суанг сӕ мады гуыбынӕй
сӕ фӕндаг зылын у,
ныдздзӕгъӕл вӕййынц,
сӕ райгуырынӕй дзурынц мӕнг.
5 Сӕ марг у калмы маргау;
сты ахӕм къуырма калмы хуызӕн,
йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны
6 Ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты хъӕлӕсмӕ чи нӕ хъусы,
кӕд тӕккӕ дӕсныдӕр кӕлӕнгӕнӕг у, уӕддӕр.
7 О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын сӕ комы ныссӕтт;
уыцы домбӕйтты ыссыртӕ
ныппырх кӕн, Дунедарӕг!
8 Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау;
се 'рдынбостӕ куы айвазой,
уӕд сӕ фаттӕ асӕттӕнт.
9 Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау;
фыдӕнхъӕл сылгоймаджы сывӕллонау
хуры рухс ма фенӕнт.
10 Цалынмӕ уӕ цуайнӕгтӕ
какон сындзыты артмӕ не схъарм сты –
ӕнӕсыгъд ӕмӕ ӕрдӕгсыгъд –
уӕдмӕ уӕ мӕлӕт фӕхӕссӕд.
11 Рӕстгӕнӕг бацин кӕндзӕни,
мастисыны бон куы фена, уӕд;
ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕрӕхсдзӕни фыдлӕджы туджы.
12 Ӕмӕ адӕм зӕгъдзысты:
«Рӕстгӕнӕг ӕцӕгӕй райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг!
Уӕдӕ зӕххыл ӕцӕгӕйдӕр ис
тӕрхонгӕнӕг Хуыцау!»
58 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг,
Йӕ амарыны тыххӕй йын Саул
йӕ хӕдзармӕ хъусдарӕг куы арвыста,
уый фӕдыл.
2 Мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ме знӕгтӕй;
мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыдонӕй мӕ бахъахъхъӕн.
3 Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй;
фервӕзын мӕ кӕн тугцъиртӕй.
4 Кӕс, куыд къӕппӕввонгӕй лӕууынц мӕ удмӕ;
тыхджынтӕ мӕ ныхмӕ мӕ фыдмийы
ӕмӕ фыдракӕнды тыххӕй
не 'рӕмбырд сты, Дунедарӕг.
5 Ӕз аххосджын нӕ дӕн,
афтӕмӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц гӕрзифтонгӕй;