Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 22 из 27

26 Мах та стаудзыстӕм Дунедарӕджы,

абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ.

Алилуйа!

114 Псалом

1 Ӕз уарзын Дунедарӕджы,

Уый фехъуыста мӕн,

дзуапп радта мӕ лӕгъстӕйӕн.

2 Айста мӕ кувын, ӕмӕ Йын ардзынӕн Йӕ ном

мӕ цӕргӕбонты.

3 Ӕртыхстысты мыл мӕлӕты бӕндӕнтӕ,

фыдохы азар мӕ ӕрсырдта мӕ тыхсты бон,

фыдбылыз мӕ баййӕфта.

4 Уӕд Хуыцаумӕ Йӕ номӕй сдзырдтон,

балӕгъстӕ Йын кодтон:

«Хуыцау, бахиз мын мӕ уды».

5 Рӕдау ӕмӕ рӕстаг у,

фӕлмӕнзӕрдӕ у нӕ Хуыцау.

6 Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕнӕхинты –

ӕдых уыдтӕн ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта.

7 Ӕрбаздӕх, мӕ уд, Де 'нцой бынатмӕ –

Дунедарӕг хорзы бацыди дӕуӕн.

8 Ды мӕ уды бахызтай мӕлӕтӕй,

мӕ цӕстытӕ – цӕссыгӕй,

мӕ къӕхтӕ – фӕкӕлынӕй,

9 Цӕмӕй ӕз Хуыцауы раз

цӕуон царды зӕххыл.

115 Псалом

1 Ӕз фидарӕй ӕууӕндыдтӕн Хуыцауыл,

«тынг ӕфхӕрд дӕн» куы дзырдтон, уӕд дӕр.

2 Ӕмӕ мӕ тыхстӕй загътон:

«Алы адӕймаг дӕр мӕнгард у».

3 Цӕмӕй бафиддзынӕн Хуыцауӕн Йӕ бирӕ хӕрзтӕ?

4 Хуыцауӕй ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн

ӕмӕ Йӕ ном ссардзынӕн.

5 Дунедарӕгӕн дзырд цӕй тыххӕй радтон,

уый ӕппӕт адӕмы раз сӕххӕст кӕндзынӕн.

6 Хуыцауы цӕсты тынг ахадгӕ у

Йӕ сыгъдӕджыты мӕлӕт.

7 О Дунедарӕг! Дӕ цагъар дӕн ӕз, Дӕ цагъар дӕн

ӕмӕ Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул;

Ды мӕ суӕгъд кодтай рӕхыстӕй.

8 Дӕуӕн ӕрхӕсдзынӕн бузныджы нывонд

ӕмӕ ссардзынӕн Хуыцауы ном.

9 Дунедарӕгӕн дзырд цӕй тыххӕй радтон,

уый ӕппӕт адӕмы раз сӕххӕст кӕндзынӕн,

10 Хуыцауы Кувӕндоны кӕртыты,

дӕ бӕстастӕу, Иерусалим!

Алилуйа!

116 Псалом

1 Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт адӕмтӕ,

кад Ын кӕнут, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ.

2 Уымӕн ӕмӕ стыр у Йӕ хорзӕх махмӕ,

Дунедарӕг иузӕрдион у мыггагмӕ.

Алилуйа!

117 Псалом

1 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый

фӕрнджын у,

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

2 Уӕдӕ зӕгъӕд Израил:

«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

3 Уӕдӕ зӕгъӕд Аароны хӕдзарвӕндаг:

«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

4 Уӕдӕ зӕгъӕнт, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон:

«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

5 Мӕ тыхстӕй сдзырдтон Дунедарӕгмӕ;

Уый мӕ фехъуыста, мӕ цӕуӕнтӕ мын скодта

уӕрӕх.

6 Хуыцау мемӕ ис, нӕ фӕтӕрсдзынӕн:

цы мын у адӕймаджы бон?

7 Хуыцау мемӕ ис, Уый ме 'ххуысгӕнӕг у.

Ӕз кӕсдзынӕн ме знӕгтӕм мӕ цӕстыдзагӕй.

8 Адӕймагӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты

Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.

9 Ӕлдӕрттӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты

Хуыцауӕй ӕххуыс агурын хуыздӕр у.

10 Ӕртыхстысты мыл ӕппӕт адӕмтӕ,

фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.

11 Ӕрӕмбырд мыл сты, ӕртыхстысты мыл,

фӕлӕ сӕ ӕз Хуыцауы номӕй фӕсырдтон.

12 Цӕваг бындзытау мыл ӕртыхстысты,

фӕлӕ бамынӕг сты сындзджын артау;

Хуыцауы номӕй сӕ фӕсырдтон.

13 Тынг мӕ асхуыстат, куыд ӕрхауон, афтӕ;

фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта.

14 Дунедарӕг – мӕ тых ӕмӕ мӕ зарӕг;

Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг.

15 Рӕстгӕнджыты хӕдзӕрттӕй хъуысы

уӕлахиз ӕмӕ цины уынӕр:

«Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!

16 Дунедарӕджы рахиз цонджы уӕлахиз бӕрзонд у;

Хуыцау ӕвдисы Йӕ рахиз цонджы тых!»

17 Нӕ амӕлдзынӕн, фӕлӕ цӕрдзынӕн

ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ.

18 Карз мӕ бафхӕрдта Хуыцау,

фӕлӕ мӕ мӕлӕтмӕ нӕ радта.

19 Байгом мын кӕнут рӕстады кулдуар –

бацӕудзынӕн ӕмӕ скад кӕндзынӕн Хуыцауӕн.

20 Уый Хуыцауы кулдуар у –

рӕстгӕнджытӕ бацӕудзысты уыцы кулдуарыл.

21 Бузныг дӕн Дӕуӕй, Ды мӕ кӕй фехъуыстай;

Ды сдӕ мӕ ирвӕзындзинад.

22 Амайджытӕ сӕхи цы дурыл атигъ кодтой,

уый сси сӕрӕвӕрӕн.

23 Уый Хуыцауӕй уыди, ӕмӕ диссаг кӕсы махмӕ.

24 Абоны бон Хуыцау сфӕлдыста;

хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йыл цин кӕнӕм.

25 О Дунедарӕг, фервӕзын нӕ кӕн;

О Хуыцау, ратт нын ӕнтыст.

26 Арфӕгонд у Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг!

Арфӕ уын кӕнӕм Хуыцауы Хӕдзарӕй.

27 Хуыцау у Дунедарӕг, срухс нӕ кодта Йӕ тӕмӕнӕй.

Сбӕттут бӕттӕнтӕй бӕрӕгбоны кусӕрттаджы,

ракӕнут ӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕм хӕстӕг.

28 Ды мӕ Хуыцау дӕ – стаудзынӕн дӕ;

Ды мӕ Хуыцау дӕ –

бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад.

29 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый

фӕрнджын у,

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

118 Псалом

Алеф[24]

1 Тӕхудиаг сты уыдон,

йӕ цардвӕндаг ӕнаипп кӕмӕн у,

Хуыцауы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.

2 Тӕхудиаг сты уыдон,

Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи 'ххӕст кӕны,

ӕппӕт зӕрдӕйӕ Уый чи агуры.

3 Уыдон фыдми нӕ ракӕнынц,

фӕлӕ цӕуынц Хуыцауы фӕндагыл.

4 Ды бафӕдзӕхстай Дӕ амындтӕ,

цӕмӕй сӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнӕм.

5 О, куы цӕуин ӕз Дӕ фӕндӕгтыл,

цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон!

6 Уӕд нӕ фегад уаин,

куы исин мӕхимӕ Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ.

7 Стаудзынӕн Дӕ раст зӕрдӕйӕ,

Дӕ ӕнӕхӕрам уынаффӕтыл ахуыр кӕнгӕйӕ.

8 Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс;

ӕрмӕст мӕ ма ныууадз бынтон!

Бет

9 Куыд бавӕра ӕвзонг лӕппу йӕ цардвӕндаг

сыгъдӕгӕй? –

Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ.

10 Агурын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ;

ма бауадз мӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхын.

11 Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын дарын Дӕ ныхас,

цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма аразон.

12 Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг;

бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

13 Ӕргомӕй хъусын кӕндзынӕн

Дӕуӕй рацӕугӕ ӕппӕт уынаффӕтӕ.

14 Цыфӕнды хӕзнайӕ мын стырдӕр цин хӕссы

Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.

15 Мӕ хъуыдытӕ сты Дӕ фӕдзӕхстытыл;

цӕуын Дӕ амынд фӕндагыл.

16 Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын ӕхсызгон сты,

Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.

Гимел

17 Дӕ хорзӕх ӕруадз Дӕ цагъарыл, ӕмӕ цӕрдзынӕн;

ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.

18 Байгом кӕн мӕ цӕстытӕ,

ӕмӕ фендзынӕн диссӕгтӕ Дӕ фӕдзӕхстыты.

19 Ӕз зӕххыл фӕндаггон дӕн,

ма бамбӕхс мӕнӕй Дӕ уынаффӕтӕ.

20 Мӕ уд бастади ӕдзух Дӕ раст тӕрхонмӕ бӕлгӕйӕ.

21 Ды бауайдзӕф кодтай хъалтӕн;

уыдон ӕлгъыст сты –

Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхтысты.

22 Аиуварс кӕн мӕнӕй ӕгад ӕмӕ худинаг,

уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын.

23 Кӕд ӕлдӕрттӕ бадынц ӕмӕ тӕрхӕттӕ кӕнынц

мӕ ныхмӕ,

уӕддӕр Дӕ цагъары хъуыдытӕ

Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.

24 Дӕ уынаффӕтӕ мын ӕхсызгон сты,

уыдон мын – ӕгас зондамонджытӕ.

Далет

25 Зӕххы рыг ӕмвӕз сси мӕ уд;

райгас мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

26 Ӕз радзырдтон мӕ цардвӕндӕгты тыххӕй,

ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай;

бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

27 Бамбарын мын кӕн Дӕ уынаффӕты фӕндаг,

ӕмӕ уӕд мӕ хъуыдытӕ Дӕ диссаг хъуыддӕгтыл

уыдзысты.

28 Мӕты бацыди мӕ уд;

сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

29 Аиуварс мӕ кӕн мӕнг фӕндагӕй;

батӕригъӕд мын кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

30 Ӕз равзӕрстон ӕцӕгады фӕндаг,

ӕмӕ мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон Дӕ рӕстдзинадмӕ.

31 Ӕз фидар хӕцын Де 'гъдӕуттыл,

О Дунедарӕг, ма мӕ ратт ӕгадмӕ.

32 Ӕз згъордзынӕн Дӕ фӕдзӕхст фӕндагыл;

Ды мӕ зӕрдӕйӕн уӕрӕх ӕмбарынад дӕттыс.

Хе

33 Сахуыр мӕ кӕн, О Дунедарӕг,

Дӕ уагӕвӕрдты фӕндагыл лӕууын,

ӕмӕ йыл ӕз кӕронмӕ цӕудзынӕн.

34 Зонд мын бацамон, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн

Де 'гъдау,

ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уыдзынӕн коммӕгӕс.

35 Бафтау мӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл,

уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн уыцы фӕндаг ӕхцон у.

36 Мӕ зӕрдӕ аздах хипайдамӕ нӕ,

фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕм.

37 Аздах мӕ цӕстӕнгас цӕмӕй ма уынон,

мӕнг цы у, уый;

сног мын кӕн мӕ цард Дӕ фӕндагыл.

38 Дӕ цагъарӕн Дӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕн,

цӕмӕй Дӕ ӕндӕртӕ дӕр нымайой.

39 Цы ӕгадӕй тӕрсын уый аиуварс кӕн мӕнӕй;

куыд фӕрнджын сты Дӕ уынаффӕтӕ!

40 О, куыд бӕллын ӕз дӕ амындтытӕм;

сног мын кӕн мӕ цард Дӕ рӕстдзинадӕй.

Вав

41 Уадз мӕн баййафӕд Де 'нӕаивгӕ уарзт, Дунедарӕг

ӕмӕ мын фервӕзынӕй цы ныфс ӕвӕрдтай, уый.

42 Ӕмӕ ӕз дзуапп ратдзынӕн мӕ фыдгойгӕнӕгӕн,

уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.

43 Бынтон ӕнӕхай ма фӕкӕн мӕн

Де 'цӕгады ныхас дзурынӕй,

уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Дӕ рӕстдзинадыл дарын,

44 Ӕмӕ ӕз Де 'гъдауыл хӕцдзынӕн кӕддӕриддӕр

ӕмӕ мыггагӕй-мыггагмӕ.

45 Мӕ къахайст уыдзӕни уӕрӕх,

уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ уынаффӕтӕ бацагуырдтон.

46 Паддзӕхты раз дзурдзынӕн Дӕ уагӕвӕрдты тыххӕй

ӕмӕ нӕ фефсӕрмы уыдзынӕн.

47 Мӕнӕн ӕхцон сты Дӕ фӕдзӕхстытӕ,

уымӕн ӕмӕ ӕз бауарзтон уыдон.

48 Бӕрзонд хӕсдзынӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕ –

уыдон бауарзтон ӕз,

мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.

Зайин

49 Ӕрымыс, Дӕ цагъарӕн ныфсӕвӕрынӕн

цы дзырд радтай, уый.

50 Дӕ ныхас мӕ раздахы цардмӕ,

мӕ хъыгты мын дӕтты рӕвдыд.

51 Хъалтӕ мӕ тынг ӕфхӕрдтой,

фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхтӕн.

52 Мӕ зӕрдыл дарын Дӕ ӕнусон фӕдзӕхстытӕ,

О Дунедарӕг,

ӕмӕ сӕ исын рӕвдыд.

53 Маст мын ме уӕнгтӕ сбӕтты,

Дӕ уагӕвӕрдтӕ ныууадзӕг фыдгӕнджыты

куы фенын, уӕд.

54 Кӕмдӕриддӕр цардтӕн, уым мын

Дӕ фӕдзӕхстытӕ уыдысты мӕ зарӕджы сӕр.

55 Ӕхсӕвыгӕтты-иу ӕрымысыдтӕн Дӕ ном,

О Дунедарӕг,

ӕмӕ мӕ зӕрдыл дардтон Дӕ уынаффӕтӕ.

56 Уый сси мӕнӕн ӕгъдау –

цӕрын Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

Хет

57 О Дунедарӕг, Ды дӕ мӕ Хуыцауы хай;

ӕз загътон: ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхӕстӕ.

58 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ агурын Дӕ хорз цӕстӕнгас;

батӕригъӕд мын кӕн

Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

59 Ӕз хъуыды кодтон мӕ фӕндӕгтыл

ӕмӕ мӕ къахдзӕфтӕ сарӕзтон Дӕ амындтытӕм.

60 Ӕз тагъд кодтон, фӕстӕ нӕ лӕууыдтӕн

Претензии к содержанию