Страница 11 из 27
фӕзын, ӕркӕс мӕ дзыназынмӕ.
6 Ды, Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
Израилы Хуыцау, рацу ӕппӕт адӕмы бафхӕрынмӕ,
Дӕуыл гадзрахатӕй чи рацыди,
уыдонӕй иуыл дӕр ма бацауӕрд. ||
7 Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
8 Кӕс-ма, сӕ дзыхӕй цы ныхӕстӕ рацӕуы,
цыма се 'взӕгтӕ цирхъытӕ сты
ӕмӕ фӕзӕгъынц: «Чи нӕ хъусы?»
9 Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг;
Ды фегад кӕндзынӕ ӕппӕт адӕмты.
10 Мӕ тых Ды дӕ, ме скаст Дӕумӕ у,
уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕ мӕсыг дӕ.
11 Мӕ аудӕг Хуыцау мӕ разӕй цӕудзӕн;
Хуыцау мын ратдзӕни ме знӕгтӕм
райгӕйӕ кӕсыны фадат.
12 Ма сӕ фӕцӕгъд ӕвиппайды,
цӕмӕй мӕ адӕмӕй ма ферох уа;
ныффӕйлау сӕ Дӕ хъаруйӕ,
ӕрхауын сӕ кӕн, Дунедарӕг – нӕ уарт.
13 Сӕ тӕригъӕд – сӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ;
уадз, куыд схъал сты, афтӕ сӕхи хызы бахауӕнт,
уымӕн ӕмӕ ӕлгъыст ӕмӕ мӕнг – сӕ былалгъыл.
14 Кӕрон сын скӕн карзӕй, кӕрон, ӕмӕ мауал уой.
Уӕд базондзысты зӕххы кӕронмӕ,
Иаковӕн Хуыцау йӕ Паддзах кӕй у. ||
15 Уыдон ӕрбаздӕхынц изӕрӕй,
ниуынц куыйтау ӕмӕ зилынц сахары алыварс.
16 Уыдон зилынц хойраг агурӕг
ӕмӕ йӕ куы нӕ ссарынц, уӕд фӕниуынц.
17 Ӕз та зардзынӕн Дӕ тыхыл,
сӕумӕйӕ расиддзынӕн Дӕ хорзӕх;
уымӕн ӕмӕ мын фыдӕхы заман
мӕсыг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг Ды уыдтӕ.
18 Ды мӕ тых дӕ! Ӕз Дӕуыл зардзынӕн,
уымӕн ӕмӕ Ды, Хуыцау, мӕнӕн мӕсыг дӕ,
мӕ уарзӕгой Хуыцау.
59 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Фарны кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Давиды кадӕг.
Ныффыста йӕ ахуыр кӕнынӕн,
2 Месопотамаг Сириимӕ
ӕмӕ Цованаг Сириимӕ куы хӕцыди,
Иоав фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Цӕхджын дӕлвӕзы
дыууадӕс мин идумейагыл куы фӕуӕлахиз,
уый фӕдыл.
3 О Хуыцау, Ды ныл атигъ кодтай Дӕхи;
Ды нӕ ныссастай, смӕсты нӕм дӕ,
фӕлӕ нӕм ныр Де 'ргом раздах.
4 Ды банкъуыстай зӕхх ӕмӕ аскъуыдтӕ;
сдзӕбӕх ын кӕн йӕ цӕфтӕ,
уымӕн ӕмӕ уый йӕ ризынӕй не 'нцайы.
5 Дӕ адӕмӕн бавзарын кодтай стыр зынтӕ,
бадардтай нын Дӕ азары сӕн.
6 Сис тырыса, Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон сӕрмӕ,
цӕмӕй йӕ иумӕ айтындзой фатты ныхмӕ, ||
7 Ӕмӕ фервӕзой Дӕ уарзон адӕм;
ссӕрибар нӕ кӕн Дӕ рахиз цонгӕй,
дзуапп ратт нӕ куывдӕн.
8 Хуыцау Йӕ рухс Кувӕндоны загъта:
«Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
Сихем байуардзынӕн,
Сокхофы дӕлвӕз дӕр ныддихтӕ кӕндзынӕн.
9 Мӕн у Галаад, Мӕн у Манасси,
Ефрем – мӕ сӕрӕн згъӕрхуд,
Иуда – Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
10 Моав Мӕ хихсӕн кӕхц у;
Едомыл ӕрӕвӕрдзынӕн Мӕ къах.
Мӕ размӕ рацу цины хъӕримӕ, филистимаг зӕхх!»
11 Чи мӕ бакӕндзӕн фидар сахармӕ?
Чи мӕ бахӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ?
12 Уый Ды нӕ уыдзынӕ, мыййаг, Хуыцау,
Йӕхи ныл чи атигъ кодта
ӕмӕ не 'фсадимӕ чи нал рацӕуы, уыцы Хуыцау?
13 Баххуыс нын кӕн тыхӕвзарӕны,
уымӕн ӕмӕ адӕймаджы ӕххуыс ницы у.
14 Хуыцауимӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм;
Уый ныссӕнддзӕн не знӕгты Йӕ къӕхты бын.
60 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2 О Хуыцау, фехъус мӕ дзыназын,
байхъус мӕ куывдмӕ.
3 Зӕххы кӕронӕй Дӕм дзурын уынгӕг зӕрдӕйӕ;
схон мӕ, мӕ бон кӕдӕм нӕу схизын,
уыцы къӕдзӕхмӕ.
4 Ды дӕ ме 'мбӕхсӕн,
Ды мӕ фидар мӕсыг дӕ ме знӕгты ныхмӕ.
5 Фӕнды мӕ Дӕ Кувӕндоны мыггагмӕ цӕрын,
Дӕ дӕлбазыр ӕдас куыд уон, афтӕ. ||
6 Уымӕн ӕмӕ фехъуыстай мӕ зӕрдӕвӕрд, Хуыцау,
ӕмӕ мын бынтӕ радтай,
Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдонимӕ.
7 Паддзахы цӕрӕнбонтыл бафтау,
бирӕ фӕлтӕртимӕ куыд фӕцӕра, афтӕ.
8 Ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы раз
баддзӕни паддзахы бадӕны.
Хъахъхъӕнӕд ӕй Дӕ уарзондзинад ӕмӕ рӕстад!
9 Ӕз та мыггагмӕ дӕр зардзынӕн
Дӕ номы кадӕн,
дзырд Дын цӕй тыххӕй радтон,
уыдон ӕххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон.
61 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
Едифумӕн.
Давиды псалом.
2 Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссары мӕ уд ӕнцой;
Уымӕй у мӕ ирвӕзындзинад.
3 Ӕрмӕст Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нал фӕгуырысхо уыдзынӕн.
4 Сымах та кӕдмӕ знаггад кӕндзыстут
адӕймагӕн уе 'ппӕт дӕр, куыд фӕцуда, афтӕ?
Ӕнӕуый дӕр кӕлӕддзаг къулӕй
ӕмӕ саст быруйӕ уӕлдай нӕу.
5 Уыдон хъавынц бӕрзондӕй йӕ раппарынмӕ;
сайын сын у ӕхцон, ӕвзагӕй арфӕ кӕнынц,
хинымӕр та – ӕлгъитгӕ. ||
6 Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссар, мӕ уд, ӕнцой;
уымӕн ӕмӕ Уымӕй у мӕ ныфс.
7 Иунӕг Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нӕ фӕгуырысхо уыдзынӕн.
8 Хуыцауӕй аразгӕ сты мӕ ирвӕзт ӕмӕ кад;
Уый мӕ фидар къӕдзӕх у, ме 'мбӕхсӕн.
9 О адӕм, уӕ зӕрдӕ Йыл дарут кӕддӕриддӕр;
уӕ зӕрдӕты цы ис, уый Йын раргом кӕнут:
Хуыцау нӕ сӕрылхӕцӕг у. ||
10 Мӕнг сты адӕймӕгтӕ,
фӕлывд сты лӕджы фырттӕ.
Барӕнтыл сӕ куы ӕрӕвӕрай,
уӕд иууылдӕр иумӕ уӕлдӕфӕй рогдӕр сты.
11 Ныфс уӕ ма уӕд стигъынӕй,
давынӕй схъӕл ма ут;
уӕ мулк куы сбирӕ вӕййы,
уӕд ын уӕ зӕрдӕ ма раттут.
12 Хуыцау загъта иу хатт,
ӕмӕ йӕ ӕз дыууӕ хатты фехъуыстон,
тых Хуыцаумӕ кӕй ис,
13 Ӕмӕ дӕумӕ кӕй ис, Дунедарӕг, хорзӕх.
Бӕлвырд, Ды алкӕмӕн дӕр
йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕттыс.
62 Псалом
1 Давиды псалом.
Иудейаг ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди,
уый фӕдыл.
2 О Хуыцау, Ды мӕ Хуыцау дӕ!
Сӕуӕхсидӕй агурын Дӕу.
Слӕмӕги мӕ уд ӕнӕдон, хус
ӕмӕ сыгъд быдыры Дӕумӕ бӕлгӕйӕ,
3 Цӕмӕй фенон Дӕ тых ӕмӕ Дӕ кад,
Кувӕндоны Дӕ куыд уыдтон, афтӕ.
4 Уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕх хуыздӕр у цардӕй,
ӕмӕ Дӕуӕй ӕппӕлӕн ныхас
уыдзӕни мӕ былалгъыл.
5 Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ Дӕ стаудзынӕн;
Дӕ номыл мӕ къухтӕ сдардзынӕн уӕлӕрвтӕм.
6 Сойӕ ӕмӕ фиуӕй бафсӕдӕгау
бафсӕды мӕ уд,
ӕмӕ райгӕ ӕппӕлын Дӕуӕй,
7 Мӕ хуыссӕны Дӕ куы ӕрымысын,
ӕнӕхъӕн ӕхсӕв мӕ хъуыдытӕ
Дӕуыл куы вӕййынц, уӕд.
8 Уымӕн ӕмӕ Ды ме 'ххуысгӕнӕг дӕ,
ӕмӕ Дӕ дӕлбазыр цинӕй зардзынӕн.
9 Мӕ уд нӕ комы Дӕуӕй фӕхицӕн;
Дӕ рахиз цонгӕй хӕцыс мӕныл.
10 Мӕ уд фесафынмӕ чи бӕллы,
уыдон ингӕны хай бауыдзысты.
11 Фӕцӕгъддзысты сӕ цирхъы комӕй
ӕмӕ рувӕстӕн уыдзысты амӕддаг.
12 Паддзахӕн та йӕ цин Хуыцау уыдзӕни;
Хуыцауы номӕй алы сомыгӕнӕг дӕр
Йӕ кадӕй хай райсдзӕни,
мӕнгдзурджытӕ та багомыг уыдзысты.
63 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 О Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс, мӕ лӕгъстӕ;
мӕ цард мын бахиз ӕвирхъау знагӕй.
3 Фыдлӕгты сусӕгвӕндтӕй,
змӕнтӕг фыдгӕнджытӕй бамбӕхс мӕн.
4 Уыдон сцыргъ кодтой се 'взӕгтӕ цирхъау,
айвӕзтой се 'рдынбос – сӕ рӕхойӕн ныхас,
5 Рӕстаг адӕймаджы сусӕг ранӕй бахсынӕввонг;
ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фехсынц
ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр нӕ кӕнынц.
6 Сӕ фыдвӕндтыл фидарӕй хӕцынц;
сӕ уынаффӕ у сусӕгӕй къӕппӕг сӕвӕрыныл,
ӕмӕ дзурынц: «Чи йӕ фендзӕн?»
7 Уыдон нывӕндынц сӕ хинтӕ ӕмӕ дзурынц:
«Хорз фӕнд ӕрымысыдыстӕм».
Ӕцӕгӕй дӕр, адӕймаджы хъуыдытӕм
ӕмӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм ныккӕсӕн нӕй.
8 Фӕлӕ сӕ Хуыцау бахсдзӕн фатӕй;
ӕнӕнхъӕлӕджы бабын уыдзысты.
9 Хуыцау сын се 'взаг сӕхи ныхмӕ сараздзӕни
ӕмӕ сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ;
чи сӕ уына, уыдон сыл сӕ сӕртӕ ӕнкъусдзысты.
10 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы бацӕудзӕн тас,
дзурдзысты Хуыцауы хъуыддӕгтыл
ӕмӕ уӕд базондзысты – уый Хуыцау сарӕзта.
11 Рӕстгӕнӕг та сцин кӕнӕд Дунедарӕгыл,
Уый йын уыдзӕн сӕрылхӕцӕг;
ӕмӕ 'ппӕт рӕстытӕ зӕрдиагӕй стауӕнт Хуыцауы.
64 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
Зарӕг.
2 Сионыл ис Дӕуӕн Дӕ кад ӕмӕ Де 'нцой, Хуыцау;
ӕмӕ сӕххӕст уыдзысты,
Дӕуӕн дзырд лӕвӕрд цӕй тыххӕй уыд, уыдон.
3 Ды хъусыс адӕймаджы кувынмӕ;
Дӕумӕ цӕуы алчидӕр ӕххуысагур.
4 Тӕригъӕды дӕлбар куы уыдыстӕм,
уӕд нын ныббарстай нӕ фыдракӕндтӕ.
5 Тӕхудиаг сты, Дӕ кӕртмӕ
цӕрынмӕ кӕй сӕвзӕрстай
ӕмӕ Дӕхимӕ кӕй ӕрбахӕстӕг кодтай, уыдон.
Мах уыдзыстӕм ӕфсӕст Дӕ Хӕдзары,
Дӕ сыгъдӕг Кувӕндоны цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй.
6 Ды хъусыс мӕнмӕ, О нӕ Хуыцау,
Йӕ раст тӕрхон тас кӕмӕн ӕфтауы,
ӕппӕт зӕххӕн ӕмӕ дард денджызтӕн ныфс Чи у,
7 Йӕ тыхӕй хӕхтӕ ӕрӕвӕрӕг,
стыр хъомысӕй ифтонг,
8 Денджызты ӕмбухын, йӕ уылӕнты хъӕр
ӕмӕ знӕт адӕмты сабыргӕнӕг!
9 Дард зӕххыл цӕрджыты
тас бауадзынц Дӕ диссӕгтӕ;
сӕуӕхсид ӕмӕ зӕрӕхсиды
райхъал кӕнынц цинӕй зарынмӕ.
10 Барӕвдауыс зӕхх, бафсадыс ӕй донӕй,
бафтауыс ын йӕ бӕркадыл;
Хуыцауы донвӕдтӕ кӕддӕриддӕр дзаг сты донӕй,
цӕмӕй зӕххыл зайа хор,
уымӕн ӕмӕ йын ахӕм фӕтк сӕвӕрдтай.
11 Йӕ ауӕдзтӕ йын бафсадыс донӕй,
адӕг ауадзыс йӕ къуыбӕрттыл,
сфӕлмӕн ӕй кӕныс къӕвдайы 'ртӕхтӕй,
арфӕ бафтауыс хорыл.
12 Бӕркадджын у Дӕ арфӕйы аз,
Дӕ къахвӕдтӕй кӕлы сой.
13 Уыдон ӕдзӕрӕг хизӕнтыл пырх кӕнынц дон,
обӕуттӕ дзаг кӕнынц цинӕй.
14 Уыгӕрдӕнтӕ сӕхи сфӕлыстой фосы дзугтӕй,
дӕлвӕзты зӕу-зӕу кӕны хор –
хъуысы сӕ цин ӕмӕ зарын.
65 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Зарӕг.
Псалом.
Стау Хуыцауы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт дуне!
2 Зарут Йӕ номы кадыл;
скӕнут Ын Йӕ кад бӕрзонд,
3 Зӕгъут Хуыцауӕн:
«Куыд тасӕфтауӕг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ!
Хъомысджын дӕ Ды,
Де знӕгтӕ лӕгъстӕйаг уыдзысты Дӕуӕн.