Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 21 из 27

ӕппӕт зӕххыл – Дӕ кад,

7 Цӕмӕй ссӕрибар уой, Ды кӕй уарзыс, уыдон.

Фервӕзын мӕ кӕн Дӕ рахиз цонджы руаджы,

ратт дзуапп мӕ куывдӕн.

8 Хуыцау Йӕ рухс Кувӕндоны загъта:

«Ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, Сихем байуардзынӕн,

Сокхофы дӕлвӕз дӕр ныддихтӕ кӕндзынӕн,

9 Мӕн у Галаад, Мӕн у Манасси,

Ефрем – Мӕ сӕрӕн згъӕрхуд,

Иудӕ – Мӕ паддзахы лӕдзӕг.

10 Моав – Мӕ хихсӕн кӕхц у,

Едомыл ӕрӕвӕрдзынӕн Мӕ къах,

филистимаг зӕххыл азӕлдзӕн Мӕ хъӕлӕс».

11 Чи мӕ бакӕндзӕн фидар сахармӕ?

Чи мӕ бахӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ,

12 Кӕд уый Ды нӕ уыдзынӕ, Хуыцау,

Йӕхи ныл чи атигъ кодта

ӕмӕ не 'фсадимӕ чи нал рацӕуы, уыцы Хуыцау?

13 Баххуыс нын кӕн тыхӕвзарӕны,

уымӕн ӕмӕ адӕймаджы ӕххуыс ницы у.

14 Хуыцауимӕ фӕуӕлахиз уыдзыстӕм;

Уый ныссӕнддзӕн не знӕгты Йӕ къӕхты бын.

108 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.

Давиды псалом.

О Хуыцау, Дӕуӕн кад кӕнын, ма у ӕнӕдзуапп.

2 Уымӕн ӕмӕ фыдлӕгтӕ ӕмӕ мӕнгдзурджытӕ

сластой се 'взаг мӕ ныхмӕ;

мемӕ кӕнынц фӕлывд ныхас.

3 Ӕртыхстысты мыл се 'фхӕрӕн ныхӕстимӕ;

лӕбурынц мӕм ӕнӕфсонӕй.

4 Мӕ уарзтӕн дзуапп дӕттынц знаггадӕй,

ӕз та уӕддӕр кувын.

5 Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй,

мӕ уарзт – фыдӕхӕй.

6 Фыдлӕджы дӕлбар бакӕн ме знаджы,

зылынгӕнӕг ӕрлӕууӕд йӕ рахиз фарс.

7 Тӕрхон ын куы хӕссой, уӕд разынӕд азымджын,

йӕ куывд нымад ӕрцӕуӕд тӕригъӕдыл.

8 Йӕ бонтӕ фӕцыбыр уӕд,

йӕ бынат ын бацахсӕд ӕндӕр.

9 Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт сидзӕрӕй,

йӕ ус – идӕдзӕй.

10 Йӕ хъӕбултӕ баззайӕнт дзӕгъӕл ӕмӕ мӕгуырӕй,

курӕг цӕуӕд сӕ хӕдзары пырхӕнтӕй.

11 Цыдӕриддӕр ӕм ис, уый бауӕд

йе 'фстаудӕттӕджы,

ӕцӕгӕлӕттӕ йын фӕхӕссӕнт

йӕ цӕнгты фӕллӕйттӕ.

12 Батӕригъӕдгӕнӕг ын мачи уӕд,

йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд.

13 Йӕ байзӕддаг фӕцагъды уӕд,

фӕстагӕтты ӕхсӕн сӕ ном фесӕфӕд.

14 Хуыцау ын ӕрымысӕд йӕ фыдӕлты азымтӕ,

йӕ мады тӕригъӕд ӕхсад ма 'рцӕуӕд.

15 Сӕ тӕригъӕдтӕ иудадзыг уӕнт

Дунедарӕджы цӕсты раз,

зӕххыл фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр куыд фесафа.

16 Йӕ зӕрды кӕй нӕ уыди хорзӕх кӕнын,

фӕлӕ мӕгуыр, ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕсаст

адӕймаджы фӕдыл йӕ амарынмӕ кӕй зылди,

уый тыххӕй.

17 Уарзта ӕлгъитын – ӕмӕ йӕхиуыл ӕрцӕуӕд;

нӕ йӕ бафӕндыд арфӕдзинад –

ӕмӕ дзы уый адард уӕд.

18 Ӕлгъыстӕй йӕхи фӕлыста дарӕсау,

уӕдӕ донау ацӕуӕд йӕ хуылфы,

зетийау – йе стджыты.

19 Ӕмӕ йыл ӕртыхсӕд уӕлӕдарӕсау,

кӕддӕриддӕр йӕ астӕуыл баст ронау.

20 Ахӕм уӕд сӕ мызд Дунедарӕгӕй

мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,

мӕ уды фыдгой чи кодта, уыдонӕн.

21 Мӕныл та, мӕ Хицау Хуыцау,

Ды бацауд Дӕ номы сӕраппонд;

Дӕ хорзӕх фӕрнджын у – фервӕзын мӕ кӕн.

22 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн,

мӕ зӕрдӕ мӕ риуы фӕцӕф.

23 Ӕз тайын изӕры аууонау;

мӕтых куыд риза, афтӕ ризын.

24 Мӕ уӕрджытӕ слӕмӕгъ сты комдардӕй,

мӕ буар сфӕлахс и сойцухӕй.

25 Сдӕн сын хынджылӕггаг;

мӕн фенгӕйӕ сӕ сӕртӕ фӕтилынц.

26 Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;

Ды уарзӕгой дӕ, ӕмӕ фервӕзын кӕн мӕн.

27 Уадз базоной – уый Дӕ ӕрмдзӕф у,

уый Ды бакодтай, Дунедарӕг.

28 Уыдон кӕд ӕлгъитынц,

уӕддӕр Ды арфӕ кӕндзынӕ,

кӕд ныхмӕ рацӕуынц,

уӕддӕр фегад уыдзысты;

Дӕ цагъар та сцин кӕндзӕни.

29 Фӕлыстау сын уыдзӕни фидисы ном

мӕ ныхмӕлӕуджытӕн,

худинаг сыл ӕрбатыхсдзӕни пӕлӕзау.

30 Ӕз та зӕрдӕбынӕй ӕппӕлдзынӕн Дунедарӕгӕй,

стаудзынӕн Ӕй стыр ӕмбырды ӕхсӕн.

31 Уымӕн ӕмӕ Уый мӕгуырӕн йӕ рахиз фарс лӕууы,

цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна,

мӕлӕты тӕрхон ын чи хӕссы, уыдонӕй.

109 Псалом

1 Давиды псалом.

Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн:

«Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Де знӕгты

Дӕ къӕхтӕн бынӕн ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ».

2 Хуыцау Дын хъомысы барлӕдзӕг арвитдзӕн

Сионӕй,

ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзынӕ Де 'ппӕт знӕгтыл.

3 Дӕ тохы бон Дӕ адӕм ӕмвӕндӕй уыдзысты Демӕ;

Дӕ бӕрзонд кады рухс – сӕуӕхсиды райгуырдӕй,

Ды йӕ райстай сӕууон ӕртӕхау Дӕ ӕрыгонӕй.

4 Дунедарӕг расомы кодта,

ӕмӕ Йӕ сомы нӕ басӕтдзӕн:

«Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».

5 Дунедарӕг – Дӕ рахиз фарс;

Йӕ азары бон ныппырх кӕндзӕн паддзӕхты.

6 Адӕмтӕн рахӕсдзӕн тӕрхон,

мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕн бӕстӕ,

ӕппӕт зӕххыл ныппырх кӕндзӕн хицӕутты.

7 Фӕндагыл нуаздзӕни доны ивылӕнӕй,

уымӕ гӕсгӕ Йын сбӕрзонд кӕндзӕни Йӕ кад.

110 Псалом

1 Алилуйа!

Стаудзынӕн Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ

рӕстгӕнджыты ӕхсӕн ӕмӕ адӕмы ӕмбырды.

2 Диссаг сты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ,

ӕхцон сты, чи сӕм бӕллы, уыдонӕн.

3 Йӕ хъуыддӕгтӕ – стырад ӕмӕ кад,

йӕ рӕстдзинад цӕры мыггагмӕ.

4 Ӕнӕферохгӕнгӕ скодта Уый Йӕ диссӕгтӕ;

хӕрзгӕнӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг.

5 Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг;

Йӕ фӕдзӕхст Дзы мыггагмӕ дӕр нӕ рох кӕны.

6 Йӕ хъуыддӕгты Йӕ тых равдыста Йӕ адӕмӕн,

муртатты зӕхх сын бынтӕн куы радта, уӕд.

7 Йӕ армӕй сконд – ӕнувыд ӕмӕ раст тӕрхон,

Йӕ уынаффӕтӕ се 'ппӕт дӕр сты ӕцӕг.

8 Фидаргонд сты мыггагмӕ,

арӕзт сты ӕнувыддзинад ӕмӕ рӕстадӕй.

9 Уый Йӕ адӕмӕн рарвыста ирвӕзындзинад;

Йӕ фӕдзӕхст снысан кодта мыггагмӕ –

сыгъдӕг ӕмӕ тасӕфтауӕг у Йӕ ном.

10 Хуыцауы тас зонды гуырӕн у;

Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕстгӕнджытӕн раст зонд ис.

Кад уӕд Уымӕн мыггагмӕ!

111 Псалом

1 Алилуйа!

Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, Хуыцауӕй чи тӕрсы,

Уый фӕдзӕхстытӕ тынг ӕхцон кӕмӕн сты.

2 Тыхджын уыдзысты зӕххыл йӕ байзӕддаг,

арфӕгонд уыдзысты йӕ фӕстагӕттӕ.

3 Йӕ хӕдзары – бӕркад ӕмӕ хъӕздыгад,

йӕ рӕстдзинад цӕрдзӕни мыггагмӕ.

4 Рӕстгӕнӕгӕн талынджы скӕсы рухс,

уый рӕдау, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг у.

5 Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ

ӕмӕ ӕфстау дӕттӕг адӕймаг;

йӕ алы хъуыддаг дӕр аразы рӕстӕй,

6 Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕни;

рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр никуы уыдзӕн рох.

7 Нӕ фӕтӕрсдзӕн фыдцауӕй – фидар у йӕ зӕрдӕ,

уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс Хуыцауыл ӕвӕры.

8 Ӕдас у йӕ зӕрдӕ,

йе знӕгты фендӕй никуы фӕтӕрсдзӕн.

9 Цы йӕм уыди, уый бахардз кодта,

байуӕрста мӕгуыртӕн;

Йӕ рӕстдзинад цӕрдзӕн мыггагмӕ;

йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.

10 Фыдлӕг уый куы фена,

уӕд мастӕй байдзаг уыдзӕни,

цӕудзӕн йӕ дӕндӕгты хъыррыст, баруайдзӕн.

Фыдлӕгты фӕндтӕ се 'ппӕт дӕр фехӕлдзысты.

112 Псалом

1 Алилуйа!

Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ,

ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй.

2 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном абон дӕр

ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.

3 Скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ скадджын уӕд

Хуыцауы ном.

4 Бӕрзонд у ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ Хуыцау,

Йӕ кад арвӕй уӕлдӕр у.

5 Чи уыдзӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы хуызӕн,

Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд кӕмӕн у,

6 Чи баввӕрсы арв ӕмӕ зӕххыл ӕмӕ сӕм Чи ӕркӕсы?!

7 Мӕгуыры сисы зӕххы рыгӕй,

гӕвзыччы сласы фӕныкӕй,

8 Цӕмӕй йӕ сбадын кӕна адӕмы уӕздӕттимӕ,

Йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ.

9 Ӕнӕзӕнӕг хӕдзары сылгоймаджы скӕны мад –

йӕ хъӕбултыл цингӕнӕг.

Алилуйа!

113 Псалом

1 Израил куы рацыд Мысырӕй,

Иаковы хӕдзарвӕндаг – ӕцӕгӕлон ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй,

2 Уӕд Иудӕ сси Хуыцауӕн сыгъдӕг,

Израил – Йӕ исбон.

3 Денджыз уый куы федта, уӕд лидзынмӕ фӕци;

Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыд.

4 Хӕхтӕ гӕппытӕ кодтой фырытау,

обӕуттӕ – уӕрыччытау.

5 Цы дыл ӕрцыд, денджыз, лидзынмӕ цы фӕдӕ,

ӕмӕ дӕуыл, Иордан, фӕстӕрдӕм цы фӕцыдтӕ?

6 Цы гӕппытӕ кӕнут, фырытау, хӕхтӕ,

уӕрыччытау – обӕуттӕ?

7 Бариз, зӕхх, Дунедарӕджы цӕсгомы раз,

Иаковы Хуыцауы цӕсгомы раз.

8 Дунедарӕг къӕдзӕх фестын кӕны цад,

айнӕг – доны гуырӕн.

9 Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ,

фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн,

уымӕн ӕмӕ ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт

ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад.

10 Цӕмӕн хъуамӕ дзурой муртаттӕ:

«Кӕм ис, уӕдӕ, сӕ Хуыцау?»

11 Нӕ Хуыцау уӕлӕрвты ис;

ӕмӕ Йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕны.

12 Уыдонӕн та сӕ гуымирытӕ –

ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин –

адӕймаджы къухтӕй конд.

13 Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ дзурын нӕ зонынц;

ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц.

14 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц;

ис сын фындзтӕ, фӕлӕ не 'мбудынц.

15 Ис сын къухтӕ, фӕлӕ уырзӕй не 'нкъарынц;

ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕуын нӕ зонынц;

ис сын хъуыртӕ, фӕлӕ сӕ уынӕр нӕ райхъуысы.

16 Чи сӕ аразы ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ чи дары,

уыдон дӕр уыцы гуымирытӕй уӕлдай не сты.

17 Израилы адӕм!

Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –

Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт.

18 Аароны хӕдзарвӕндаг!

Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –

Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.

19 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон!

Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл –

Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ уарт.

20 Дунедарӕг нӕ рох кӕны мах,

арфӕ нын кӕндзӕни:

арфӕ кӕндзӕни Израилы хӕдзарыл,

арфӕ кӕндзӕни Аароны хӕдзарыл.

21 Арфӕ кӕндзӕн, Дунедарӕджы чи нымайы,

уыдонӕн стырӕй-чысылӕй.

22 Дунедарӕг уӕ скӕнӕд фылдӕрӕй-фылдӕр –

сымах дӕр ӕмӕ уӕ цоты дӕр.

23 Арфӕгонд стут сымах арв ӕмӕ зӕхх

сфӕлдисӕг Хуыцауӕй.

24 Уӕлӕрвтӕ – Хуыцауы сты уыдон,

зӕхх та радта Уый лӕджы фырттӕн.

25 Мӕрдтӕ нӕ кад кӕндзысты Дунедарӕгӕн,

нӕдӕр ӕнӕсым ингӕнмӕ цӕуджытӕ;

Претензии к содержанию