Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 23 из 27

Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй.

61 Фыдлӕгты сахсӕнтӕ – мӕ алыварс,

фӕлӕ ӕз дӕ ныхас нӕ рох кодтон.

62 Ӕмбисӕхсӕв-иу сыстадтӕн

Дӕ раст тӕрхонты тыххӕй

Дӕуӕн кад скӕнынмӕ.

63 Хӕлар дӕн ӕз, Дӕуӕй чи тӕрсы

ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ чи ӕххӕст кӕны,

ӕппӕт уыдонӕн.

64 Де стыр хорзӕхӕй, Хуыцау, ӕмыдзаг у зӕхх;

бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

Тет

65 Ды хорзы бацыдтӕ Дӕ цагъарӕн, О Дунедарӕг,

зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.

66 Бацамон мын хорз зонд ӕмӕ мӕ скӕн ӕмбаргӕ,

уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын Дӕ фӕдзӕхстытыл.

67 Мӕ хъизӕмары агъоммӕ ӕз рӕдыдтӕн,

ныр та Дӕ ныхасӕн дӕн коммӕгӕс.

68 Ды фӕрнджын ӕмӕ фарн тауӕг дӕ;

бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

69 Ӕнӕхуыцӕуттӕ мыл ӕндадзынц сӕ мӕнг ныхӕстӕ;

ӕз та зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзынӕн

Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

70 Сӕ зӕрдӕтыл фырнӕрдӕй схӕцыд фиу,

мӕнӕн та Дӕ ныхас ӕхцон у.

71 Хуыздӕрӕн мын уыдысты мӕ хъизӕмӕрттӕ,

цӕмӕй базонон Дӕ амындтӕ.

72 Дӕ комӕй рацӕугӕ фӕдзӕхст мӕнӕн

мингай сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй хуыздӕр у.

Йод

73 Дӕ къухтӕ сфӕлдыстой ӕмӕ снывӕзтой мӕн;

скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базондзынӕн,

Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

74 Дӕуӕй чи тӕрсы, уыдон мӕ фендзысты ӕмӕ цин

кӕндзысты,

уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.

75 Дӕ тӕрхонтӕ раст кӕй сты,

уый мын зындгонд у, О Дунедарӕг;

Дӕ иузӕрдионӕй бафхӕрдтай мӕн.

76 Уадз Дӕ хорзӕх уӕд мӕ рӕвдауӕг,

Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.

77 Ӕрцӕуӕд мыл Дӕ рӕвдыд, ӕмӕ ӕз цӕрдзынӕн,

уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон сты мӕнӕн.

78 Уадз фегад уой хъалтӕ,

уымӕн ӕмӕ ӕнаххосӕй уынгӕг кӕнынц мӕн;

мӕ хъуыдытӕ та уыдзысты Дӕ уагӕвӕрдтыл.

79 Дӕуӕй чи тӕрсы, Дӕ уынаффӕтӕ чи зоны,

уыдон раздӕхӕнт мӕнмӕ.

80 Уадз ӕмӕ мӕ зӕрдӕ уа ӕнаипп Дӕ амындмӕ гӕсгӕ,

цӕмӕй ма фегад уон.

Каф

81 Руайы мӕ уд Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕлгӕйӕ;

мӕ зӕрдӕ Дӕ ныхасыл дарын.

82 Руайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ зӕрдӕвӕрӕнмӕ бӕлгӕйӕ,

ӕмӕ фӕзӕгъын: «Кӕд мӕ барӕвдаудзынӕ?»

83 Лалым фӕздӕгмӕ куыд бампылы, афтӕ сдӕн ӕз,

фӕлӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ферох кодтон.

84 Цас ӕнхъӕлмӕ кӕсон ӕз – Дӕ цагъар?

Кӕд стӕрхон кӕндзынӕ мӕ сурджытӕн?

85 Дӕ ӕгъдау ницӕмӕ даргӕйӕ,

сӕрыстыртӕ мӕнӕн скъахтой уӕрм,

86 Мӕ фӕдыл зилынц ӕнаххосӕй;

баххуыс мын кӕн, уымӕн ӕмӕ

Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕцӕг сты.

87 Бирӕ сӕ нал хъуыди а-дунейӕ мӕн фесафынмӕ,

фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ныууагътон.

88 Дӕ хорзӕхы руаджы мын бахиз мӕ цард,

ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ комӕй рацӕугӕ

уынаффӕтӕ.

Ламед

89 Дӕ ныхас, О Дунедарӕг,

уӕлӕрвты фидаргонд у мыггагмӕ.

90 Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ у;

Ды ӕрфидар кодтай зӕхх, ӕмӕ лӕууы.

91 Дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ нырмӕ лӕууы ӕппӕт дӕр,

уымӕн ӕмӕ коммӕгӕс сты Дӕуӕн.

92 Дӕ ныхасӕй куы нӕ исин рӕвдыд,

уӕд афонмӕ мӕ хъизӕмӕртты амӕддаг фӕуыдаин.

93 Мыггагмӕ дӕр нӕ ферох кӕндзынӕн

Дӕ уагӕвӕрдтӕ –

цард мын уыдоны фӕрцы дӕттыс.

94 Ӕз Дӕу дӕн – фервӕзын мӕ кӕн,

уымӕн ӕмӕ Дӕ амындтытӕ бацагуырдтон.

95 Фыдлӕгтӕ цӕттӕйӕ лӕууынц мӕн бабын

кӕнынмӕ;

ӕз та арфдӕр хъуыды кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтыл.

96 Ӕз федтон, алцӕмӕй ӕххӕст цы у,

ӕппӕт уыдонӕн сӕ кӕрон,

фӕлӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕн кӕрон нӕй.

Мем

97 Куыд уарзын ӕз Дӕ ныхас! Мӕ хъуыдытӕ

боны дӕргъы дӕр ууыл вӕййынц.

98 Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ ме знӕгтӕй скодтой

зондджындӕр,

уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр мемӕ сты.

99 Ме 'ппӕт ахуыргӕнджытӕй ӕз фӕзонӕгдӕр дӕн,

уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл сты.

100 Ӕмбаргӕдӕр дӕн ӕз кардзыдтӕй,

уымӕн ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнын.

101 Алы галиу фӕндагыл цӕуынӕй мӕхи хизын,

цӕмӕй коммӕгӕс уон Дӕ ныхасӕн.

102 Дӕ уынаффӕтӕй ӕз нӕ аздӕхтӕн,

уымӕн ӕмӕ Дӕхӕдӕг ахуыр кӕныс мӕн.

103 Куыд адджын сты Дӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕйӕн!

Уыдон мӕ дзыхы адджындӕр сты мыдӕй.

104 Дӕ амындтытӕ мӕ кӕнынц ӕмбаргӕ;

уымӕ гӕсгӕ мын алы мӕнгдзинады фӕндаг

ӕнӕуынон у.

Нун

105 Дӕ ныхас – цырагъ мӕ развӕдӕн

ӕмӕ рухс мӕ фӕндагӕн.

106 Ӕз дзырд радтон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн –

коммӕгӕс уыдзынӕн Дӕ раст уынаффӕтӕн.

107 Уӕззау ӕфхӕрд бавзӕрстон, О Дунедарӕг,

сног мын кӕн мӕ цард Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

108 Ӕхцон Дын уӕд, О Хуыцау, мӕ нывонд –

Дӕуӕй мӕ барвӕндон ӕппӕлд;

сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.

109 Мӕ уд ӕдзух ӕрдуйыл хӕцы тасдзинады,

фӕлӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.

110 Фыдлӕгтӕ мын сӕвӕрдтой хыз,

фӕлӕ ӕз Дӕ амындтӕй нӕ адзӕгъӕл дӕн.

111 Дӕ уагӕвӕрдтӕ райстон бынтӕн мыггагмӕ –

уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин.

112 Ӕз мӕ зӕрдӕ радтон Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст

кӕнынмӕ,

мыггагмӕ, мӕ царды кӕронмӕ.

Самех

113 Дыууӕ зондыл хӕст чи у,

ахӕм адӕймаг мын ӕнӕуынон у,

Дӕ ӕгъдау та уарзын.

114 Ды мӕ хъахъхъӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт дӕ;

Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.

115 Аиуварс ут мӕнӕй, фыдгӕнджытӕ, ӕз та

мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзынӕн.

116 Сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,

ӕмӕ цӕрдзынӕн;

ныфс цӕмӕй ӕвӕрын, уымӕй мӕ фыдӕнхъӕл

ма фӕкӕн.

117 Ратт мын тых ӕмӕ фервӕздзынӕн;

ӕдзух ахуыр кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

118 Дӕ уагӕвӕрдтӕ чидӕриддӕр ныууадзы,

уыдоныл Дӕхи атигъ кӕныс,

уымӕн ӕмӕ сӕ хинвӕндтӕ мӕнгард сты.

119 Ды дунейы ӕппӕт фыдлӕгты амӕрзыс,

чи нызгӕ ӕмӕ ныссыгъд,

уыцы ӕфсӕн быгъуыйау.

Уымӕ гӕсгӕ мын зынаргъ сты Дӕ уынаффӕтӕ.

120 Дӕ азарӕй ризы мӕ буар,

тас мыл ӕфтауынц Дӕ тӕрхонтӕ.

Айин

121 Ӕз арӕзтон рӕстдзинад ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый;

ма мӕ ныууадз мӕ ныхмӕлӕуджыты ӕвджид.

122 Дӕ фӕдзӕхст бакӕн Дӕ цагъарӕн йӕ фӕрныгад,

сӕрыстыртӕ мӕ куыд нӕ ӕфхӕрой, афтӕ.

123 Тайынц мӕ цӕстытӕ Дӕ ирвӕзындзинадмӕ

ӕмӕ Дӕ растады зӕрдӕвӕрдмӕ ӕхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.

124 Фӕу Дӕ цагъарӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;

сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.

125 Ӕз Дӕ цагъар дӕн;

скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ базонон Дӕ амындтӕ.

126 Ралӕууыд Хуыцауӕн Йӕхи равдисыны рӕстӕг:

халынц Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

127 Ӕз та Дӕ фӕдзӕхстытӕ сызгъӕринӕй фылдӕр

уарзын,

сыгъдӕг сызгъӕринӕй фылдӕр.

128 Афтӕ Де 'ппӕт уынаффӕтӕ дӕр

ӕз растыл нымайын;

цавӕрфӕнды мӕнгдзинады фӕндаг дӕр

мӕнӕн ӕнӕуынон у.

Пе

129 Диссаг сты Дӕ амындтытӕ;

уымӕ гӕсгӕ сӕ мӕ зӕрдӕйы хӕссын.

130 Дӕ ныхӕсты раргомад рухс дӕтты,

хуымӕтӕг адӕмы кӕны ӕмбаргӕ.

131 Байгом кӕнын мӕ дзых ӕмӕ сулӕфын –

Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ уӕлдӕфау хъӕуынц.

132 Де 'ргом мӕм раздах ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,

Дӕ ном уарзджытӕн ӕрвылхатт куыд

бакӕныс, афтӕ.

133 Сфидар мын кӕн мӕ къахдзӕфтӕ

Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ

ӕмӕ цыфӕнды фыдӕхӕн дӕр ма ратт мӕныл

фӕуӕлахизы бар.

134 Бахиз мӕ адӕймаджы ӕфхӕрдӕй,

ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕн уыдзынӕн коммӕгӕс.

135 Срухс кӕн Дӕ цагъары Дӕ цӕсгомы рухсӕй

ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн Дӕ уынаффӕтыл.

136 Адӕм Дӕ ныхас кӕй не 'ххӕст кӕнынц,

уый тыххӕй мӕ цӕстытӕй кӕлынц цӕссыджы

суадӕттӕ.

Цаде

137 Рӕстаг дӕ Ды, О Дунедарӕг,

ӕмӕ раст сты Дӕ уынаффӕтӕ дӕр.

138 Ды радтай раст фӕдзӕхстытӕ,

ӕххӕст ӕцӕгад сты уыдон.

139 Фыр мӕтӕй ӕз ӕнцой нал зонын,

уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ ферох кодтой Дӕ ныхӕстӕ.

140 Дӕ ныхас фӕлтӕрд у,

ӕмӕ йӕ Дӕ цагъар бауарзта.

141 Ӕз ӕнӕахадгӕ ӕмӕ ӕгад дӕн,

фӕлӕ Дӕ уынаффӕтӕ нӕ рох кӕнын.

142 Дӕ рӕстдзинад мыггагмӕйы рӕстдзинад у,

Дӕ ныхас ӕцӕг у.

143 Мӕт ӕмӕ хъыг ӕртыхстысты мӕныл,

фӕлӕ мын Дӕ фӕдзӕхстытӕ дӕттынц

ӕхцондзинад.

144 Дӕ уагӕвӕрдты рӕстдзинад мыггагмӕ у;

ратт мын ӕмбарынад, ӕмӕ цӕрдзынӕн.

Коф

145 Дӕумӕ кувын ӕппӕт зӕрдӕйӕ –

фехъус мӕ, О Дунедарӕг,

ӕмӕ уыдзынӕн коммӕгӕс Дӕ уагӕвӕрдтӕн.

146 Дӕумӕ кувын – фервӕзын мӕ кӕн,

ӕмӕ хӕцдзынӕн Дӕ амындтыл.

147 Боныцъӕхтӕй фӕраздӕр вӕййын

ӕмӕ Дӕм дзыназын ӕххуысагур;

Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.

148 Бонивӕнтӕй раздӕр мӕ цӕстытӕ гом вӕйынц,

цӕмӕй арфдӕр хъуыды кӕнон Дӕ ныхӕстыл.

149 Ды уарзӕгой дӕ, О Дунедарӕг,

ӕмӕ мын фехъус мӕ хъӕлӕс;

Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ мын бахиз мӕ цард.

150 Ӕрбаввахс мӕм сты мӕ фӕдылзилджытӕ

сӕ хинвӕндимӕ – уыдон дард сты Дӕ ныхасӕй.

151 Хӕстӕг дӕ Ды, О Дунедарӕг,

Де 'ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕцӕг сты.

152 Ӕз раджы базыдтон Дӕ уагӕвӕрдтӕй,

мыггагмӕ сӕ кӕй сфидар кодтай, уый.

Реш

153 Ӕркӕс мӕ тухӕнмӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн,

уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.

154 Мӕ хъуыддаджы балӕуу ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕн;

Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын мӕ цард бахиз.

155 Дард у фыдлӕгтӕй ирвӕзындзинад –

уыдон Дӕ уынаффӕтӕ нӕ агурынц.

156 Диссаг у Дӕ рӕвдыд, О Дунедарӕг;

бахиз мӕ Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ.

157 Бирӕ сты мӕ фӕдылзилджытӕ ӕмӕ ме знӕгтӕ;

фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕй нӕ аздӕхын.

158 Дӕу чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕз кӕсын зӕрдӕлгъӕдӕй;

уыдон ӕгоммӕгӕс сты Дӕ ныхасӕн.

159 Ӕркӕс, Дӕ уынаффӕтӕ куыд уарзын, уымӕ;

Ды уарзӕгой дӕ, О Хуыцау,

ӕмӕ мын бахиз мӕ цард.

160 Дӕ ныхасы бындур ӕцӕгад у,

ӕмӕ мыггагмӕ у Дӕ алы раст уынаффӕ.

Шин

161 Ӕнаххосӕй мӕ фӕдыл зилынц ӕлдӕрттӕ,

фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ ныхасӕй ризы мӕ зӕрдӕ.

162 Цин кӕнын Дӕ ныхасыл,

цыма стыр ӕфтиаг райстон, афтӕ.

163 Ме сӕфт уынын мӕнгдзинадӕй

ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын, Дӕ ныхас та уарзын.

164 Стауын Дӕ бон авд хатты

Дӕ раст уынаффӕты тыххӕй.

165 Дӕ ныхас чи уарзы, уыдон ссардтой ӕгӕрон фарн

ӕмӕ сын фӕкӕлӕн нӕ уыдзӕн.

166 Дӕ ирвӕзындзинадыл дарын мӕ зӕрдӕ, О Хуыцау,

ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

167 Мӕ зӕрдӕйы хӕссын Дӕ уагӕвӕрдтӕ

ӕмӕ сӕ уарзын тынг.

168 Хӕцын ӕз Дӕ амындтыл ӕмӕ Дӕ уагӕвӕрдтыл,

уымӕн ӕмӕ ме 'ппӕт цӕуӕнтӕ Дӕ цӕсты раз сты.

Тав

169 Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ дзыназын, О Дунедарӕг;

ратт мын ӕмбарынад Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ.

170 Сыхъуысӕд Дӕм мӕ куывд;

Претензии к содержанию