Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 18 из 27

Де 'гъдӕуттыл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг;

13 Уымӕн ӕмӕ йын бӕллӕхы заман ратдзынӕ ӕнцой,

цалынмӕ фыдлӕгӕн уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ.

14 Бӕлвырд, Дунедарӕг нӕ ферох кӕндзӕн Йӕ адӕмы,

нӕ ныууадздзӕн Йӕ бындарты.

15 Ӕмӕ тӕрхон ногӕй ӕрыздӕхдзӕн рӕстдзинадмӕ,

ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕппӕт рӕстзӕрдӕтӕ.

16 Чи сыстдзӕн мӕн тыххӕй фыдлӕгты ныхмӕ?

Мемӕ фыдгӕнджыты ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?

17 Хуыцау мын куы нӕ рарвыстаид ӕххуыс,

уӕд рӕхджы мӕ уд ацыдаид ӕнӕсым ингӕнмӕ.

18 Ӕз куы фӕзӕгъын: «Мӕ къах цуды»,

уӕд Дӕ уарзт, О Дунедарӕг, вӕййы мӕ фидаргӕнӕг.

19 Мӕ катайаг хъуыдытӕ куы сбирӕ вӕййынц,

уӕд Дӕ рӕвдыд ӕхсызгон ӕрхӕссы мӕ удӕн.

20 Хӕрам тӕрхонгӕнджытӕн Демӕ иумӕйагӕй

исты ис, мыййаг –

Де 'гъдауы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн?

21 Уыдон иумӕ ӕмдзырд бакӕнынц

рӕстгӕнӕджы ныхмӕ,

сӕ хӕрам тӕрхонӕй амарынц ӕназымы.

22 Фӕлӕ Дунедарӕг мӕ фидар у,

мӕ Хуыцау – мӕ ӕмбӕхсӕн мӕсыг у.

23 Сӕ фыдракӕндтӕ сын сӕхи сӕрмӕ раздахдзӕн,

сӕ фыдмиты тыххӕй сӕ фӕцӕгъддзӕн;

фӕцӕгъддзӕн сӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.

94 Псалом

1 Ӕрцӕут, цингӕнгӕ азарӕм Дунедарӕгӕн,

хъӕлӕсыдзагӕй арфӕ кӕнӕм

нӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхӕн,

2 Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй,

арфӕ Йын кӕнӕм кады зарджытӕй.

3 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр Хуыцау у,

ӕппӕт хуыцӕутты стыр Паддзах.

4 Зӕххы арфытӕ – Йӕ къухы,

хӕхты сӕртӕ – Йӕхи сты.

5 Денджыз Йӕ денджыз у – Уый йӕ сфӕлдыста,

сурзӕхх дӕр Йӕ къухтӕ скодтой.

6 Ӕрцӕут ӕмӕ Йын ныллӕг бакувӕм,

ӕрхауӕм нӕ зонгуытыл не Сфӕлдисӕг Хуыцауы раз.

7 Уымӕн ӕмӕ Уый нӕ Хуыцау у,

мах та – Йӕ дзуджы адӕм, Йӕ хӕсгӕ фыстӕ.

О, бӕргӕ, сымах абон куы байхъусиккат

Уымӕн Йӕ хъӕлӕсмӕ:

8 «Ма ныддур кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ,

Меривайы[21] ӕдзӕрӕг быдыры

уыцы фӕлварӕн боны куыд кодтат, афтӕ.

9 Уым Мӕ къахтой уӕ фыдӕлтӕ, фӕлвӕрдтой Мӕ,

кӕд Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.

10 Уыцы фӕлтӕрӕй дыууиссӕдз азы

зӕрдӕцъӕх уыдтӕн Ӕз ӕмӕ загътон:

„Ацы адӕм зӕрдӕйӕ фӕдзӕгъӕл сты“;

Мӕ фӕндӕгтӕ нӕ базыдтой.

11 Уымӕ гӕсгӕ карзӕй расомы кодтон –

„Уыдон нӕ бацӕудзысты Ме 'нцойадмӕ“».

95 Псалом

1 Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,

зар Хуыцауӕн, ӕппӕт дуне!

2 Зарут Хуыцауӕн, кад кӕнут Йӕ номӕн,

бонӕй бонмӕ хъусын кӕнут Йӕ ирвӕзындзинад.

3 Адӕмтӕн дзурут Йе стырадыл,

ӕппӕт бӕстӕтӕн – Йӕ диссӕгтыл.

4 Уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕг –

ӕппӕлыны аккаг,

тасӕфтауӕг у ӕппӕт хуыцӕутты ӕхсӕн.

5 Мӕнг сты адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр,

Дунедарӕг та арв сфӕлдыста.

6 Кад ӕмӕ стырад Йӕ разы сты,

тых ӕмӕ намыс – Йӕ Кувӕндоны.

7 Нымайут Дунедарӕджы, ӕппӕт бӕстӕты мыггӕгтӕ,

нымайут Дунедарӕджы кад ӕмӕ тых.

8 Нымайут Дунедарӕджы кадджын ном,

хӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ цӕут

Йӕ Кувӕндоны кӕртмӕ.

9 Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы;

риз Йӕ цӕсгомы раз, ӕппӕт дуне!

10 Зӕгъут адӕмтӕн: «Дунедарӕг – Паддзах у!

Уымӕ гӕсгӕ фидар лӕууы дун-дуне,

фӕцудӕн ын нӕй;

Дунедарӕг Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕн

адӕмтӕн».

11 Цин кӕнӕд арв, райӕд зӕхх;

нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон.

12 Райӕд быдыр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;

уӕд фырцинӕй зардзысты ӕппӕт бӕлӕстӕ хъӕды,

13 Зардзысты Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ

Уый ӕрбацӕуы,

ӕрбацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ.

Уый тӕрхон кӕндзӕн дун-дунейӕн

Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,

адӕмтӕн – Йӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

96 Псалом

1 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны;

райӕд зӕхх, цин кӕнӕнт ӕппӕт сакъадӕхтӕ.

2 Мигътӕ ӕмӕ тар – Йӕ алфамбылай;

рӕстад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон –

Йӕ паддзахады бындур.

3 Арт цӕуы Йӕ разӕй ӕмӕ зынг ӕфтауы

Йе знӕгтыл Йӕ алыварс.

4 Йӕ арвӕрттывд ныррухс кӕны дун-дуне;

зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.

5 Мыдадзау тайынц хӕхтӕ Дунедарӕджы раз,

ӕппӕт зӕххы Хицауы цӕсгомы раз.

6 Арв сиды Йӕ рӕстад, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ

уынынц Йӕ кад.

7 Фегад уӕнт, гуымирытӕм чи кувы,

мӕнгхуыцӕуттӕй чи ӕппӕлы, уыдон иууылдӕр.

Ӕрхаут Дунедарӕджы раз, ӕппӕт хуыцӕуттӕ[22]!

8 Хъусы Сион ӕмӕ цин кӕны,

Дӕ раст тӕрхонтыл райынц, Дунедарӕг,

Иудӕйы чызджытӕ;

9 Уымӕн ӕмӕ Ды Бӕрзонд Хуыцау Дӕ

ӕппӕт зӕххӕн,

бӕрзонд у Дӕ кад ӕппӕт хуыцӕутты сӕрмӕ.

10 Сымахӕн, Хуыцауы уарзджытӕн,

фыдӕх уӕд ӕнӕуынон!

Дунедарӕг хъахъхъӕны Йӕ сыгъдӕджыты цард;

бахизы сӕ фыдлӕгты къухӕй.

11 Рухс йӕ тынтӕ уары рӕстгӕнӕгыл,

сыгъдӕгзӕрдӕтыл та – цин.

12 Цин кӕнут, рӕстгӕнджытӕ, Дунедарӕгыл,

скад кӕнут Йӕ сыгъдӕг номӕн.

97 Псалом

1 Псалом.

Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,

уымӕн ӕмӕ Уый сарӕзта диссӕгтӕ;

Йӕ рахиз къух ӕмӕ Йын Йӕ сыгъдӕг хъомыс

ӕрхастой уӕлахиз.

2 Хуыцау раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад

ӕппӕт адӕмтӕн равдыста Йӕ рӕстад.

3 Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Израилы хӕдзармӕ

Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ иузӕрдиондзинад;

зӕххыл алы ран дӕр федтой

нӕ Хуыцауы ирвӕзынгӕнӕг тых.

4 Стаут Дунедарӕджы хъӕлӕсыдзагӕй, ӕппӕт зӕхх;

зӕрдӕбынӕй цин кӕнут ӕмӕ райут,

зарут Ын кады зарӕг.

5 Цӕгъдут Хуыцауӕн дала-фӕндыртыл,

хъисфӕндыртыл зарджыты зӕлтимӕ.

6 Цӕгъдут хӕтӕлтӕй ӕмӕ уасут сыкъа-уадындзтӕй,

рӕцӕут цины хъӕримӕ Паддзахы,

Дунедарӕджы размӕ.

7 Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон,

дун-дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ.

8 Ӕмдзӕгъд кӕнӕнт цӕугӕдӕттӕ;

иумӕ райӕнт хӕхтӕ,

9 Райӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Уый

рацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ;

Йӕ тӕрхон дун-дунейӕн уыдзӕни раст,

адӕмтӕн – ӕнӕхӕрам.

98 Псалом

1 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны –

уадз ризӕнт адӕмтӕ!

Уый уӕлвонг бады херувимтыл –

уадз ӕнкъуысӕд зӕхх!

2 Хуыцау цытджын у Сионыл,

бӕрзонд у Йӕ кад ӕппӕт адӕмтӕм.

3 Уадз стауой Де стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг ном –

сыгъдӕг у уый.

4 Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы –

Ды сфидар кодтай рӕстдзинад;

Иаковыл равдыстай ӕнӕхӕрам тӕрхон ӕмӕ рӕстад.

5 Сбӕрзонд кӕнут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы,

ныллӕг акувут Йӕ ӕрлӕууӕн бынаты онг –

Сыгъдӕг у Хуыцау!

6 Моисей ӕмӕ Аарон уыдысты Йӕ кусджыты ӕхсӕн,

Самуил та – Йӕ номӕн кувджыты 'хсӕн:

уыдон Ӕм куывтой ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрдта.

7 Ӕврагъцӕджындзӕй дзырдта семӕ;

уыдон цардысты Йӕ лӕвӕрд уаг

ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.

8 Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!

Ды хъуыстай Дӕ адӕммӕ,

уыдтӕ сын хатыргӕнӕг Хуыцау,

фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ фыдмиты тыххӕй.

9 Сбӕрзонд кӕнут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы,

кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл –

уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.

99 Псалом

1 Бузныджы псалом.

Стаут Дунедарӕджы хъӕлӕсыдзагӕй,

ӕппӕт дуне!

2 Цингӕнгӕ кусут Дунедарӕгӕн;

райгӕйӕ цӕут Йӕ рӕзты.

3 Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, Уый базонут;

Уый нӕ сфӕлдыста, ӕмӕ Йӕхи стӕм,

Йӕ адӕм, Йӕ сӕрвӕтты фыстӕ.

4 Бацӕут Йӕ кулдуарыл Уый стаугӕйӕ,

Йӕ кӕртмӕ – Уымӕй ӕппӕлгӕйӕ;

кад Ын дӕттут, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн!

5 Уымӕн ӕмӕ фӕрнджын у Дунедарӕг;

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у,

Йе 'цӕгад – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

100 Псалом

1 Давиды псалом.

Уарзт ӕмӕ рӕстадыл зардзынӕн ӕз;

Дӕуыл у мӕ зарӕг, Дунедарӕг.

2 Мӕ хъуыдытӕ бафтаудзынӕн ӕнӕфау фӕндагыл –

кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ?

Ӕнӕфауӕй цӕрдзынӕн мӕ хӕдзары,

мӕ адӕмы ӕхсӕн.

3 Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕсты раз ницы

ӕрӕвӕрдзынӕн;

Хуыцауы ныууадзӕг мын ӕнӕуынон у,

ӕмгӕрон ӕм не 'рцӕудзынӕн.

4 Ӕнӕсыгъдӕг хъуыдытӕ фӕсурдзынӕн мӕхицӕй;

фыдӕх мӕхимӕ хӕстӕг не 'руадздзынӕн.

5 Фӕсвӕд иннӕйыл чи хахуыр кӕны,

уый ӕнӕдзырды бон фӕкӕндзынӕн;

бӕрзӕндты кӕсӕг ӕмӕ хъал зӕрдӕйы

нӕ бабыхсдзынӕн.

6 Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон бӕстӕйы иузӕрдионтӕм,

цӕмӕй уой мӕ фарсмӕ;

ӕнаипп фӕндагыл чи цӕуы, уый уыдзӕн мӕ кусӕг.

7 Мӕнгард мӕ хӕдзары нӕ цӕрдзӕн;

мӕнг дзурӕгӕн мӕ цуры бынат нӕ разындзӕн.

8 Сӕумӕйӕ ӕнӕдзырды бон фӕкӕндзынӕн

бӕстӕйы ӕппӕт фыдлӕгты

ӕмӕ фыдгӕнджыты иууылдӕр фӕиппӕрд

кӕндзынӕн Дунедарӕджы сахарӕй.

101 Псалом

1 Ӕфхӕрд адӕймаджы кувын,

йе 'нӕбонӕй Дунедарӕгӕн

йӕ зӕрдӕйы хъыг куы раргом кодта, уӕд.

2 О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,

фехъуысӕд Дӕм ӕххуысагур мӕ дзыназын.

3 Ма аздах Де 'ргом мӕнӕй мӕ хъыджы заман;

мӕ дзыназыны бон мӕ фехъус,

рӕвдздӕр мын дзуапп ратт.

4 Фӕздӕгау фӕивгъуыйынц мӕ бонтӕ,

ӕхсидавау судзынц ме стджытӕ.

5 Мӕ зӕрдӕ бахус, кӕрдӕгау баруад;

мӕ къӕбӕр бахӕрын дӕр мӕ ферох вӕййы.

6 Мӕ фырхъӕрзынӕй ме стджытӕ мӕ цармыл

бандӕгъдысты.

7 Ӕз сдӕн ӕдзӕрӕг ран иунӕг сидахъау,

хӕлддзӕгты цӕрӕг уыгау.

8 Хуыссӕг мыл нӕ хӕцы,

уӕлхӕдзарыл иунӕгӕй бадӕг маргъау сдӕн.

9 Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕстӕй марынц мӕн

ме знӕгтӕ;

чи мӕ ӕлгъиты, уыдон мӕ ном хӕссынц

фидисӕн.

10 Дзулау хӕрын ӕртхутӕг,

дон нуазын мӕ цӕссыгимӕ

11 Дӕ судзгӕ масты тыххӕй мӕнмӕ;

уымӕн ӕмӕ сбӕрзонд кодтай мӕн,

стӕй мӕ иуварс аппӕрстай.

12 Мӕ царды бонтӕ ивгъуыйынц изӕры аууонау,

кӕрдӕгау баруадтӕн.

13 Ды та, Дунедарӕг, ӕнустӕм цӕрыс;

Дӕ ном – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

14 Ды рацӕудзынӕ, батӕригъӕд кӕндзынӕ

Сионӕн;

уымӕн ӕмӕ ӕрцыд уымӕн хорзӕх

ракӕныны афон,

ӕрцыди уыцы афон.

15 Дӕ цагъартӕ йын уарзынц йӕ дуртӕ дӕр,

сӕ мӕт – суанг йӕ рыгыл дӕр.

16 Адӕмтӕ тӕрсдзысты Дунедарӕджы номӕй,

ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ – Йӕ кадӕй.

17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ногӕй самайдзӕн Сионы

ӕмӕ йӕм фӕзындзӕн Йӕ кады;

18 Йӕ хъус ӕрдардзӕн мӕгуырты куывдмӕ,

сӕ куывдыл нӕ атигъ кӕндзӕн Йӕхи.

19 Уадз уый ныффыстӕуӕд ног фӕлтӕртӕн,

ӕмӕ стауой Дунедарӕджы

зӕххыл ма чи райгуырдзӕн, уыдон.

20 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕркӕсы

Йӕ сыгъдӕг бӕрзӕндӕй,

уӕлӕрвтӕй Йӕ цӕст дары зӕххмӕ,

21 Ӕмӕ фехъусдзӕн ахӕстыты хъӕрзын,

ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕни,

мӕлӕтмӕ лӕвӕрд чи у, уыдон,

Претензии к содержанию