РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 17 из 25

16 Ус йӕ мойы ӕрбацыдмӕ йӕхимӕ ныууагъта Иосифы да-рӕс, 17 стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕ дзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди, 18 фӕлӕ куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ фӕлидзӕг ис». 19 Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакод-та, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт. 20 Иосифы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта.

Афтӕмӕй Ио сиф бахаудта ахӕстонмӕ. 21 Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Иосифимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта. 22 Ӕмӕ йын уый ӕппӕт ахӕстыты дӕр йӕ бар бакодта. Цыдӕриддӕр куыстой, уым сын Иосиф лӕвӕрд-та разамынд. 23 Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Иосифы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Иосифыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.

Л /Л 1-2 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр дзулфы-цӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты и сӕ дыууӕмӕ дӕр 3 ӕмӕ сӕ сбадын кодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыди, уым.

4 Хъахъхъӕнджыты хицау сӕ Иосифыл бафӕдзӕхста, ӕмӕ сын уый лӕггад кодта.

Рӕстӕг цыдис, 5 ӕмӕ иу ахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры пад-дзахы дзагдар ӕмӕ йӕ дзулфыцӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг. 6-7Райсомӕй Иосиф бацыди ахӕстытӕм, фараоны барджынтӕм, ӕмӕ сӕ уыцы тыхстхуызӕй куы бай-йӕфта, уӕд сӕ афарста: «Абон цӕй тар сты уӕ цӕсгӕмттӕ?» 8 Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Иосиф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».

9 Хистӕр дзагдар Иосифӕн радзырдта: «Фыны федтон, цыма мӕ разы уыди сӕнӕфсиры тала, 10 ӕртӕ къалиуы йыл. Гала уайтагъд къуыбыр рафтыдта, дидинӕг ракалдта, цупӕлттӕ йыл фӕзынд, ӕмӕ йӕ гагатӕ арӕгъӕд сты. 11 Мӕ къухы уыди, фараон кӕмӕй фӕназы, уыцы синон. Ӕз ратыдтон сӕнӕфсиры гагатӕ, синонмӕ сӕ ӕрлӕмӕрстон ӕмӕ йӕ фараоны къухмӕ радтон». 12 Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ дӕ фын. Ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны. 13 Ӕр тӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уы-дзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.

14 Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕ, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй. 15 Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ ацы талынг уӕрмы бамидӕг кодтой».

16 Хистӕр дзулфыцӕг федта, Иосиф уыцы фын хорзырдӕм кӕй райхӕлдта, уый ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон иу фын. Цыма мӕ сӕрыл — дзулы ӕртӕ чыргъӕды. 17Уӕллаг чыргъӕды — фараонӕн конд алыхуызон дзултӕ, мӕргътӕ сӕ чыргъӕдӕй хӕрынц». 18 Иосиф ын дзуапп радта: «Мӕ-нӕ цӕмӕ цӕуы дӕ фын. Ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны.

19 Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕ-ласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».

20 Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕн бон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзулфыцӕджы: 21 хистӕр дзагдары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, цӕмӕй та фараоны къухмӕ дӕтта синон; 22 хистӕр дзулфыцӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Иосиф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ. 23 Фӕлӕ Иосиф хистӕр дзагдары зӕрдыл не ’рлӕууыди. Ферох дзы ис.

Иосиф — фараоны барджын

Л "I ^Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иу ахӕмы фараон федта “ X фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон, 2 ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, рӕсугъд ӕмӕ нард стуртӕ, ӕмӕ хызты-сты хъӕзы ’хсӕн. 3 Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы, фыдуынд ӕмӕ мӕллӕджытӕ, ӕмӕ доны былгӕ-рон фыццӕгты цур ӕрлӕууыдысты. 4 Фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ нард хъуццыты. Уыйадыл фараон фехъал и.

5 Ногӕй бафынӕй ӕмӕ та федта фын. Цыма иу зӕнгыл ӕр-зади авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ. 6 Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скастис ӕндӕр авд ӕфсиры, хус дымгӕ-мӕ чи баруад, ахӕмтӕ, 7ӕмӕ аныхъуырдтой тыппырнӕмыг дзаг ӕфсирты. Фараон та райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй федта, уый.

8 Фараон катайы бацыд, ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсны-фӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын. 9 Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. 10 Иу хатт фараон смӕсты и йӕ цагъартӕм ӕмӕ мӕ йӕ хистӕр дзул-фыцӕгимӕ бакодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон ис, уым. 11 Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг. 12 Уым нын иу дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хицауы цагъар, лӕггад кодта. Мах ын нӕ фынтӕ радзырдтам, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта, алкӕмӕн дӕр нӕ загъта, йӕ фын цы амоны, уый. 13 Куыддӕриддӕр нын сӕ райхӕлдта, афтӕ рауади хъуыддаг: ӕз фӕстӕмӕ мӕ бынаты ӕвӕрд ӕрцыдтӕн, уый та ӕрцауыгътой».

14 Фараон арвыста Иосифмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Иосифӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныд-дастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.

15 Фараон Иосифӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ». 16 Иосиф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фарао-нӕн фарны дзуапп».

17Фараон Иосифӕн радзырдта: «Мӕ фыны цыма лӕууыдтӕн Нилы былгӕрон, 18 ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, нард ӕмӕ рӕсугъд стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн. 19 Уалынмӕ Ни-лӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы — тынг фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг стуртӕ. Ахӕм цауд хъуццытӕ Мысыры зӕххыл никуыма федтон. 20 Мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуццытӕ бахордтой, фыццаг чи рацыди, уыцы авд нард хъуджы. 21 Нард хъуццытӕ сӕ хъуыры аирвӕзтысты, фӕлӕ адоныл уый зынгӕ дӕр нӕ фӕкодта — куыд тӕнтӕхауд уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Стӕй райхъал дӕн. 22 Ног та бафынӕй дӕн ӕмӕ мӕ фыны фед-тон, цыма иу зӕнгыл ӕрзад авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ. 23 Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скасти ӕндӕр авд ӕфсиры, хус дымгӕмӕ чи баруадис, ахӕмтӕ, 24 ӕмӕ тыппырнӕ-мыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».

25 Иосиф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый. 26 Авд дзӕбӕх хъуджы амонынц авд азы, авд дзӕбӕх ӕфсиры дӕр — авд азы. Афтӕмӕй фын иу у. 27 Фыццӕгты фӕдыл цы авд мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуджы рацыди, уыдон та амонынц иннӕ авд азы, хус дымгӕмӕ руад ӕфсиртӕ дӕр — афтӕ. Адон сты авд стонг азы. 28 Гъе уымӕ гӕсгӕ загътон фараонӕн, Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый, зӕгъгӕ. 29 Ныридӕгӕн ӕппӕт Мысы ры зӕххыл райдайдзысты бӕркадджын авд азы. 30-31 Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой йӕ хъӕр дӕр нал уы-дзӕни. 32 Фараон уыцы иу фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та амоны, Хуыцауӕн Йӕ уынаффӕ ӕнӕивгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕни, уый.

33 Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕ-джы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд. 34 Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай. 35 Ӕрцӕуинаг чи у, уыцы тыллӕгджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор, ӕмӕ йыл ӕрмӕст фараоны бар куыд цӕуа, аф тӕ йӕ хордӕт-ты ӕфснайдӕй дарӕнт. 36 Уыцы хорӕй авд стонг азы дӕргъы ирвӕздзысты Мысыры адӕм, нӕ амӕлдзысты сыдӕй».

37Ацы фӕнд фӕцыди фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕмӕ, 38 ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм лӕг, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?» 39 Иосифӕн дӕр загъта: «Хуыцау дын адон иууыл кӕм раргом кодта, уым дӕу хуызӕн куырыхон лӕг дыккаг нӕй! 40 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ быгъдуан кӕнын мӕ галуан, мӕ адӕм дӕм иууылдӕр хъусдзысты. Ӕз дӕуӕй уӕлдӕр уыдзынӕн ӕрмӕст мӕ пад-дзахы номӕй». 41 Фараон Иосифӕн загъта: «Ӕппӕт Мысыры сӕргъы дӕ ӕвӕрын». 42 Ӕмӕ рафтыдта йӕ къухӕй фараон йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Иосифы къухыл бакод-та. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сызгъӕрин рӕхыс. 43 Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй хъӕргӕнгӕ цӕуой: «Ӕрзоныгыл кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Иосифы сӕ-вӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы. 44 Загъта йын: «Ӕз фараон дӕн, фӕ лӕ нырӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ӕмӕ йӕ къах дӕр ничиуал батилдзӕни». 45 Фараон Иосифыл сӕвӕрдта ном Цафенат-Панеах. Усӕн ын радта Асе-наты, Оны сауджын Потиферайы чызджы. 46 Иосиф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы.

Претензии к содержанию