РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 20 из 25

14 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Иосиф йе ’фсымӕр Вениамины ӕф-цӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Иосифыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Вениамин дӕр. 15 Цӕссыг калгӕйӕ, Иосиф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ны-хас кӕнын.

16 Фараоны галуанмӕ байхъуысти, зӕгъгӕ, ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыцы хабар фараонӕн ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн дӕр ӕхсызгон уыди. 17 Фараон Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн афтӕ бафӕдзӕхс мӕ номӕй: „Уӕ хӕрджытыл уӕргътӕ сӕвӕрут, фӕцӕут Ханааны зӕхмӕ

18 ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕ-дзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ йын кайдзыстут йӕ бӕркадӕй”. 19 Ноджы ма сын ба-фӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут. 20 Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».

21Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Иосиф сын фарао-ны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр. 22 Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Вениа-минӕн та — аст джиранкайы ӕвзист ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс. 23 Йӕ фыдӕн Иосиф дӕс нӕл хӕрӕгыл арвыста Мысыры хуыздӕр хӕзнатӕй, дӕс сыл хӕрӕгыл та хор ӕмӕ фӕндаггаг.

24 Йе ’фсымӕртӕ куы цыдысты, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Фӕн-дагыл-иу быцӕу ма кӕнут».

25 Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ рараст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрба-здӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыдмӕ. 26 Радзырдтой йын: «Иосиф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕппӕт Мысырӕн». Иаков фӕджих и — нӕ сыл ӕууӕндыди. 27 Фӕлӕ Иосифы ныхӕстӕ сӕ фыд Иаковӕн куы ра фӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тых-хӕй Иосиф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд ӕрцарди йӕ уд. 28 Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Иосиф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фе нон мӕ мӕлӕты размӕ».

Ӕртыккаг балц Мысырмӕ, ныр та — сӕ фыд ӕмӕ се ’ппӕт хӕдзаронтимӕ

Л /Г 1 Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй.

Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. 2 Ӕхсӕвы йӕм ӕргом рацыди Хуыцау ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Иаков! Иаков!» Уый дзуапп рад-та: «Хъусын дӕм». 3 Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕн-дзынӕн разагъды адӕм. 4 Мысырмӕ дӕр Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ, фӕстӕмӕ дӕр дӕ Мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн уырдыгӕй. Иосиф дын йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ». 5 Ӕмӕ Иаков рацыди Беер-Шевӕйӕ. Фараон кӕй сӕрвыста, уыцы уӕр-дӕтты Израилы фырттӕ аластой сӕ фыд Иаковы, сӕ сабитӕ ӕмӕ сӕ устыты. 6 Семӕ райстой, Ханааны зӕххыл цы фос ӕмӕ исбон самал кодтой, уый дӕр.

Афтӕмӕй Иаков йӕ байзӕддагимӕ ӕрцыди Мысыры зӕх-мӕ. 7Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цо ты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.

8 Мӕнӕ Израил ӕмӕ йӕ байзӕддаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон — Иаков ӕмӕ йӕ фырттӕ.

Иаковы хистӕр фырт Рувим. 9 Рувимы фырттӕ: Ханох, Пал-лу, Хецрон, Карми. 10 Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Шаул — йӕ ханаанаг усы лӕппу. 11 Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари. 12 Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Фарес, Зара. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Фаресы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул. 13 Иссахары фырт-тӕ: Тола, Пуа, Йашув, Шимрон. 14-15 Завулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел.

Иаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ.

Адон сты Леайы цот, Иаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййард-та, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.

16 Гады фырттӕ: Цифйон, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди, Арели. 17Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бериа; сӕ хо — Се-рах. Бериайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел. 18 Адон сты, Лаван йӕ чызг Леайӕн кӕй радта, уыцы унӕут Зилпайы цот, уый Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — ӕхсӕрдӕс.

19 Иаковы ус Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин. 20 Иоси-фӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Манасси ӕмӕ Ефраим, Оны сауджын Потиферайы чызг Асенат ын кӕй ныййардта, уыдон. 21 Вениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Наа-ман, Ехи, Рош, Муппим, Хуппим, Ард. 22 Адон сты Рахил ӕмӕ Иаковы цоты цот. Ӕдӕппӕтӕй — цыппӕрдӕс.

23 Даны фырт Хушим. 24 Неффалимы фырттӕ: Йахцеел, Гуни, Йецер, Шиллем. 25Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй рад-та, уыцы унӕут Билхайы цот, уый Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — авд.

26 Иаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддаг, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы. 27Иосифы фырттӕ та, Мысыры йын чи рай-гуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Иаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.

28 Иаков Иосифмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Иаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ и, 29 уӕд Иосиф дӕр сифтыгъта йӕ уӕр-дон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.

30 Израил Иосифӕн загъта: «Сӕрӕгасӕй ма дӕ кӕм федтон, уым ныр разы дӕн амӕлыныл дӕр».

31 Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн загъта: «Цӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕнон: „Хана-аны зӕххӕй мӕм ӕрцыдысты ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды ӕппӕт хӕдзаронтӕ. 32 Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр”. 33 Фараон уӕм куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыстгӕнӕг стут, зӕгъгӕ, 34 уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ нывонд фӕуӕм, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм”. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысирӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».

Л 1 Иосиф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд “ / ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл». 2 Иосиф йе ’фсымӕртӕй фондзы бакодта фараоны размӕ. 3 Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ нывонд фӕуӕм, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм». 4 Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм ӕрцыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фо сӕн нал и хизӕнуат — Ха-нааны зӕххыл, дӕ сӕрыл хаст фӕуӕм, скодта ӕвирхъау стонг заман. Гъемӕ нын, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ Гошены зӕх-хыл ӕрцӕрӕм». 5 Фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕм де ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты, 6 ӕмӕ, зӕхх хуыздӕр кӕм у, уым сӕ ӕрцӕрын кӕн — Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы куы ис. Ӕрцӕрӕнт Гошены зӕххыл. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».

7Уӕд Иосиф фараоны размӕ бахуыдта йӕ фыд Иаковы дӕр, ӕмӕ Иаков фараонӕн раар фӕ кодта. 8 Фараон Иаковы бафар-ста: «Ныр дыл цал азы цӕуы?» 9 Иаков загъта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст». 10 Иаков та ногӕй раарфӕ кодта фараонӕн ӕмӕ йӕ цурӕй рацыд.

11 Иосиф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсы-мӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамесесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ. 12 Йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсы мӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕ цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ лӕвӕрдта хойраг.

Стонг заман Мысыры зӕххыл

13 Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй. 14 Ӕвзистӕй сӕм цы уыди, уый ӕгасӕй дӕр Иосифӕй хор ӕлхӕнынӕн бахъуыди. Иосиф ӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ фараоны галуанмӕ бахаста. 15 Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Иосифмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баз-зад!» 16 Иосиф сын афтӕ: «Кӕд уӕм ӕвзист нал ис, уӕд уын уӕ фосы сӕрмӕ ратдзынӕн хойраг». 17Уыйадыл Иосифмӕ ӕрба-тардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.

18 Аивгъуыдта уыцы аз, ӕмӕ та иннӕ аз дӕр ӕрбацыдысты Иосифмӕ ӕмӕ йын загътой: «Цы йӕ сусӕг кӕнӕм не ’лда-рӕй, не ’взист дӕр нал и, нӕ фос дӕр дӕу баци. Ницыуал нӕм баззади, цы дын раттӕм, ахӕмӕй, нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххы-тӕй дарддӕр. 19 Ау, дӕ цӕсты раз хъуамӕ бабын уӕм ӕмӕ нӕ зӕххытӕ ӕдзӕрӕг фӕуой? Фӕлтау нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр хойраджы сӕрмӕ айс, ӕмӕ ӕд зӕххытӕ суыдзы-стӕм фараоны цагъартӕ. Ратт нын тауинаг, цӕмӕй удӕгасӕй аирвӕзӕм, науӕд быныскъуыд кӕнӕм, ӕмӕ заууатмӕ ӕрцӕу-дзӕни зӕхх дӕр».

20 Афтӕмӕй Иосиф фараонӕн балхӕдта ӕппӕт Мысыры зӕх-хытӕ. Мысирӕгтӕ сыдӕй мӕлынмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд ауӕй кодтой сӕ хуымтӕ, ӕмӕ зӕхх баци фараоны исбон. 21 Мысыры адӕмы та — бӕстӕйӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — Иосиф скодта фараоны цагъартӕ. 22 Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕ нӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕн хай уыди фараоны бӕркадӕй. Уымӕй цардысты, ӕмӕ нӕ ауӕй кодтой сӕ зӕх-хытӕ.

Претензии к содержанию