Страница 26 из 27
7 Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ды мӕ Хуыцау дӕ»;
фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувыны хъӕлӕс,
батӕригъӕд мын кӕн.
8 О мӕ Хицау Хуыцау,
Ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг тых!
Ды рахӕцыс мӕ сӕрыл тохы бон.
9 Дунедарӕг, фыдлӕгмӕ цы фӕнд ис,
уым ын ма ратт ӕнтыст;
ма йӕ бауадз йӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕнын,
цӕмӕй уыдон сӕхи ма сбӕрзонд кӕной. ||
10 Мӕныл чи ӕртыхсти,
уыдонӕн сӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕд
се 'взӕгтӕй рацӕугӕ фыдӕх.
11 Судзгӕ цӕхӕр сыл ракӕлӕд;
ӕппӕрст ӕрцӕуӕд арты, ӕнӕбын уӕрмы,
цӕмӕй дзы мауал схизой.
12 Маргӕвзаг адӕймагӕн зӕххыл бынат ма разынӕд;
фыдӕх зилӕд тыхгӕнӕджы фӕдыл,
йӕ уӕззау цӕфтӕ йӕ сурӕнт.
13 Ӕз зонын, Хуыцау балӕудзӕн
ӕфхӕрдтытӕн сӕ хъуыддаджы,
рахӕсдзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон мӕгуыртӕн.
14 Бӕлвырд, сыгъдӕджытӕ стаудзысты Дӕ ном,
рӕстытӕ цӕрдзысты Дӕ цӕсгомы раз.
140 Псалом
1 Давиды псалом.
О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзурын: тагъддӕр мӕм ӕрцу.
Куы Дӕм фӕкувын, уӕд-иу фехъус мӕ хъӕлӕс.
2 Мӕ куывд фӕхӕццӕ уӕд Дӕ размӕ
буды хӕрздӕфау;
мӕ къухтӕ Дӕм куы сдарын, уӕд иу-ӕй айс
изӕры нывондӕн.
3 О Дунедарӕг, уромӕг сӕвӕр ме 'взагӕн,
мӕ комы дуар мын бахъахъхъӕн.
4 Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ
ма аздӕха фыдӕхмӕ,
ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыцы фыдлӕгты хъуыддӕгты
архайаг ма уон;
хорз сӕм цы кӕсы, уымӕй хай ма райсон.
5 Уадз, мӕ азым мын зӕгъа рӕстгӕнӕг,
уый – хорзӕх у;
уадз ӕмӕ мын бауайдзӕф кӕна –
уый хӕрздӕф зети у мӕ сӕрӕн,
мӕхи дзы нӕ аиуварс кӕндзынӕн.
Фӕлӕ мӕ кувын фыдлӕгты миты ныхмӕ у.
6 Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты
къӕдзӕхтӕй ӕмӕ уӕд бамбардзысты,
мӕ ныхӕстӕ ахсджиаг кӕй уыдысты, уый.
7 Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Зӕхх куыд бахуым кӕнынц
ӕмӕ йын йӕ къуыбӕрттӕ куыд фехалынц,
афтӕ згъӕлынц не стджытӕ дӕр
гом ингӕны былмӕ».
8 Фӕлӕ мӕнӕн та Дӕумӕ у мӕ каст,
мӕ Хицау Хуыцау;
Дӕумӕ ссарын фидар ӕнцой –
ма ныууадз мӕ уды дзӕгъӕлӕй.
9 Бахиз мӕ, кӕй мын сӕвӕрдтой,
уыцы сахсӕнтӕй,
фыдгӕнджыты ӕвӕрд къӕппӕджытӕй.
10 Фыдлӕгтӕ се 'ппӕт дӕр бахауӕнт
сӕхи ӕвӕрд сахсӕнты,
ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.
141 Псалом
1 Давиды зондамонӕн псалом.
Афтӕ куывта, лӕгӕты куы уыди, уӕд.
Хъӕрӕй кувын Дунедарӕгмӕ,
Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын хъӕлӕсыдзагӕй.
2 Мӕ хъӕстытӕ Йын ракодтон зӕрдӕбынӕй,
Йӕ разы радзырдтон мӕ хъыгтӕ.
3 Мӕ уд мӕ мидӕг куы сӕдых,
уӕд ӕрмӕст Ды зыдтай мӕ цӕуӕнтӕ.
Ӕз цы фӕндагыл цӕуын,
ууыл сусӕгӕй айтыгътой хыз.
4 Кӕсын рахизырдӕм ӕмӕ уынын –
ничи мӕ нымайы.
Кӕм ма балӕууон, уый мын нал ис;
мӕ удыл ничи тыхсы.
5 Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ загътон: «Ды дӕ мӕ сӕрылхӕцӕг,
мӕ амонды хай царды зӕххыл».
6 Фехъус мын мӕ дзыназын,
уымӕн ӕмӕ тынг слӕмӕгъ дӕн;
мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй мӕ бахиз,
уымӕн ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр сты.
7 Ссӕрибар кӕн ахӕстонӕй мӕ уды,
ӕмӕ стаудзынӕн Дӕ ном.
Дӕ арфӕйӕ мӕ куы схайджын кӕнай,
уӕд рӕстытӕ ӕрӕмбырд уыдзысты мӕ алыварс.
142 Псалом
1 Давиды псалом.
О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕмӕ;
ратт мын дзуапп, уымӕн ӕмӕ Ды иузӕрдион
ӕмӕ рӕстаг Дӕ.
2 Тӕрхонмӕ ма 'ркӕн Дӕ цагъары,
уымӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр
не сраст уыдзӕни Дӕ разы.
3 Знаг зилы мӕ фӕдыл, зӕххӕмвӕз скодта мӕ цард;
рагон мард цыма дӕн, уыйау мӕ ӕппары талынджы.
4 Мӕ уд баруад мӕ мидӕг, мӕ зӕрдӕ тыхсы мӕ риуы.
5 Мысын рагон бонтӕ, хъуыды кӕнын
Де 'ппӕт хъуыддӕгтыл,
дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.
6 Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ;
дойныгӕнӕг зӕххау мӕ уд Дӕумӕ тырны. ||
7 Батагъд кӕн мӕнӕн дзуапп раттыныл, Дунедарӕг –
мӕ уд баруад мӕ мидӕг;
Де 'ргом ма аздах мӕнӕй,
цӕмӕй ингӕнмӕ цӕуджытау ма суон.
8 Уадз сӕуӕхсид ӕрхӕсса мӕнӕн
Дӕ уарзондзинады уац –
ӕз мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын.
Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ
цӕуын хъӕуы, уый –
мӕ уды куывд Дӕумӕ хӕссын.
9 Фервӕзын мӕ кӕн, О Дунедарӕг, ме знӕгтӕй –
Дӕ дӕлбазыр бакӕндзынӕн мӕхи.
10 Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ;
уадз ӕмӕ мӕ Дӕ фӕрнӕйдзаг Уд
кӕна раст фӕндагыл.
11 Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, Дунедарӕг;
Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ рахизын кӕн мӕ уды
йӕ хъизӕмӕрттӕй.
12 Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕрон скӕн ме знӕгтӕн;
ме 'ппӕт фыдгулты бабын кӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн.
143 Псалом
1 Давиды псалом.
Арфӕгонд у Хуыцау, мӕ къӕдзӕх;
Уый мын ме 'рмттӕ цӕттӕ кӕны хӕцынмӕ,
мӕ къухы хилтӕ – тохмӕ.
2 Уый мӕ уарзӕгой Хуыцау у, мӕ фидар,
мӕ мӕсыг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт –
Уый у мӕ хъахъхъӕнӕг.
Уый мӕ адӕмы кӕны мӕ дӕлбар.
3 О Дунедарӕг! Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды аудай,
кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йӕ Дӕ зӕрдыл дарай?
4 Адӕймаджы цард уддзӕфау у;
йӕ бонтӕ айсӕфынц аууонау.
5 О Дунедарӕг! Ӕркъул кӕн Дӕ уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрцу;
андзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлдзӕни.
6 Рарвит Дӕ ӕрвӕрттывд ӕмӕ ныффӕйлау знӕгты;
рауадз Дӕ фаттӕ ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕн.
7 Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух,
фервӕзын мӕ кӕн ӕмӕ мӕ бахиз стыр дӕттӕй,
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
8 Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
9 Азардзынӕн Дын ног зарӕг, Хуыцау;
дӕсхъисон фӕндыры зӕлтӕй зардзынӕн Дӕуӕн –
10 Паддзӕхтӕн уӕлахиз дӕттӕгӕн
ӕмӕ Давиды, Дӕ цагъары,
мӕлӕтхӕссӕг цирхъӕй Ирвӕзынгӕнӕгӕн.
11 Бахиз мӕ, фервӕзын мӕ кӕн
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
12 Уадз нӕ фырттӕ се 'рыгонӕй уой,
бӕрзонд чи фӕцыд, ахӕм бӕлӕстау,
нӕ чызджытӕ – галуаны аив нывӕфтыд
цӕджындзтау.
13 Нӕ хордӕттӕ уӕнт дзаг алыхуызон хоры бӕркадӕй;
нӕ фыстӕ дӕттӕнт уӕрыччытӕ мингӕйттӕй,
ӕмӕ дӕсгай минтӕй нӕ сӕрвӕтты;
14 Уадз нӕ галтӕ уӕнт хӕрзхаст.
Ма нӕм ӕрбацӕуӕд бырсджытӕ,
ма уӕд ам уацаргӕнджытӕ,
ма хъуысӕд нӕ уынгты хъарӕг.
15 Тӕхудиаг сты ӕппӕт уыдӕттӕй хайджын адӕм!
Тӕхудиаг сты,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у, уыцы адӕм!
144 Псалом
1 Давиды кады зарӕг Хуыцауӕн.
Бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад,
мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах,
стаудзынӕн Дӕ ном мыггагӕй-мыггагмӕ.
2 Ӕрвылбон стаудзынӕн Дӕу ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн
Дӕ номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ.
3 Стыр у Хуыцау ӕмӕ у ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр
кады аккаг;
Йе стырадыл зонд не 'ххӕссы.
4 Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕн
Дӕ хъуыддӕгтӕй;
Де стыр хъомыс уыдзӕни сӕ дзырды сӕр.
5 Дзурдзысты Дӕ бӕрзонд кады рухсы тыххӕй,
ӕмӕ мӕнӕн мӕ хъуыдытӕ уыдзысты
Дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.
6 Уыдон дзурдзысты Дӕ тасӕфтауӕг хъаруйыл,
ӕмӕ ӕз хӕсдзынӕн Де стырады тыххӕй уац.
7 Де стыр хорзӕхы мысинӕгтӕ дзурдзысты
кӕрӕдзийӕн,
цин кӕндзысты Дӕ рӕстадыл.
8 Хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг,
бирӕ быхсы, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт.
9 Зӕрдӕхӕларӕй кӕсы алкӕмӕ дӕр Дунедарӕг,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
10 Уадз ӕмӕ Дын кад кӕнӕнт Дӕ ӕппӕт сконд,
О мӕ Хуыцау,
Дӕ сыгъдӕджытӕ стауӕнт Дӕу.
11 Уыдон дзурдзысты Дӕ паддзахады кадыл,
хъусын кӕндзысты Де стыр хъомысы уац;
12 Цӕмӕй адӕм базоной Де стыр хъомысы тыххӕй,
Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырады тыххӕй.
13 Дӕ паддзахад – ӕппӕт ӕнусты паддзахад,
Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Хуыцау иузӕрдион у Йӕ алы ныфсӕвӕрды,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
14 Чи фӕкӕлы, Хуыцау уыдоныл схӕцы,
сӕргуыбыртӕн ратты ныфс.
15 Зӕххы ӕппӕт цӕрджытӕн Дӕумӕ у се скаст,
ӕмӕ сын Ды дӕттыс хойраг сӕ афоныл.
16 Байгом кӕныс Дӕ арм ӕмӕ бафсадыс,
ӕппӕт зӕххыл цӕрджыты сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг.
17 Хуыцау Йӕ алы хъуыддаджы дӕр рӕстаг у,
фӕлмӕн у Йӕ зӕрдӕ Йе 'ппӕт скондмӕ.
18 Хуыцау ӕввахс у, чи Йӕм кувы, ӕппӕт уыдонмӕ –
рӕстзӕрдӕйӕ Йӕм чи кувы, уыдонмӕ се 'ппӕтмӕ дӕр.
19 Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн ӕххӕст кӕны
сӕ бӕллицтӕ,
хъусы сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны.
20 Чи Йӕ уарзы, уыдон се 'ппӕты дӕр
хъахъхъӕны Дунедарӕг,
ӕппӕт фыдлӕгты та байсафдзӕн.
21 Хуыцауӕн кады ныхӕстӕ уыдзысты
мӕ былалгъыл;
алы адӕймаг дӕр стауӕнт Йӕ сыгъдӕг ном
мыггагӕй-мыггагмӕ!
145 Псалом
1 Алилуйа!
Ӕппӕл, мӕ уд, Хуыцауӕй.
2 Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ ӕппӕлдзынӕн
Дунедарӕгӕй;
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
мӕ Хуыцауӕн.
3 Уӕ ныфс ма ӕвӕрут тыхджынтыл,
стӕй адӕймаджы фырттӕй иунӕгыл дӕр –
уымӕ нӕй ирвӕзындзинад.
4 Йӕ уд дзы ахицӕн вӕййы,
ӕмӕ йӕхӕдӕг сыджытмӕ ныздӕхы;
уыцы бон ӕрбайсӕфынц йӕ фӕндтӕ.
5 Тӕхудиаг сты, Иаковы Хуыцау ӕххуысгӕнӕг
кӕмӕн у,
ӕмӕ Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл
йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон;
6 Уыцы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх,
денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;
Уый иузӕрдион у мыггагмӕ.
7 Уый рахӕцы ӕфхӕрдты сӕрыл,
дӕтты хойраг ӕххормӕгтӕн;
Дунедарӕг сӕрибар кӕны ахстыты.
8 Хуыцау куырмытӕн ратты цӕсты рухс,
Уый сӕргуыбыртӕн ратты ныфс;
Хуыцау уарзы рӕстгӕнджыты.
9 Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты,
ӕххуыс кӕны сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн;