Страница 17 из 27
Дӕ аудынӕй ӕфты нӕ тыхыл.
19 Уымӕн ӕмӕ нӕ уарт Дунедарӕгӕй лӕвӕрд у,
Израилы Сыгъдӕгӕй – нӕ паддзах.
20 Кӕддӕр раргом кодтай Дӕ рӕстгӕнджытӕн
ӕмӕ загътай:
«Ӕз баххуыс кодтон ӕхсарджын фӕтӕгӕн;
сбӕрзонд кодтон адӕмӕй Ме 'взӕрсты.
21 Ӕз ссардтон Мӕ цагъар Давиды,
байсӕрстон ӕй Мӕ сыгъдӕг зетийӕ.
22 Мӕ арм ын уыдзӕни мыггагмӕ ӕххуыс,
Мӕ цонг ӕй фидар кӕндзӕни.
23 Знаг ӕй нӕ басӕтдзӕн,
фыдлӕгтӕй йӕ ничи бафхӕрдзӕн.
24 Йӕ размӕ йын ныддӕрӕн кӕндзынӕн
йӕ фыдгулты,
ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ӕрцӕвдзынӕн.
25 Ме 'нувыд ӕмӕ Мӕ хорзӕх уыдзысты йемӕ,
Мӕ ном ын ратдзӕни уӕлахиз.
26 Денджызыл ын ӕрӕвӕрдзынӕн йӕ къух,
цӕугӕдӕттыл – йӕ рахиз цонг.
27 Уый мӕ хондзӕни: „Ды мӕ Фыд дӕ,
мӕ Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг къӕдзӕх“.
28 Уый мӕнӕн уыдзӕни хистӕр фырт,
зӕххон паддзӕхтӕй се 'ппӕтӕй стырдӕр.
29 Мӕ хорзӕх йемӕ уыдзӕни мыггагмӕ,
Мӕ фидыд йемӕ скӕндзынӕн ӕнӕфехӕлгӕ.
30 Йӕ хӕдзарвӕндаг ын адаргъ кӕндзынӕн ӕнустӕм,
йӕ паддзахы бадӕн – арвӕн йӕ бонтау.
31 Йӕ цот Ме 'гъдау куы фехалой,
Мӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы нӕ цӕрой,
32 Мӕ уагӕвӕрдты сӕрты куы ахизой,
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы нӕ бавӕрой,
33 Уӕд сӕ Мӕ лӕдзӕгӕй бафхӕрдзынӕн
сӕ фыдмиты тыххӕй,
цӕвынӕй – сӕ азымты тыххӕй.
34 Фӕлӕ йӕ Мӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай
нӕ фӕкӕндзынӕн,
кӕронмӕ йыл ӕнувыдӕй баззайдзынӕн.
35 Мӕ фидыд нӕ аивдзынӕн,
ӕмӕ мӕ дзыхӕй цы рацыд,
уый нӕ фӕсайдзынӕн.
36 Ӕз иухатт карз сомы ракодтон Мӕ сыгъдӕг номӕй –
Давидӕн мӕнг нӕ зӕгъдзынӕн:
37 Йӕ байзӕддаг цӕрдзӕн мыггагмӕ,
йӕ паддзахы бадӕн, хурау, уыдзӕни Мӕ разы.
38 Мӕйау фидар ӕвӕрд уыдзӕни мыггагмӕ,
уый иузӕрдион ӕвдисӕн куыд у арвыл».
39 Фӕлӕ ныр Дӕхи атигъ кодтай Де 'взӕрст паддзахыл,
Де 'ргом дзы аздӕхтай, стызмӕг ӕм дӕ.
40 Дӕ цагъаримӕ Дӕ фидыд фехӕлдтай,
йӕ паддзахы худ ын ӕрӕппӕрстай зӕххмӕ.
41 Йе 'ппӕт къултӕ йын ныппырх кодтай,
йӕ фидӕрттӕй йын дур дурыл нал ныууагътай.
42 Давынц дзы йӕ рӕзты ӕппӕт цӕуджытӕ;
йӕ сыхаг адӕмтӕн фӕци фидиссаг.
43 Йӕ фыдгулты рахиз къухтыл схӕцыдтӕ бӕрзонд,
йе 'ппӕт знӕгтӕн радтай цин.
44 Ды йын скъуымых кодтай йӕ цирхъы ком,
тохы быдыры йын хъару нӕ радтай.
45 Байстай йын йӕ намыс,
йӕ паддзахы бадӕн ын раппӕрстай зӕхмӕ.
46 Йе 'взонджыбонтӕ йын фӕцыбыр кодтай,
ӕгады ном ыл сӕвӕрдтай. ||
47 Кӕдмӕ, Дунедарӕг?
Мыггагмӕ ӕмбӕхсдзынӕ Дӕхи?
Артау кӕдмӕ судздзӕни Дӕ азар?
48 Ӕрымыс, мӕ цард куыд цыбыр у:
ахӕм хъысмӕтӕн сфӕлдыстай ӕппӕт адӕмы?
49 Адӕмӕй чи царди, ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ федта,
ингӕны комӕй чи бахызта йӕхи?
50 Кӕм ис Дӕ раздӕры хорзӕх, Дунедарӕг?
Ды Давидӕн сомы кодтай Дӕ иузӕрдиондзинадӕй.
51 Ӕрымыс, Дунедарӕг, Дӕ цагъарты куыд ӕгад кодтой;
адӕмты тыхджынтӕй уый мӕ зӕрдӕйы хӕссын.
52 Куыд ӕгад кӕнынц Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд ӕгад кӕнынц Де 'взӕрстӕн йӕ фӕндаг!
53 Арфӕгонд у Дунедарӕг мыггагмӕ!
Амен, амен!
89 Псалом
1 Хуыцауы цагъар Моисейы куывд.
2 Дунедарӕг, Ды уыдтӕ не 'нцойы бынат
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
3 Цалынмӕ хӕхтӕ райгуырдысты,
зӕхх ӕмӕ дун-дуне скодтай –
ӕнустӕй ӕнустӕм Ды дӕ Хуыцау.
4 Адӕймаджы аздахыс сыджытмӕ ӕмӕ фӕзӕгъыс:
«Аздӕхут сыджытмӕ, адӕймаджы фырттӕ!»
5 Уымӕн ӕмӕ Дӕ цӕсты мин азы сты зноны бонау,
кӕркуасӕнты афонау чи аивгъуыйы.
6 Ивылд донау ахӕссыс адӕмы;
уыдон – мӕрдон фынау,
райсомы кӕрдӕгау ӕрбайсӕфынц.
Уый райсомӕй ӕрзайы, изӕрмӕ та аивгъуыйы –
бампылы ӕмӕ бахус вӕййы.
7 Уымӕн ӕмӕ нӕм тызмӕг кӕныс,
ӕмӕ нын кӕрон ӕрхӕццӕ кӕны,
Дӕ азарӕй нӕ тас бацӕуы.
8 Нӕ азымтӕ ӕрӕвӕрдтай Дӕ разы,
нӕ сусӕггӕгтӕ – Дӕ цӕсгомы рухсмӕ.
9 Дӕ азары бын ӕрвыстам не 'ппӕт бонтӕ;
уынӕргъынау фӕвӕййынц нӕ царды азтӕ.
10 Нӕ царды ӕмгъуыд – дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы,
тыхджындӕртӕн – цыппарыссӕдз азы;
сӕ хуыздӕр афон – уӕззау куыст ӕмӕ низтӕ.
Уымӕн ӕмӕ аивгъуыйынц тагъд,
ӕмӕ мах атӕхӕм бӕстон.
11 Чи зоны Дӕ масты тых?
Ды тас ӕфтауыс, ӕмӕ йын чи зоны йӕ бӕрц,
Дӕ азар куы равдисыс, уӕд?
12 Сахуыр кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын,
цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уӕлзонд ссара.
13 Кӕдмӕ, Дунедарӕг? Раздӕх нӕм!
Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн.
14 Сӕумӕйӕ нӕ бафсад Де стыр хорзӕхӕй,
ӕмӕ не 'ппӕт бонтӕ ӕрвитдзыстӕм райгӕ
ӕмӕ цингӕнгӕйӕ.
15 Цал боны нӕ бафхӕрдтай, уал цины нын ратт,
цал фыдӕхы аз бавзӕрстам, уыйбӕрц.
16 Уадз феной Дӕ цагъартӕ Дӕ ӕрмдзӕф,
сӕ хъӕбултӕ – Де стырад.
17 Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, Дунедарӕг Хуыцау,
ратт нын ӕнтыст нӕ хъуыддӕгты,
ратт ӕнтыст нӕ цӕнгты фӕллойы.
90 Псалом
1 Бӕрзонд Хуыцауы агъуысты бын чи цӕры,
уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой,
2 Зӕгъы Дунедарӕгӕн: «Ды мын хъахъхъӕнӕг
ӕмӕ фидар дӕ, мӕ Хуыцау –
Ууыл дарын мӕ зӕрдӕ!»
3 Уый дӕ бахиздзӕн цуангӕнӕджы сахсӕнӕй,
мӕлӕт хӕссӕг рынӕй.
4 Йӕ систӕй дӕ бамбӕрздзӕн,
ӕмӕ Йӕ дӕлбазыр уыдзынӕ ӕдас;
Йӕ ӕнувыд – дӕ уарт ӕмӕ дӕ фидар.
5 Нӕ фӕтӕрсдзынӕ ӕхсӕвы фыдбылызӕй,
тӕхгӕ фатӕй боныгон,
6 Талынджы ӕрбахъуызӕг рынӕй,
ӕмбисбон бынгӕнӕг низӕй.
7 Мингӕйттӕй ӕрхаудзысты дӕ цуры,
дӕсгай минтӕй – дӕ рахиз фарс,
дӕумӕ та не 'рбахӕстӕг уыдзӕн.
8 Ӕрмӕст кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фендзынӕ,
фыдлӕгтӕ аккаг ӕфхӕрд куыд баййафдзысты, уый.
9 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы сӕвзӕрстай дӕхицӕн
сӕрылхӕцӕгӕн;
Бӕрзонд Хуыцауы равзӕрстай цӕрӕн бынатӕн.
10 Фыдбылыз не ‘рцӕудзӕн дӕуыл,
бӕллӕх дӕ хӕдзармӕ не ‘рбахӕстӕг уыдзӕн,
11 Уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕн -
дӕ алы фӕндагыл дӕр хъахъхъӕндзысты дӕу.
12 Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты,
ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.
13 Маргджын калмыл ӕмӕ домбайыл алӕгӕрддзынӕ,
дӕ къӕхты бын ныккӕндзынӕ тыхджын домбайы
ӕмӕ залиаг калмы.
14 Хуыцау зӕгъдзӕн: «Уый бауарзта Мӕн,
ӕмӕ йӕ бахиздзынӕн;
бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ уый
базыдта Мӕ ном.
15 Сдзурдзӕни Мӕм, ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн,
йӕ фыдбоны уыдзынӕн йемӕ;
бахиздзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.
16 Бафсаддзынӕн ӕй бирӕ цӕргӕбонтӕй
ӕмӕ йын раргом кӕндзынӕн Мӕ ирвӕзындзинад».
91 Псалом
1 Псалом.
Сабаты зарынӕн.
2 Ӕхцон у Дунедарӕджы стауын,
Дӕ номы кадыл зарын, Бӕрзонд Хуыцау.
3 Райсомӕй Дӕ хорзӕх,
ӕхсӕвы та Де 'цӕгад сидын –
4 Хъусын кӕнын дӕсхъисоны,
дыууадӕстӕноны ӕмӕ дала-фӕндыры зӕлтӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ мын Дӕ хъуыддӕгтӕй
цин ӕрхастай, Дунедарӕг;
Дӕ къухӕй цы сарӕзтай, ууыл райын.
6 Куыд стыр сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг,
куыд тынг арф сты Дӕ хъуыдытӕ!
7 Ӕнӕзонд адӕймаг не 'мбары уыдӕттӕ,
ӕнӕмбаргӕ сӕ не 'нкъары;
8 Кӕд фыдлӕгтӕ рӕзынц кӕрдӕгау,
ӕмӕ цардхуыз сты фыдӕхӕн кусджытӕ –
уӕддӕр фӕтары уыдзысты мыггагмӕ.
9 Фӕлӕ Дӕуӕн, Дунедарӕг,
Дӕ кад бӕрзонд у кӕддӕриддӕр!
10 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Де знӕгтӕ, Дунедарӕг,
Де знӕгтӕ ӕнӕмӕнг фӕцагъды уыдзысты,
фыдӕхӕн кусджытӕ иууылдӕр
ныппырхытӕ уыдзысты.
11 Мӕнӕн та радтай уӕлахизгӕнӕг тых,
байсӕрстай мӕ хӕрздӕф зетийӕ.
12 Мӕ цӕстытӕ фендзысты ме знӕгты сӕфт,
мӕ хъустӕ фехъусдзысты мӕ ныхмӕ рацӕуӕг
фыдгӕнджыты хъӕр.
13 Рӕстгӕнӕг дидинӕг калы дыргъбӕласау,
хӕрдмӕ фӕцыди ливайнаг нӕзыйау.
14 Уыдон сагъд сты Дунедарӕджы Хӕдзары
ӕмӕ дидинӕг ӕфтауынц нӕ Хуыцауы кӕртыты.
15 Зӕрондӕй дӕр сты дыргъджын,
ногхуыз ӕмӕ донджын,
16 Цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг рӕстаг кӕй у;
Уый мӕ мӕсыг у,
ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастдзинад нӕй.
92 Псалом
1 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны,
Йӕ кад Йӕ фӕлыст у;
Йӕ фӕлыст у Йӕ кад,
гӕрзифтонг у хъомысӕй Дунедарӕг.
Уымӕ гӕсгӕ лӕууы дун-дуне фидар,
нӕ фенкъуысдзӕн.
2 Дӕ паддзахы бадӕн ӕвӕрд у ӕнусты райдианӕй,
Ды уыдтӕ кӕддӕриддӕр.
3 Хӕрдмӕ сӕхи систой дӕттӕ, Дунедарӕг,
тынгӕй-тынгдӕр систой сӕ уынӕр;
дӕттӕ хӕрдмӕ систой сӕ пырхкалгӕ уылӕнтӕ.
4 Фӕлӕ Хуыцау хъомысджындӕр у бирӕ дӕтты
уынӕрӕй,
денджызты хойгӕ уылӕнтӕй –
хъомысджын у Дунедарӕг уӕлӕрвты.
5 Дӕ уынаффӕтӕ ӕнаивгӕ ӕмӕ ӕцӕг сты;
Дӕ Хӕдзары фидауц у Дӕ сыгъдӕгад
ӕнусы бонтӕм, Дунедарӕг.
93 Псалом
1 О мастисӕг Хуыцау, Дунедарӕг,
мастисӕг Хуыцау, равдис Дӕхи!
2 Рацу, зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг,
бафхӕр сӕрыстырты сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
3 Уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ, О Дунедарӕг,
уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ райдзысты?
4 Сӕ дзыхӕй ракалынц схъӕл дзырдтӕ;
фыдгӕнджытӕ сты се 'ппӕт дӕр хиппӕлой.
5 Ссӕндынц Дӕ адӕмы, Хуыцау,
ӕфхӕрынц Дӕ бындар адӕмы.
6 Марынц сидзӕргӕсы ӕмӕ ӕрцӕуӕггаджы,
сафынц сидзӕрты
7 Ӕмӕ дзурынц: «Нӕ фендзӕн Дунедарӕг,
нӕ базондзӕн Иаковы Хуыцау».
8 Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕнӕзонд адӕм!
Кӕд уӕм ӕрцӕудзӕн зонд, ӕнӕмбаргӕтӕ?
9 Хъус Чи скодта, Уый нӕ фехъусдзӕн?
Цӕст Чи сарӕзта, уый нӕ фендзӕн?
10 Адӕмтӕй дзуапп домӕг не 'рфӕрсдзӕн?
Адӕймагӕн зондамонӕг нӕ базондзӕн?
11 Дунедарӕг зоны адӕймаджы фӕндтӕ –
уыдон ӕдзӕлгъӕды кӕй сты, уый.
12 Тӕхудиаг у,
Ды йӕ рӕдыд кӕмӕн зӕгъыс, Дунедарӕг,