РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 18 из 25

Иосиф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мы-сыры зӕххыл ӕрзилынмӕ. 47Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг. 48 Уыцы азты Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр хор ӕмбырд кодтой, уый Иосиф ӕфснайдта хор-дӕтты: алы сахары дӕр — алыварс хуымты тыллӕг. 49 Иосиф бафснайдта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нал уыди.

50 Стонг заманы размӕ Оны сауджын Потиферайы чызг Асенатӕй Иосифӕн райгуырди дыууӕ фырты. 51 Йӕ хистӕр фыртыл Иосиф сӕвӕрдта ном Манасси, ома «рох ӕфтауӕг», уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы фӕрцы мӕнӕй ферох сты ме ’ппӕт хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕ фыды уӕзӕг. 52 Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефраим, ома «скодта мӕ зӕнӕгджын», уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым скодта зӕнӕгджын.

53 Мысыры зӕххыл цы бӕркадджын авд азы скодта, уыдон фесты, 54 ӕмӕ, Иосиф куыд загъта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты уыди стонг заман, Мысыры та уыди хор. 55 Фӕлӕ уалынмӕ Мысыры адӕм дӕр ӕххормаг ӕййафын бай-дыдтой, ӕмӕ, хойраджы тыххӕй фараонӕн кӕуын хъӕлӕсӕй куы ныллӕгъстӕ кодтой, уӕд сын уый загъта: «Иосифмӕ ба-цӕут ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый кӕнут». 56 Ӕппӕт зӕххыл дӕр ралӕууыди стонг заман; ӕмӕ Иосиф байгом кодта хордӕттӕ, ӕмӕ Мысыры адӕмӕн райдыдта хор уӕй кӕнын. Ныр стонг заман та Мысыры зӕххыл карзӕй-карзмӕ цыди. 57 Мысырмӕ, Иосифмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ ӕфтыдысты алы бӕстӕтӕй, уымӕн ӕмӕ стонг заман стых джын ис ӕппӕт дунейыл дӕр.

Иосифы ӕфсымӕрты фыццаг балц Мысырмӕ

Л €\ 1 Иаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, ӕмӕ йӕ фырт-тӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?

2 Мысыры хор и, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзы-стӕм». 3 Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры хор ӕлхӕнынмӕ араст сты Мысырмӕ. 4 Ӕрмӕст сын Иаков Иосифы ӕфсымӕр Вениа-мины, исты йыл куы ’рцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.

5 Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мы-сырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Иаковы фырттӕ дӕр. 6 Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Иосиф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы адӕлгом сты зӕх-хыл. 7Иосиф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ». 8 Афтӕмӕй Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. 9 Иосифы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгар-джытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».

10 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар цӕра, хойраг ӕл-хӕнынмӕ ӕрбацыдыстӕм. 11 Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, цӕсгомджын адӕм. Сгарджытӕ, цард дын фестӕм, никуы уыдыстӕм». 12 Фӕлӕ та сын уый афтӕ: «Нӕ, сымах нын нӕ бацӕуӕнтӕ басгарынмӕ фӕзындыстут». 13 Уыдон ын загътой: «Мах, цард дын фестӕм, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фы-димӕ и, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис». 14 Иосиф сын ногӕй: «Куыд ӕнхъӕлдтон, хъуыддаг афтӕ у: сымах, бӕлвырд, сгарджытӕ стут. 15 Мӕнӕ уӕ цы хуызы бафӕлвардзыстӕм: фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ. 16 Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, уӕхӕдӕг та уал ахӕстоны баддзыстут, ӕмӕ аф-тӕмӕй хъуамӕ раргом уа, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куы нӕ разыной, уӕд фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут».

17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны дӕргъы ахӕсты фӕдардта.

18 Ӕртыккаг бон сын Иосиф загъта: «Мӕнӕ уын куыд кӕнгӕ у — ӕмӕ уӕд удӕгасӕй баззайдзыстут, — уымӕн ӕмӕ ӕз Хуыцауӕй тӕрсын. 19 Кӕд цӕсгомджын адӕм стут, уӕд уал уӕ иу ам, ахӕстоны, лӕууӕд, иннӕтӕ хор аласӕнт се ’ххормаг бинонтӕн. 20 Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры.

Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут».

Ӕфсымӕртӕ сразы сты. 21 Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуы-дӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуы-стам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм». 22 Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр». 23 Иосиф сӕм хъусы, уый нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕн тӕлмацгӕнӕг уыд. 24 Иуварс рацыд Иосиф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта. 25 Уый фӕстӕ Иосиф бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, алкӕмӕн дӕр йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой, фӕндаггагӕй дӕр сӕ сифтонг кӕной. Ӕмӕ сын афтӕ бакодтой.

26 Ӕфсымӕртӕ сӕ хор хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ рараст сты уырдыгӕй. 27Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ гол-ладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дын дзы йе ’взист куы ауынид.

28 Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Уӕд сӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»

29 Ӕфсымӕртӕ схӕццӕ сты сӕ фыд Иаковмӕ, Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ӕрцыди, уыдӕттӕ йын рафӕзмыдтой:

30 «Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ, 31 фӕлӕ йын загътам: „Мах цӕсгом-джын адӕм стӕм, сгарджытӕ никуы уыдыстӕм. 32 Дыууадӕс ӕфсымӕрӕй стӕм иу фыды фырттӕ. Нӕ иу ӕфсымӕр нал и, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззади Ханааны зӕххыл”. 33 Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Цӕсгомджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныу-уадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут. 34 Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ цӕсгом-джын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр”».

35 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнын мӕ куы ба-внӕлдтой, уӕд дын алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕ-хӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр. 36 Сӕ фыд Иаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Иосиф нал и. Симеон нал и. Вениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕх-тӕ дӕр мӕныл цӕуынц!» 37Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъ та: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Вениамины дӕм фӕстӕ-мӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн». 38 Иаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр амард, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзы-стут».

Дыккаг балц Мысырмӕ, ацы хатт — Вениаминимӕ

1 Стонг заман ноджы фӕкарздӕр и Ханааны зӕххыл.

2Ӕфсымӕртӕ Мысырӕй цы хор сластой, уый куы фӕци, уӕд та сын сӕ фыд загъта: «Ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг». 3 Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уе мӕ куы нӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ. 4 Не ’фсымӕры нын немӕ куы рауадзай, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын балхӕндзыстӕм хойраг, 5 куы нӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равди-сут, зӕгъгӕ». 6 Израил сын афтӕ: «Ахӕм хъизӕмар мын цӕй тыххӕй ӕвзарын кӕнут? Цӕмӕн схъӕр кодтат уыцы лӕгӕн, ӕфсымӕр ма уын ис, уый?» 7Дзуапп ын радтой: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсы мӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фарстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»

8 Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы, ацӕуӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайӕм. Науӕд амӕлдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр. 9 Ай тыххӕй дзуапдӕттӕг ӕз уыдзы нӕн, ӕмӕ-иу ӕй мӕнӕй бацагур. Фӕстӕмӕ дын ӕй ам куы не ’рбалӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уы-дзынӕн дӕ разы. 10 Фӕстиат куы нӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй». 11 Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрз-тӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — чъиу, буд, фисташкӕ- ӕмӕ миндал-ӕхсӕртӕ. 12 Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.

13 Вениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ. 14 Ӕппӕтхъом Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Вениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»

15 Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Вениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Иосифы раз ӕрлӕууыдысты. 16 Иосиф сын семӕ Вениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзар кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн, стӕй фосӕй исты аргӕвд ӕмӕ фынг ацӕттӕ кӕн — сихорыл мемӕ иу фынгыл баддзысты». 17Уыйадыл ын сӕ уый йӕ хӕдзармӕ акодта.

Претензии к содержанию