Страница 24 из 27
Дӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн.
171 Мӕ дзыхӕй рацӕудзысты Дӕуӕй ӕппӕлыны
дзырдтӕ,
уымӕн ӕмӕ мын амоныс Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
172 Дӕ ныхасыл зарӕг уыдзӕни мӕ былалгъыл –
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕгасӕй дӕр раст сты.
173 Дӕ цонг мын уӕд ӕххуысгӕнӕг;
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ амындтӕ сӕвзӕрстон.
174 Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕллын, О Дунедарӕг,
Дӕ ныхас мын у ӕхцон.
175 Уадз цӕрӕд мӕ уд ӕмӕ ӕппӕлӕд Дӕуӕй;
ӕххуысгӕнӕг мын уӕнт Дӕ уынаффӕтӕ.
176 Сӕфт фысау фӕиппӕрд дӕн.
Ӕрцагур Дӕ цагъары, уымӕн ӕмӕ ӕз
Дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон.
119 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ хъыджы заман сдзырдтон Хуыцаумӕ,
ӕмӕ Уый фехъуыста мӕн.
2 Загътон: «О Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн,
мӕнг чи дзуры ӕмӕ фӕлитой ӕвзаг кӕмӕн ис,
уыдонӕй».
3 Дӕуӕн та, фӕлитой ӕвзаг, цы бафиддзӕн Уый,
ӕмӕ дын цы фидӕн ӕрхӕсдзӕн?
4 Хӕстоны цыргъ фаттӕ
ӕмӕ ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.
5 Додойаг дӕн, Мешехы кӕй цӕрын,
Кедары цатырты ӕхсӕн мӕ бонтӕ кӕй ӕрвитын,
уый тыххӕй.
6 Ӕгӕр бирӕ фӕцардтӕн, фарн ӕнӕуынон кӕмӕн у,
уыдонимӕ.
7 Ӕз фарнагурӕг дӕн, фӕлӕ куыддӕр сдзурын,
афтӕ уыдон хӕстӕввонг свӕййынц.
120 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ цӕстӕнгас систон хӕхтӕм –
кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?
2 Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг
Хуыцауӕй мӕм ӕрцӕуы ӕххуыс.
3 Дӕ къах дын фӕцудын нӕ бауадздзӕни,
дӕ хъахъхъӕнӕг фынӕй нӕ кӕны.
4 Бӕлвырд, Йӕ цӕстыл хуыссӕг нӕ хӕцы,
нӕ фынӕй кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.
5 Дунедарӕг дӕ хъахъхъӕнӕг у;
Хуыцау дӕ аууондарӕг у Дӕ рахиз фарс.
6 Бонӕй дӕ хур нӕ ныццӕвдзӕн,
ӕхсӕвыгон та – мӕй.
7 Хуыцау дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй дӕр;
бахиздзӕн дын дӕ уд.
8 Хуыцау дын хъахъхъӕндзӕн дӕ ацыд
ӕмӕ де 'рбацыд нырӕй фӕстӕмӕ
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
121 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Мӕ цинӕн кӕрон нал уыди,
«Цом Хуыцауы хӕдзармӕ» мын куы загътой, уӕд.
2 Ӕмӕ мӕнӕ, Иерусалим,
Дӕ кулдуары цурмӕ ӕрбавӕрдтам нӕ къах.
3 Иерусалимы сахар арӕзт ӕрцыд
иугонд ӕмӕ ӕмхӕстӕй.
4 Ӕмӕ уырдӕм ссӕуынц адӕмы мыггӕгтӕ,
Израилы мыггӕгтӕ, Израилы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ
Дунедарӕгӕн кад кӕнынмӕ.
5 Уым ӕвӕрд сты тӕрхоны бадӕнтӕ –
Давиды хӕдзарвӕндаджы цытджын бадӕнтӕ.
6 Курут ӕнцойад Иерусалимӕн:
«Дӕу чи уарзы, уыдон фӕрнджын уӕнт!
7 Фарн уӕд дӕ фидӕртты,
ӕдасдзинад – дӕ мӕсгуыты!»
8 Ме 'фсымӕрты ӕмӕ хионты сӕраппонд
зӕгъын ӕз: «Фарн дӕм уӕд!»
9 Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы хӕдзары сӕраппонд,
мӕ зӕрдӕйы бӕллиц – дӕ фӕрныгад.
122 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ цӕстӕнгас Дӕумӕ сисын,
уӕлӕрвты Цӕрӕг!
2 Цагъартӕ сӕ хицӕутты къухмӕ куыд кӕсынц,
цагъар сылгоймаг йӕ ус-хицауы къухмӕ куыд кӕсы,
афтӕ нӕ каст дӕр Дунедарӕг Хуыцаумӕ у,
цалынмӕ нӕм Йӕ хорзӕх равдиса, уӕдмӕ.
3 Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг,
батӕригъӕд нын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕгӕр бавзӕрстам ӕгад.
4 Ӕгӕр бавзӕрста нӕ уд хъалтӕй ӕфхӕрд,
сӕрыстыртӕй – ӕгад.
123 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Хуыцау немӕ куы нӕ уыдаид –
Израил зӕгъӕд йӕхӕдӕг –
2 Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид,
адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты –
3 Уӕд нӕ удыгасӕй аныхъуырдтаиккой
сӕ судзгӕ фыдӕхӕй;
4 Фӕдӕлдон уыдаиккам,
дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты,
5 Нӕ сӕрты донивылӕнтӕ цыдаиккой.
6 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг,
мах уыдон дӕндӕгты амӕддаг Чи нӕ фӕкодта.
7 Нӕ уд, маргъау, фервӕзт цъиуахсджыты хызӕй;
хыз атындӕуыд, ӕмӕ фервӕзтыстӕм.
8 Дунедарӕджы номӕй нӕм ӕрцӕуы ӕххуыс,
арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕгӕй.
124 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ Сионы хохы хуызӕн сты:
уый нӕ фӕцуддзӕн, лӕудзӕни мыггагмӕ.
2 Иерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц,
афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмы алыварс лӕууы
нырӕй ӕмӕ мыггагмӕ.
3 Уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнджыты хъысмӕты сӕргъыл
бирӕ нӕ баззайдзӕн фыдлӕгты барлӕдзӕг,
цӕмӕй рӕстгӕнджытӕн сӕ къух ма фӕтаса
фыдмимӕ.
4 Дӕ хӕрзтӕ ратт, Хуыцау, хӕрзгӕнджытӕн
ӕмӕ рӕстзӕрдӕтӕн.
5 Фӕлӕ зылын фӕндагыл чи ныллӕууыди,
уыдон фыдгӕнджытимӕ фесафдзӕни Хуыцау.
Фӕрнджын уӕд Израил!
125 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Хуыцау Сионы уацарӕй куы ракодта,
уӕд – цыма уыдӕттӕ фыны уыдтам.
2 Уӕд нӕ цины уынӕрӕн кӕрон нал уыди,
ӕвзаг нӕ фӕллад зарынӕй.
Уӕд адӕмтӕ дзырдтой: «Хуыцау уыцы адӕмӕн
диссаджы хъуыддӕгтӕ скодта».
3 Ӕцӕгӕйдӕр, Дунедарӕг махӕн диссаджы
хъуыддӕгтӕ скодта,
ӕмӕ куыд цин кодтам мах!
4 Раздах, Хуыцау, нӕ адӕмы уацарӕй,
донивылӕнтӕ Негевы хусмӕ куыд раздӕхынц, афтӕ.
5 Цӕссыг калгӕйӕ чи тауы,
уыдон цинӕй райгӕйӕ кӕрддзысты.
6 Хуыммӕ чи рацӕуы ӕмӕ йӕ тауинаг кӕугӕйӕ
чи фӕхӕссы,
уый цинӕй райгӕйӕ ӕрбаздӕхдзӕни,
йӕ куыристӕ хӕсгӕйӕ.
126 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Соломоны псалом.
Хуыцау куы нӕ снывӕнда хӕдзар,
уӕд дзӕгъӕлы у аразджыты фыдӕбон;
Дунедарӕг куы нӕ бахъахъхъӕна сахар,
уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй
йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
2 Дзӕгъӕлы сыстут сӕумӕйӕ, бадут ӕнафонмӕ,
хӕрут уӕ тухӕйнаджы къӕбӕр;
Хуыцау кӕй уарзы, уыдоныл ауды,
фынӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр.
3 Хуыцау кӕй дӕтты, мӕнӕ уыцы бынтӕ –
фырттӕ;
хъӕбултӕ – хӕрзиуӕг Дунедарӕгӕй.
4 Хъӕбатыры къухы фаттӕ куыд сты,
афтӕ сты фырттӕ дӕр се 'рыгонӕй.
5 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
уыдонӕй йӕ фатдон чи байдзаг кодта.
Сахары кулдуармӕ, йӕ ныхмӕлӕуджытимӕ
быцӕуныхасы нӕ фегад уыдзӕн.
127 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис
ӕмӕ Уый фӕндӕгтыл чи цӕуы.
2 Ӕхцон дын уыдзысты дӕ цӕнгты фӕллӕйттӕ;
тӕхудиаг ӕмӕ фӕрнджын уыдзынӕ.
3 Дӕ хӕдзары ӕфсин уыдзӕн дыргъджын
сӕнӕфсиры бӕласау;
дӕ фырттӕ дӕ фынгты алыварс
уыдзысты зетибӕласы ӕвзартау.
4 Афтӕ арфӕгонд уыдзӕни,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг.
5 Хуыцау дын арфӕ рарвитӕд Сионӕй,
ӕмӕ де 'ппӕт цӕрӕнбонты Иерусалимы фарн
уӕд дӕ цӕсты раз,
6 Ӕмӕ фендзынӕ дӕ фыртты фыртты.
Фӕрнджын уӕд Израил!
128 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕн куыд тынг
ӕфхӕрдтой – зӕгъӕд Израил –
2 Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕн тынг
ӕфхӕрдтой,
фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.
3 Ме рагъыл хуым кодтой хуымгӕнджытӕ,
ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
4 Фӕлӕ Дунедарӕг ӕнӕхӕрам у:
арӕдывта фыдлӕгты рӕхыстӕ.
5 Фегад уӕнт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхӕнт
Сионӕн йӕ фыдгултӕ.
6 Уыдон уӕнт, уӕлхӕдзӕртты чи нӕма сырӕзти,
афтӕмӕй чи бахус,
7 Хуымгӕрдӕг йӕ къух кӕмӕй нӕ байдзаг кӕндзӕн,
куырисбӕттӕг – йӕ арм, ахӕм кӕрдӕгау.
8 Ӕмӕ йӕ фӕрсты цӕуджытӕ макуы зӕгъӕнт:
«Уыдоныл Хуыцауы арфӕ ис,
арфӕ уын кӕнӕм Хуыцауы номӕй».
129 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Мӕ зӕрдӕйы арфӕй дӕм дзыназын, О Дунедарӕг.
2 Мӕ Хицау Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс!
Лӕмбынӕг байхъус мӕ лӕгъстӕмӕ, бацауд мыл.
3 Ды алы тӕригъӕд дӕр куы фиппайай, мӕ Паддзах,
уӕд чи бафӕраздзӕн?
4 Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ,
ӕмӕ Дӕ уый тыххӕй аргъуц кӕнынц.
5 Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ, Уымӕ у ме скаст;
ныфсджын дӕн Йӕ ныхасӕй.
6 Боны ӕрцыдмӕ хъахъхъӕнӕг куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсы,
уымӕй мӕ уд Хуыцаумӕ тынгдӕр бӕллы,
уымӕй тынгдӕр.
7 Израил, Дӕ зӕрдӕ дар Дунедарӕгыл,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уарзӕгой у,
Уымӕ ис ӕгӕрон ирвӕзынгӕнӕг тых.
8 Ӕмӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы
йе 'ппӕт тӕригъӕдтӕй.
130 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
Давиды псалом.
Мӕ зӕрдӕ ӕнӕрвӕссон нал у,
мӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссын;
нӕ тырнын стырадмӕ ӕмӕ ӕнӕбаххӕсгӕ цы у,
уымӕ.
2 Фӕлӕ ӕз ӕрсабыр ӕмӕ ӕрӕнцайын кодтон
мӕ уды,
мады риуӕй иртӕст сывӕллонау йӕ мады
хъӕбысы,
мады риуӕй иртӕст сывӕллонау;
мӕ уд дӕр мӕ мидӕг ӕрӕнцад.
3 О Израил, Дӕ зӕрдӕ дар Дунедарӕгыл нырӕй
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
131 Псалом
1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
О Хуыцау, ӕрымыс Давиды ӕмӕ кӕй бавзӕрста,
йе 'ппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ.
2 Куыд сомы кодта уый Дунедарӕгӕн,
дзырд куыд лӕвӕрдта
Иаковы Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн:
3 «Нӕ бацӕудзынӕн мӕ хӕдзары агъуыстмӕ,
нӕ ӕрӕнцайдзынӕн мӕ сынтӕгыл,
4 Мӕ цӕстытӕ не 'рцъынд кӕндзынӕн,
мӕ уӕлтъыфылты фынӕй нӕ бауадздзынӕн,
5 Цалынмӕ Дунедарӕгӕн бынат,
Иаковы ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕн
цӕрӕнуат не ссарон, уӕдмӕ».
6 Мах фехъуыстам Фидыды Чырыны тыххӕй
Ефрафы,
ссардтам ӕй Иаримы быдырты.
7 «Фӕцӕуӕм Йӕ цӕрӕн бынатмӕ,
ӕрзоныг кӕнӕм Йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрӕны цур».
8 О Дунедарӕг, рацу Де 'нцойы бынатмӕ, –
Ды ӕмӕ Дӕ хъомыс кӕм ис,
уыцы Фидыды Чырын дӕр Демӕ.
9 Дӕ сауджынтӕ сӕхи сфӕлындзӕнт рӕстадӕй,
Дӕ сыгъдӕджытӕ зарӕнт цингӕнгӕ.
10 Дӕ цагъар Давиды сӕраппонд
Де 'взӕрсты цӕсгом ма фӕиппӕрд кӕн Дӕхицӕй.
11 Хуыцау сомы кодта Давидӕн,
ӕмӕ Уый Йӕ сомы никуы басӕтдзӕн:
«Дӕ байзӕддӕгты сбадын кӕндзынӕн
дӕ паддзахы бадӕны.
12 Дӕ фырттӕ Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куы цӕрой,