РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 19 из 25

18 Ӕфсымӕрты тас бацыд, Иосифы хӕдзармӕ сӕ куы ба-кодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕ ца гъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджытӕ дӕр нын байсдзысты». 19 Къӕсӕры раз Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты: 20 «Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыды стӕм ам хой-раг балхӕнынмӕ 21ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.

22 Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕ-нынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм». 23 Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Гыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Иоси-фы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта 24 ӕмӕ се ’ппӕты дӕр мидӕмӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.

25 Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Иосифы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕт-тӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.

26 Иосиф хӕдзармӕ куы ӕрбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл адӕлгом сты. 27Иосиф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?» 28 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у, цард дын фестӕм, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныгыл кодтой йӕ разы. 29 Иосиф сыл афӕлгӕсыд ӕмӕ, йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Вениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!» 30 Йе ’фсымӕры уындӕй фыр цинӕй йӕ риу ссыгъд, йӕ зӕрдӕ суынгӕг и; уӕд рӕбинаг уаты фӕмидӕг ис ӕмӕ уым фӕкуыдта. 31 Уый фӕстӕ йӕ цӕсгом цӕхсадта, рацыд ӕмӕ, хиуылхӕцгӕйӕ, бафӕдзӕх-ста, фынг ӕрӕвӕрут, зӕгъгӕ. 32 Иосифӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр — хицӕнӕй, йемӕ минасгӕ-нӕг мысирӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысирӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадыныл ӕлгъ кӕнынц. 33 Ӕфсымӕрты Иосифы бакомкоммӕ куыдхистӕрӕй кӕй сбадын кодтой, уый сӕ дисы бафтыдта ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕрсӕджы каст кодтой.

34 Иосиф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Вениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Иоси -фимӕ.

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

Л Л 1 Иосиф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, цас афӕразой, уыйас хор ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист йӕ голладжы ны-вӕр. 2 Кӕстӕрӕн та-иу йӕ голладжы нывӕр, йӕ хоры аргъ ӕвзисты уӕлӕмхасӕн, ме ’взист синон дӕр». Уый сӕххӕст кодта Иосифы фӕдзӕхст.

3 Куыддӕр ӕрба бон ис, афтӕ ӕфсымӕрты ауагътой ӕд хӕр-джытӕ. 4 Сахарӕй нӕма адард сты, афтӕ Иосиф бафӕдзӕхста йӕ хӕдзары бӕрнонӕн: «Рӕвдз атындз уыцы лӕгты фӕдыл ӕмӕ сӕ куы баййафай, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Хорздзинад хӕрамӕй цӕмӕн фидут? Ӕвзист нуазӕн цӕмӕн радавтат? 5 Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат”». 6 Уый сӕ баййӕфта ӕмӕ сын Иосифы ныхӕстӕ рафӕзмыдта. 7Уыдон ын загътой: «Цӕмӕн афтӕ зӕгъы не ’лдар? Нӕ сӕртӕ дӕ нывонд, ахӕм ми бакӕнӕм, уымӕн уӕвӕн нӕй. 8 Нӕ голджыты комы цы ссардтам, суанг уый дӕр дӕм Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рбахастам, уӕд не ’лдары хӕдзарӕй куыд хъуамӕ радавӕм ӕвзист кӕнӕ сызгъӕрин? 9 Уыцы синон кӕмӕ разына, цард дын фестӕм, уый-иу амарут, иннӕтӕ та йӕ цагъартӕ суӕнт не ’лдарӕн». 10 Уый загъта: «Фӕуӕд афтӕ. Ӕцӕг, синон кӕмӕ разына, уый уыдзӕни мӕ ца гъар, иннӕтӕ та уыдзысты сӕри-бар». 11 Алчидӕр сӕ уайтагъд йӕ голлаг зӕхмӕ ӕриста ӕмӕ йын йӕ ком райхӕлдта. 12 Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын куыдхистӕрӕй басгӕрста сӕ голджытӕ, ӕмӕ синон Ве-ниамины голладжы разынди. 13 Уӕд ӕфсымӕртӕ ӕррӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.

14 Иосиф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы адӕлгом сты зӕххыл. 15 Иосиф сӕ ба-фарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?» 16 Иудӕ афтӕ: «Цы зӕ-гъӕм ме ’лдарӕн? Цы дзуапп ын раттӕм? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта, цард дын фестӕм, нӕ азым, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ ме ’лдарӕн уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр». 17Фӕлӕ Иосиф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».

18 Уӕд Иудӕ Иосифмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Курын дӕ, ме ’лдар, ныхасы бар мын ратт. Ма мӕм смӕсты у, кӕд фараоны ӕмсӕр дӕ, уӕддӕр. 19 Айразмӕ нӕ ме ’лдар фарста, фыд, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, уымӕй. 20 Мах ме ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уы-мӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр амард, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у. 21 Ды нын бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ, 22 ӕмӕ мах ме ’лдарӕн загътам, зӕгъгӕ, лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ныууадза, уӕд йӕ фыд амӕлдзӕни. 23 Фӕлӕ нын ды, цард дын фестӕм, загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куы не ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут. 24 Мах ссыдыстӕм нӕ фыдмӕ ӕмӕ йын ме ’лда-ры ныхӕстӕ ра фӕзмыдтам. 25 Ӕмӕ та нын фӕстӕдӕр нӕ фыд куы загъта, ацӕут ӕмӕ ма иу чы сыл балхӕнут хойраг, зӕгъгӕ, 26 уӕд ын дзуапп радтам: „Нӕй нын ацӕуӕн. Ацӕу-дзыстӕм ӕрмӕстдӕр уӕд, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, — ӕнӕ уымӕй нӕ бон нӕу уыцы лӕгмӕ нӕхи равдисын”. 27Уӕд нын нӕ фыд загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты ныййардта, уый. 28 Сӕ иу мӕ куы ныууагъта, уӕд загътон, сырд ӕй аргӕвста, бӕлвырд; уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ нал федтон. 29 Ӕмӕ ныр ай дӕр мӕ цурӕй куы акӕнат ӕмӕ йыл исты куы ’рцӕуа, уӕд мӕ зӕрдӕ аскъуындзӕн ӕмӕ мын мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзыстут”.

30 Гъемӕ ныр, рухс бонтӕ дын фестон, нӕ фыдмӕ, йӕ сӕр дын нывондӕн чи хӕссы, уымӕ куы бацӕуон, ӕмӕ, афтӕ ӕнувыд кӕуыл у, йӕ уыцы хъӕбул немӕ куы нӕ разына, 31 ӕмӕ нӕ фыд уый куы фена, уӕд амӕлдзӕн. Йӕ зӕрдӕ аскъуындзӕн, ӕмӕ аф-тӕмӕй, цард дын фестӕм, нӕ зӕронд фыды зӕрдӕхъыгӕй мӕрдтӕм барвитдзыстӕм. 32 Ныр ацы лӕппуйы тыххӕй та, дӕ сӕрыл хаст фӕуон, нӕ фыдӕн дзуапдӕттӕг ӕз дӕн. Аф-тӕ йын загътон: „Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куы не ’рбакӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы”. 33 Гъемӕ, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ ӕз, рухс бонтӕ дын фестон, ацы лӕппуйы бӕсты ме ’лдармӕ баззайон, уый та йе ’фсымӕр-тимӕ ацӕуӕд. 34 Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».

Иосиф йӕхи раргом кӕны йе ’фсымӕртӕн

Л [“ 1 Иосиф ма тыххӕй йӕхи урӕдта, йӕ цуры чи уыди, “ уыдоны раз ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ацӕут уе ’ппӕт дӕр!» Иосифы раз ничиуал аззадис, йӕхи йе ’фсымӕртӕн куы ӕргом кодта, уӕд, 2 фӕлӕ афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ мысирӕгтӕ дӕр фехъуыстой. Суанг фараоны галуанмӕ дӕр байхъуысти уыцы хабар.

3 Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын. 4 Иосиф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Иосиф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый.

5 Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау. 6 Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты. 7Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕ-мӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат. 8 Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ дӕлбар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.

9 Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут, дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрвиты: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта ӕппӕт Мысы-ры сӕргъы. Рацу мӕм ӕвӕстиатӕй. 10 Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. 11 Уым дӕ тыхсын ницӕ-мӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос”.

12 Сымах дӕр ӕмӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уынут, уемӕ Иосиф кӕй ныхас кӕны, уый! 13 Мӕ фыдӕн фехъусын кӕнут, Мысыры мын цы стыр кад ис, уый. Цыдӕриддӕр федтат, уый йын рафӕзмут ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ардӕм ӕркӕнут».

Претензии к содержанию