Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

Страница 25 из 27

ӕмӕ сӕ Ӕз цы ӕгъдӕуттыл сахуыр кӕнон,

уыдоныл куы хӕцой,

уӕд уыдоны фырттӕ дӕр мыггагмӕ баддзысты

дӕ паддзахы бадӕны».

13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Сион сӕвзӕрста,

Уый бафӕндыди Йӕхицӕн дзы

цӕрӕнбынат скӕнын,

14 Ӕмӕ загъта: «Уый у Ме 'нцойы бынат

мыггагӕй мыггагмӕ: уым ӕрцӕрдзынӕн,

уымӕн ӕмӕ Мын уый ӕхцон у.

15 Арфӕ ракӕндзынӕн йӕ хойраджы бӕркадыл,

бафсаддзынӕн дзулӕй йӕ мӕгуырты.

16 Йӕ сауджынтыл скӕндзынӕн

ирвӕзындзинады фӕлыст,

йӕ сыгъдӕджытӕ цинӕй райдзысты.

17 Уым стыхджын кӕндзынӕн Давиды,

уым Ме 'взӕрстӕн йӕ рухсгӕнӕн

ӕрмынӕг нӕ бауадздзынӕн.

18 Йе знӕгтыл ын скӕндзынӕн худинаджы фӕлыст,

йӕ сӕрыл та тӕмӕнтӕ калдзӕн кадыхуд».

132 Псалом

1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Давиды псалом.

Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у

ӕфсымӕртӕн фидыдӕй иумӕ цӕрын!

2 Уый у сӕрыл хӕрздӕф зетийау,

цӕсгомы хилтыл чи тӕдзы,

Аароны цӕсгомы хилтӕй

йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы;

3 Уый у Ермоны ӕртӕхау,

Сионы хӕхтӕм чи ӕрцӕуы.

Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уым балӕвар кодта

Йӕ арфӕ ӕмӕ цард мыггагмӕ.

133 Псалом

1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Цӕй, уӕдӕ кад кӕнут Дунедарӕгӕн, Йӕ цагъартӕ,

ӕхсӕвыгӕтты Хуыцауы Хӕдзары

чи лӕггад кӕны, уыдон.

2 Уӕ къухтӕ сдарут Рухс Кувӕндоны,

ӕмӕ скад кӕнут Дунедарӕгӕн.

3 Арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг Хуыцау дын

арфӕ ракӕнӕд Сионӕй.

134 Псалом

1 Алилуйа!

Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй,

ӕппӕлут дзы, Хуыцауы цагъартӕ –

2 Дунедарӕджы хӕдзары,

нӕ Хуыцауы хӕдзары кӕртыты лӕггадгӕнджытӕ.

3 Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй,

уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фӕрнджын у;

зарут Йӕ номыл, уымӕн ӕмӕ уый ӕхцон у.

4 Дунедарӕг Иаковы сӕвзӕрста Йӕхицӕн,

Израилы адӕмы – Йӕхицӕн исбонӕн.

5 Ӕз базыдтон: Хуыцау стыр у,

ӕппӕт хуыцӕуттӕй нӕ Дунедарӕг

у иунӕг Бӕрзонд Хуыцау.

6 Уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл,

денджызты ӕмӕ ӕппӕт фурдты ӕрфӕнты

Хуыцау кӕны, цыдӕриддӕр Ӕй фӕнды, уый.

7 Зӕххы кӕрӕттӕй сисы мигътӕ,

къӕвдаимӕ рауадзы ӕрвӕрттывд,

Йӕ ӕвӕрӕнтӕй рарвиты дымгӕ.

8 Уый фесӕфта Мысыры фыццаг гуырдты –

адӕймагӕй фосы онг;

9 Равдыста нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры ӕхсӕн –

фараоны ӕмӕ йӕ цагъарты ныхмӕ.

10 Ныддӕрӕн кодта бирӕ адӕмты,

мӕлӕты хай бакодта тыхджын паддзӕхты:

11 Амморейаг паддзах Сигоны басайнаг паддзах Огы,

ӕмӕ ханаанаг ӕппӕт паддзӕхты.

12 Ӕмӕ уыдоны зӕхх радта исбонӕн,

исбонӕн Израилӕн – Йӕ адӕмӕн.

13 Хуыцау, мыггагмӕ у Дӕ ном,

Дӕ кадыл дзурдзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

14 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕрылхӕцӕг у Йӕ адӕмӕн

ӕмӕ бацауддзӕн Йӕ цагъартыл.

15 Муртатты гуымирытӕ – ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин,

адӕймаджы къухтӕй конд сты.

16 Ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ ницы дзурынц,

ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ ницы уынынц;

17 Ис сын хъустӕ, фӕлӕ ницы хъусынц,

нӕдӕр улӕфт цӕуы сӕ комӕй.

18 Уыдоны хуызӕн суыдзысты се скӕнджытӕ,

стӕй сыл чидӕриддӕр йӕ зӕрдӕ дары, уыдон дӕр.

19 Скад кӕнут Хуыцауӕн, Израилы хӕдзар!

Скад кӕнут Хуыцауӕн, Аароны хӕдзар!

20 Скад кӕнут Хуыцауӕн, Левийы хӕдзар!

Скад кӕнут Хуыцауӕн, чи Дзы тӕрсы, уыдон.

21 Кад уӕд Сионӕй Дунедарӕгӕн,

Иерусалимы цӕрӕгӕн.

Алилуйа!

135 Псалом

1 Стаут Дунедарӕджы – Уый фӕрнджын у,

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

2 Стаут хуыцӕутты Хуыцауы –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

3 Стаут хицӕутты Хицауы –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

4 Стаут Ӕй – стыр диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый кӕны,

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

5 Стаут, Йӕ уӕлзондӕй уӕлӕрвтӕ Чи скодта –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

6 Зӕхх дӕтты сӕрмӕ Уый айтыгъта –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

7 Арвы стыр рухсгӕнӕнтӕ Уый сфӕлдыста –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

8 Боны фӕткӕн сӕвӕрдта хур –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

9 Ӕхсӕвы фӕткӕн сӕвӕрдта мӕй ӕмӕ стъалытӕ –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

10 Уый радта мӕлӕтмӕ мысыраг фыццаггуырдты –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

11 Израилы Уый ракодта се 'хсӕнӕй –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

12 Йӕ хъомысджын цонгӕй ӕмӕ

Йӕ тыхджын къухӕй –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

13 Сырх денджыз Уый фӕдих кодта –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

14 Ӕмӕ Израилы Уый ракодта

денджызы хӕдастӕуты –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

15 Фараоны йе 'фсадимӕ Сырх денджызы

Уый фӕдӕлдон кодта –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

16 Йӕ адӕмы ахизын кодта ӕдзӕрӕг быдырыл –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

17 Ныддӕрӕн кодта стыр паддзӕхты –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

18 Фӕцагъта тыхджын паддзӕхты –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

19 Аморрейаг паддзах Сигоны –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

20 Ӕмӕ басайнаг паддзах Огы –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

21 Сӕ зӕххытӕ сын радта бынтӕн –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

22 Бынтӕн Израилӕн, Йӕ цагъарӕн –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

23 Ныллӕггонд куы уыдыстӕм,

уӕд Уый мах нӕ рох кодта –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

24 Ирвӕзын нӕ кодта не знӕгтӕй –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

25 Зӕххыл ӕппӕт цӕрджытӕн хойраг Уый дӕтты –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

26 Стаут уӕларвон Хуыцауы –

Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у!

136 Псалом

1 Мах Вавилоны донгӕрӕтты бадтыстӕм

ӕмӕ нӕ цӕссыг калдтам,

Сионы-иу куы ӕрымысыдыстӕм, уӕд.

2 Уым донхӕристыл ӕрцауыгътам

нӕ дала-фӕндыртӕ.

3 Уымӕн ӕмӕ нӕ уацары чи райста,

уыдон махӕй зарыны ныхӕстӕ домдтой,

не 'фхӕрджытӕ – цин кӕнын:

«Азарут нын Сионы зарджытӕй».

4 Фӕлӕ куыд зарӕм Хуыцауы зарджытӕ

кӕйдӕр зӕххыл?

5 Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Иерусалим,

уӕд мӕ рахиз цонг мацыуалхъом уӕд;

6 Ме 'взаг баныхӕсӕд мӕ хъуырыл,

ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Иерусалим,

мӕ цины сӕр дӕ куы нӕ скӕнон, уӕд.

7 О Дунедарӕг, ӕрымыс Едомы фырттӕн

Иерусалимы уыцы бон,

афтӕ куы дзырдтой: «Фехалут ӕй,

фехалут ӕй бындзарӕй».

8 Вавилоны чызг – раууатгӕнӕг!

Тӕхудиаг уыдзӕн, ды махӕн цытӕ бакодтай,

уый дын чи бафида.

9 Тӕхудиаг уыдзӕн, дӕ хъӕбулты чи сиса

ӕмӕ сӕ дурыл чи ныппырх кӕна, уый.

137 Псалом

1 Давиды псалом.

Стауын Дӕ, О Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ;

зарын Дӕ кадӕн хуыцӕутты раз.

2 Мӕ зонгуытыл лӕууын

Дӕ Сыгъдӕг Кувӕндоны раз,

ӕмӕ стауын Дӕ ном, Дӕ уарзт

ӕмӕ Де 'нувыды тыххӕй.

Уымӕн ӕмӕ ӕппӕтӕй стырдӕр

скодтай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.

3 Ӕз Дӕм ӕххуысмӕ куы фӕдзырдтон,

уыцы бон мӕ фехъуыстай

ӕмӕ стыр ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы.

4 Скадджын Дӕ кӕндзысты, О Дунедарӕг,

ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ,

Дӕ дзыхӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.

5 Ӕмӕ зардзысты Хуыцауы диссаджы

фӕндӕгты тыххӕй,

уымӕн ӕмӕ стыр у Хуыцауы кад.

6 Хуыцау бӕрзонд ран ис, уыны сӕрныллӕджы дӕр,

сӕрыстыры базоны дардмӕ.

7 Бӕллӕхты ӕхсӕнты куы цӕуа мӕ фӕндаг,

уӕддӕр мын бахиздзынӕ мӕ цард;

адардзынӕ Дӕ къух мӕ тызмӕг знӕгтӕм,

ӕмӕ Дӕ рахиз цонг фервӕзын кӕндзӕн мӕн.

8 Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ ныфсӕвӕрд мӕнӕн;

Дӕ хорзӕх, Хуыцау, мыггагмӕ у –

Дӕ къухӕй цы скодтай, уый ма ныууадз.

138 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.

Давиды псалом.

О Дунедарӕг, Ды мӕ бафӕлвӕрдтай

ӕмӕ зоныс мӕн.

2 Кӕд сбадын ӕмӕ кӕд сыстын,

уый Дын зындгонд у;

Ды дардмӕ дӕр ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ.

3 Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон –

ӕдзух Дӕ разы дӕн,

ӕмӕ Дын мӕ фӕндӕгтӕ ӕгасӕй дӕр зындгонд сты.

4 Мӕ дзыхӕй ныхас нӕма рацӕуы, Хуыцау,

афтӕмӕй Ды фӕзоныс ӕппӕтдӕр.

5 Фӕстӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс Ды

ӕмӕ разӕрдыгӕй дӕр –

Дӕ армӕй бамбӕрзтай мӕн.

6 Де стыр зонынад дис ӕфтауы мӕныл –

бӕрзонд у, мӕ зонд ыл не 'ххӕссы.

7 Кӕдӕм ацӕудзынӕн Дӕ Удӕй,

кӕдӕм алидздзынӕн Дӕуӕй?

8 Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – Ды уым дӕ;

дӕлдзӕхмӕ ныххизон – уым дӕр дӕ.

9 Сӕуӕхсиды базыртӕ куы райсин

ӕмӕ куы атӕхин –

денджызы иннӕ кӕрон куы ӕрцӕрин дард,

10 Уӕд мӕ уым дӕр Дӕ арм кӕндзӕни размӕ,

хӕцдзынӕ мыл Дӕ рахиз цонгӕй.

11 Куы зӕгъин афтӕ дӕр: «Талынг бамбӕрзӕд мӕн,

ӕмӕ рухс фестӕд мӕ алыварс ӕхсӕв»,

12 Уӕддӕр Дӕуӕн талынг дӕр нӕу тар,

ӕхсӕв та Дын бонау ӕрттивы:

Дӕуӕн талынг дӕр бонау рухс у.

13 Ды сфӕлдыстай, мӕ мидӕг цы ис, уыдон,

бауафтай мӕн мӕ мады гуыбыны.

14 Стауын дӕ, уымӕн ӕмӕ диссаг

ӕмӕ ӕмбисонды сконд дӕн ӕз.

Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,

ӕмӕ иттӕг ӕмбары уый мӕ уд.

15 Ды ме стджыты ӕнӕуынӕг нӕ уыдтӕ,

сусӕг ран мӕ куы арӕзтӕуыд,

гуыбыны арфы нывӕст куы цыдтӕн, уӕд.

16 Дӕ цӕстӕй федтай мӕ гуырдз;

иу бон дӕр нӕма рацардтӕн,

афтӕмӕй Дӕ чиныджы фыст уыдысты

мӕнӕн нысангонд царды бонтӕ.

17 Куыд ӕнӕсгӕрст мын сты Дӕ хъуыдытӕ, О Хуыцау,

ӕмӕ куыд бирӕ сты уыдон!

18 Райдаин сӕ нымайын,

фӕлӕ змисӕй фылдӕр сты.

Куы райхъал вӕййын, уӕддӕр ма демӕ вӕййын.

19 О мӕ Хуыцау, куы ныццӕгъдис Ды фыдлӕгты!

Аиуварс ут мӕнӕй, тугмондӕгтӕ!

20 Уыдон фыдзондӕй дзурынц Дӕ ныхмӕ,

Дӕ кой кӕнынц дзӕлгъӕды Де знӕгтӕ.

21 Куыд нӕ хъуамӕ уынон ме сӕфт Дӕ фыдгултӕй,

О Дунедарӕг, куыд нӕ хъуамӕ ӕлгъ кӕнон

Дӕ ныхмӕ тохгӕнджытыл?

22 Бынтондӕр, бынтондӕр сӕ ме сӕфт уынын;

уыдон мын знӕгтӕ сты.

23 Бафӕлвар мӕ, Хуыцау, ӕмӕ базон мӕ зӕрдӕ;

раиртас ӕмӕ базон мӕ хъуыдытӕ.

24 Ӕркӕс мӕм ӕмӕ, кӕд сӕфты фӕндагыл лӕуд дӕн,

уӕд мӕ сараз мыггагмӕйы царды фӕндагыл.

139 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.

Давиды псалом.

2 Бахиз мӕ, Дунедарӕг, фыдзӕрдӕ адӕймагӕй;

бахъахъхъӕн мӕ тыхгӕнӕгӕй.

3 Уыдон кӕнынц фыдвӕндтӕ,

хӕст амайынц ӕрвылбон.

4 Калмы ӕвзагау сцыргъ кӕнынц се 'взӕгтӕ;

залиаг калмы марг – сӕ дӕлӕвзаг. ||

5 Бахъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, фыдлӕджы къухтӕй,

бахиз мӕ тыхгӕнджытӕй,

мӕ къӕхты фӕцудынмӕ чи бӕллы, уыдонӕй.

6 Сӕрыстыртӕ ме 'рцахсынӕн сӕвӕрдтой сахсӕнтӕ,

мӕ фӕндагыл айтыгътой сӕ хызты бӕндӕнтӕ,

сӕвӕрдтой мын къӕппӕджытӕ. ||

Претензии к содержанию