Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 16 из 27

15 Арт хъӕды къох куыд басудзы,

зынгирвӕзт обӕутты куыд сарауы,

16 Афтӕ сӕ сурӕд Дӕ уад,

Дӕ тыхдымгӕ сӕ баййафӕд.

17 Сӕ цӕсгом сын фегад кӕн, Хуыцау,

Дӕ ном куыд ӕрцагурой, О Дунедарӕг.

18 Ӕгадӕй ӕмӕ тӕрсгӕйӕ цӕрӕнт мыггагмӕ,

фӕхудинаг ӕмӕ бабын уӕнт.

19 Уадз базоной, Дунедарӕг ӕрмӕст Дӕ ном кӕй у –

ӕппӕт зӕххы Бӕрзонд Хуыцау Ды дӕ.

83 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;

«Гат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.

Корейы фыртты псалом.

2 Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат,

Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!

3 Тырны мӕ уд ӕмӕ бафӕллад

Дунедарӕджы кӕртмӕ бӕлгӕйӕ;

мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар цинӕй скъӕфынц мӕн

цардӕгас Хуыцаумӕ.

4 Сырддонцъиу дӕр ма ссары йӕхицӕн хӕдзар,

зӕрватыкк – ахстон йӕ лӕппынтӕн

Дӕ нывондхӕссӕны рӕбын,

О Уӕлахизгӕнӕг Хицау,

мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!

5 Тӕхудиаг сты Дӕ Хӕдзары цӕрджытӕ:

уыдон иудадзыг стауынц Дӕу. ||

6 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,

йӕ тых Дӕуӕй кӕмӕн у,

Дӕ бӕрзонд фӕндаг кӕй зӕрдӕ равзӕрста.

7 Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ,

уыдон уым ссарынц суадӕттӕ,

ӕмӕ сын фыццаг къӕвда арфӕ ӕрхӕссы.

8 Уыдон цӕугӕйӕ кӕнынц тыхджынӕй тыхджындӕр,

цалынмӕ Сионыл Хуыцауы раз не 'рлӕууынц.

9 О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,

фехъус мӕ кувын;

Дӕ хъус мӕм ӕрдар, Иаковы Хуыцау. ||

10 Ӕркӕс, О Хуыцау – нӕ хъахъхъӕнӕг

ӕмӕ Дӕ цӕстӕнгас раздах Де 'взӕрстмӕ.

11 Дӕ кӕрты иу бон, искуы мингай бонтӕ ӕрвитынӕй

хуыздӕр у.

Фыдӕхы цатыры цӕрынӕй

мӕ Хуыцауы Хӕдзары къӕсӕры цур лӕууын

ӕхцондӕр у.

12 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау

нӕ хур ӕмӕ нӕ уарт у;

Дунедарӕг дӕтты фарн ӕмӕ цыт.

Ӕнаипп цардӕй чи цӕры,

уыдоны ӕнӕхай нӕ уадзы хорзӕхӕй.

13 О Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!

Тӕхудиаг у,

Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыцы адӕймаг.

84 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.

Корейы фыртты псалом.

2 Дӕ хорзӕх равдыстай Дӕ зӕххмӕ, Дунедарӕг,

Иаковы ракодтай уацарӕй.

3 Дӕ адӕмӕн ныббарстай сӕ азымтӕ,

ныххатыр сын кодтай се 'ппӕт тӕригъӕдтӕ. ||

4 Аиуварс кодтай Де 'ппӕт азар уыдонӕй,

Де 'хсидгӕ маст сӕ аздӕхтай.

5 Ӕмӕ та нын сног кӕн нӕ тых,

нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,

ӕмӕ нӕм мауал мӕсты кӕн.

6 Ау, мыггагмӕ нӕм тызмӕг уыдзынӕ,

Дӕ маст фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕсдзынӕ?

7 Ау, нӕ тых нын нал сног кӕндзынӕ,

Дӕ адӕмы цин Дӕуыл куыд уа, афтӕ?

8 Равдис нӕм, Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх

ӕмӕ нын ратт Дӕ ирвӕзындзинад.

9 Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ;

Йӕ адӕмӕн, Йӕ сыгъдӕджытӕн

Уый дзуры фарн –

ӕрмӕст ногӕй ӕнӕзонд фӕндагыл ма ныллӕууӕд.

10 Бӕлвырд, чи Дзы тӕрсы,

уыдонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад хӕстӕг у,

цӕмӕй Хуыцауы кад цӕра нӕ зӕххыл.

11 Уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты;

рӕстад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.

12 Иузӕрдиондзинад зӕххӕй ссӕудзӕни,

рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕлӕрвтӕй;

13 Ӕмӕ нын Дунедарӕг ратдзӕни фарн,

ӕмӕ нӕ зӕхх ӕрхӕсдзӕни тыллӕг.

14 Рӕстад цӕудзӕни Хуыцауы разӕй

ӕмӕ цӕттӕ кӕндзӕн Йӕ къахвӕдтӕн фӕндаг.

85 Псалом

1 Давиды куывд.

Фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, О Дунедарӕг,

уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн.

2 Мӕ уд мын бахиз,

уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн Дӕуыл;

Ды мӕ Хуыцау дӕ, фервӕзын кӕн мӕн –

Дӕуыл йӕ ныфс ӕвӕрӕг цагъары.

3 Батӕригъӕд мын кӕн, мӕ Хицау Хуыцау,

уымӕн ӕмӕ сӕумӕйӕ изӕрмӕ Дӕумӕ кувын.

4 Дӕ цагъары зӕрдӕ барухс кӕн, Хуыцау,

уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ уды сагъӕс.

5 Ды фӕрнджын ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ,

мӕ Хицау Хуыцау,

Дӕ хорзӕх ӕнӕкӕрон у Дӕумӕ кувджытӕм.

6 Фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувын;

ӕркӕс мӕ кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕмӕ.

7 Мӕ тыхст бон Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ,

уымӕн ӕмӕ Ды дзуапп ратдзынӕ мӕнӕн.

8 Нӕй хуыцӕутты ӕхсӕн Дӕу хуызӕн, Дунедарӕг,

ӕмӕ нӕй Дӕ хъуыддӕгты хуызӕн.

9 Ды кӕй сфӕлдыстай, уыцы адӕмтӕ

се 'ппӕт дӕр ӕрлӕудзысты Дӕ разы

ӕмӕ Дын бакувдзысты, О Дунедарӕг;

уыдон скадджын кӕндзысты Дӕ ном.

10 Уымӕн ӕмӕ стыр дӕ Ды,

ӕмӕ аразыс диссӕгтӕ;

иунӕг Ды дӕ Хуыцау.

11 Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын, Дунедарӕг,

ӕмӕ Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕн;

ратт мӕ зӕрдӕйӕн ӕххӕст фӕндон –

Дӕуӕй куыд тӕрсон.

12 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕу стаудзынӕн,

Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;

мыггагмӕ кадджын кӕндзынӕн Дӕ ном.

13 Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх мӕнмӕ;

мӕ уд мын бахызтай арф ингӕнӕй.

14 О Хуыцау, хъалтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,

тыхгӕнджыты бал мӕ агуры марынмӕ –

уыдон нӕ нымайынц Дӕу.

15 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ

ӕмӕ хатыргӕнӕг,

бирӕбыхсон ӕмӕ иузӕрдион дӕ,

ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт.

16 Де 'ргом раздах мӕнмӕ, батӕригъӕд мын кӕн;

Дӕ тыхӕй бахай кӕн Дӕ цагъарӕн –

фервӕзын кӕн Дӕуӕн лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы

хъӕбулы!

17 Равдис мыл Дӕ аудыны нысан,

мӕ фыдгултӕ йӕ куыд феной ӕмӕ фегад уой,

уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг,

баххуыс кодтай мӕнӕн ӕмӕ мӕ барӕвдыдтай.

86 Псалом

1 Корейы фыртты псалом.

Зарӕг.

2 Хуыцау сыгъдӕг хохыл сӕвӕрдта Йӕ бындур;

Сионы кулдуар[19] Дунедарӕг

Иаковы ӕппӕт цӕрӕн бынӕттӕй фылдӕр уарзы.

3 Де стырады кой хъуысы, Хуыцауы сахар! ||

4 Мӕн чи зоны, уыдонӕн ӕрымысдзынӕн Раав[20]

ӕмӕ Вавилон;

филистимӕгтӕ дӕр, Тир

ӕмӕ Ефиопи дӕр зӕгъдзысты:

«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд».

5 Сионы тыххӕй дзурдзысты:

«Ацы адӕймаг ӕмӕ уыцы адӕймаг дӕр

уым райгуырдысты,

ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта

бындур Сионӕн».

6 Адӕмты сфысты Дунедарӕг ныффысдзӕн:

«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг уым райгуырд». ||

7 Уыдон цӕгъддзысты ӕмӕ зардзысты:

«Ме 'ппӕт арфӕйы суадӕттӕ Дӕумӕ сты».

87 Псалом

1 Зарӕг.

Корейы фыртты псалом.

Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ, зарынӕн;

уадынгарзыл.

Еман Езрахийы зондамонӕн ныхас.

2 Дунедарӕг, Мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,

Дӕ разы дзыназын ӕхсӕв ӕмӕ бон.

3 Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ кувын,

фехъус мӕ кӕуын.

4 Уымӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй байдзаг мӕ уд;

мӕ къах – мӕрдты бӕстӕйы къӕсӕрыл.

5 Мӕн нымайынц, ингӕнмӕ чи фӕцӕуы,

уыдонӕй иуыл;

ӕз сдӕн, тых кӕмӕ нал ис, уыцы адӕймагау.

6 Мӕрдты ӕхсӕн дӕн ӕппӕрст –

лӕджы къухӕй мардау хуыссын,

Ды кӕй нал хъуыды кӕныс,

ӕмӕ Дӕ арм кӕуыл нал ауды, уыдоны ингӕны.

7 Ныппӕрстай мӕ ӕнӕбын уӕрммӕ,

сау дӕлдзӕхы хай мӕ фӕкодтай.

8 Дӕ судзгӕ маст уӕз кӕны мӕныл,

Дӕ ӕппӕт абухгӕ уылӕнты бын мӕ фӕкодтай. ||

9 Мӕ зонгӕты адард кодтай мӕнӕй,

скодтай мӕ уыдонӕн ӕлгъаг;

ӕхгӕды дӕн, алидзӕн мын нӕй.

10 Сагъӕстӕй тайы мӕ цӕсты рухс;

ӕрвылбон Дӕуӕн лӕгъстӕ кӕнын, Дунедарӕг,

Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ.

11 Ау, мӕрдтыл равдисдзынӕ диссаг?

Ау, мӕрдтӕ рабаддзысты

ӕмӕ Дӕ уыдон стаудзысты?

12 Дӕ хорзӕхыл ингӕны дзурдзысты

ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинадыл – мӕрдты дунейы?

13 Талынджы ма Дӕ диссӕгтӕ фенӕн ис,

кӕнӕ рох зӕххы арфы – Дӕ рӕстдзинад?

14 Фӕлӕ ӕз Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ, Дунедарӕг;

сӕумӕйӕ Дӕм мӕ кувын схӕццӕ вӕййы.

15 О Дунедарӕг, цӕмӕн атигъ кодтай мӕ удыл Дӕхи,

ӕмӕ цӕмӕн аздӕхтай Де 'ргом мӕнӕй?

16 Ме 'взонджы бонтӕй-иу ӕфхӕрд

ӕмӕ мӕлынӕввонг уыдтӕн;

ныр дӕр Дӕ азар ӕвзарын, ӕмӕ мӕ ныфс сӕтты.

17 Мӕ сӕрты акалд Дӕ фыцгӕ маст;

Дӕ судзгӕ азар мӕ раууатмӕ ӕркодта.

18 Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕ алыварс сты донивылдау,

иумӕ мӕ ӕрбалвӕстой.

19 Ды адард кодтай мӕнӕй мӕ зӕрдиаг ӕмбал

ӕмӕ хӕлары;

талынг – мӕ иунӕг ӕмбал.

88 Псалом

1 Ефам Езрахийы зондамонӕн псалом.

2 Мыггагмӕ зардзынӕн Дунедарӕджы стыр хорзӕхыл;

фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хъусын кӕндзынӕн,

Ды иузӕрдион кӕй дӕ, уый.

3 Дӕ хорзӕх ӕнусмӕ кӕй цӕрдзӕни;

Дӕ иузӕрдиондзинад – ӕнӕфӕцудгӕ уӕлӕрвты.

Ды загътай:

4 «Ӕз сарӕзтон фидыд Ме 'взӕрстимӕ,

сомы ракодтон Мӕ цагъар Давидӕн:

5 Дӕ байзӕддагӕн мыггагмӕйы бындур

сӕвӕрдзынӕн,

дӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у

фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». ||

6 Уӕлӕрвтӕ скад кӕндзысты Дӕ диссаджы

хъуыддӕгтӕн, Дунедарӕг,

сыгъдӕджыты ӕмбырды стаудзысты Дӕ ӕцӕгад.

7 Дунедарӕгыл йӕхи чи абара,

ахӕм чи разындзӕн уӕлӕрвты?

Хуыцауы фыртты ӕхсӕн

Дунедарӕджы хуызӕн чи у?

8 Сыгъдӕджыты ӕмбырды тынг тӕрсынц Хуыцауӕй;

Йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн се 'ппӕтӕй

тӕссагдӕр у Уый.

9 Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,

чи у Дӕ хуызӕн?

Ды ӕппӕтӕй тыхджындӕр дӕ, О Дунедарӕг,

Дӕ иузӕрдиондзинад – Дӕ алыварс.

10 Ды паддзахиуӕг кӕныс знӕт денджызыл;

йӕ уылӕнтӕ куы сыстынц,

уӕд сӕ ныссабыр кӕныс.

11 Цыма мард уыдис, афтӕ ӕнцонӕй фӕуӕлахиз дӕ

Раавыл;

Дӕ хъаруджын цонгӕй ныффӕйлыдтай Де знӕгты.

12 Арв Дӕу у, Дӕу у зӕхх дӕр;

дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис,

уыдон Ды скодтай.

13 Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ды сфӕлдыстай;

Фавор ӕмӕ Ермон Дӕ номы кадӕй райынц.

14 Хъӕддых у Дӕ цонг, тыхджын у Дӕ арм,

Дӕ рахиз къух бӕрзонд систай адӕмты сӕрмӕ.

15 Дӕ паддзахады бындур –

рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.

Хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад Дӕ разӕй цӕуынц.

16 Тӕхудиаг сты, Дӕу цытджын зарджытӕй

чи стауы, уыцы адӕм!

Уыдон Дӕ цӕсгомы рухсмӕ цӕрынц, Дунедарӕг.

17 Сӕумӕйӕ изӕрмӕ сӕ цин Дӕ номыл у,

Дӕ рӕстад сӕ сисы бӕрзонд.

18 Сӕ кад ӕмӕ тых Ды дӕ,

Претензии к содержанию