Страница 3 из 25
28 Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырди фырт, 29 ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной, ома «рӕвдауын». Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй». 30 Нойы рай гуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31Ӕдӕппӕтӕй та Ламех фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы.
32 Нойыл фондзсӕдӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет.
Хуыцауы тӕрхон ӕмӕ фидыд
61 Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ. 2 Уӕларвцӕрджытӕ федтой, зӕххон чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕрӕмуат и. 3 Уӕд Дуне-дарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт. Куыд цӕра хъуамӕ ӕнусты, кӕд ӕмӕ лӕмӕгъ у, фыдбылызмӕ ӕмхиц. Йӕ царды бонтӕ уӕнт ӕхсӕзыссӕдз азы». 4 Уӕд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл царди уӕйгуытӕ, уӕларвцӕрджытӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи рай-гуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй сӕ зонынц ныр дӕр ма.
5 Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтон кӕй сӕлгъаг ис, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, 6 ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ, 7ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕл-дыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр — уӕ-ларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».
8 Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.
9-10 Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Райгуырди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ зама ны адӕмы ӕхсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй. 11 Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг и, фыд ра-кӕндӕй байдзаг ис. 12 Хуыцау ӕркасти зӕхмӕ ӕмӕ федта, зӕхх куыд сӕнӕуаг и, уый: алы цард уд дӕр ныллӕууыди галиу фӕндагыл.
13 Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыд митӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ. 14 Ды та дӕхицӕн нӕзыхъӕдӕй сараз егъау бӕлӕгъ, скӕн дзы хатӕнтӕ, стӕй йӕ ӕдде ӕмӕ мидӕгӕй байсӕрд писийӕ. 15 Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ уӕд ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 16 Сараз ын сӕр ӕмӕ йӕ иу ӕлмӕрины бӕрц уӕлӕмӕ сис, бӕлӕгъмӕ рухс куыд цӕуа, афтӕ. Бӕлӕгъы уӕд ӕртӕ уӕладзыджы, йӕ иу фарсыл — дуар. 17Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт, цӕмӕй йыл цъиуызмӕлӕг дӕр мауал баззайа. 18 Фӕлӕ демӕ сараздзынӕн Мӕ фидыд. Ды бахиздзынӕ бӕлӕгъмӕ — дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ чын-дзытимӕ. 19 Бӕлӕгъмӕ ма-иу алы цӕрӕгойтӕй райс къайгай, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, цӕмӕй уыдон дӕр аирвӕзой демӕ. 20 Алы мӕргъты мыггагӕй ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойты мыггагӕй, стырӕй, чысылӕй, демӕ бӕлӕгъмӕ бацӕуӕнт къайгай, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй. 21 Ноджы ма демӕ райс алы хойраг — дӕ-хицӕн ӕмӕ уыдонӕн дӕр.
22 Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
7^Дунедарӕг Нойӕн загъта: «Бахиз бӕлӕгъмӕ дӕ бинон-тимӕ. Ныры дуджы адӕмӕй Мӕ цӕсты иунӕг ды дӕ рӕстӕвзар. 2 Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕй-нӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та фӕйнӕ иу къайы.
3 Уӕларвон мӕргътӕй дӕр райс фӕйнӕ авд къайы. Уадз ӕмӕ зӕххыл баззайа сӕ мыггаг. 4 Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цард удӕй цыдӕ-риддӕр сфӕлдыстон, уыдон».
5 Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕх-ста, афтӕ.
6 Зӕххыл доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы. 7Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта бӕ-лӕгъы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ.
8 Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй, стӕй, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй дӕр, ноджы ма мӕргътӕй ӕмӕ алы хилӕгойтӕй 9 Нойы бӕлӕгъмӕ бахызти фӕйнӕ къайы, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
10 Авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт. пНойӕн йе ’хсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд ӕвддӕсӕм бон стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ, 12 ӕмӕ зӕхмӕ калди тӕгъдызӕй — дыууис-сӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
13 Тӕккӕ уыцы бон бахызтысты бӕлӕгъмӕ Ной, йӕ фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафет, стӕй Нойӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ.
14 Семӕ райстой сырд ӕмӕ фосы алы мыггагӕй, хилӕгой ӕмӕ маргъы алы мыггагӕй. 15 Цардӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕ-тӕй дӕр Ноимӕ къӕйттӕ-къӕйттӕй бахызтысты бӕлӕгъмӕ. 16 Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Ду-недарӕг Нойыл бахгӕдта бӕлӕгъы дуар.
17 Зӕххыл доны хъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сби-рӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа бӕлӕгъ. 18 Дон ӕфсӕрста ӕмӕ тынг сбирӕ и зӕххыл, ӕмӕ бӕлӕгъ цыди доныл. 19 Дон афтӕ тынг сабузта, ӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хохӕй уы-ди, уыдон доны бын фесты: 20 фынддӕс ӕлмӕрины фӕуӕлдӕр и дон тӕккӕ бӕрзонддӕр хӕхтӕй.
21 Бабын и зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕ мӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр. 22 Зӕххы цъарыл царды уддзӕф кӕй мидӕг уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр бабын сты. 23 Зӕххыл цард удӕй цыдӕрид-дӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты дзыхы аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ бӕлӕгъы чи уыди, уыдон. 24 Ныр дон та зӕххы сӕрмӕ абузта дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны.
81 Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йе мӕ бӕлӕ-гъы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта. 2 Ӕхгӕд ӕрцы-дысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тӕгъдызӕй банцади. 3 Дон чысылгай зӕххы цыди. Хъаймӕты райдианӕй дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны куы аивгъуыдта, уӕдмӕ дон дзӕвгар фӕкъаддӕр ис, 4 ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы ӕвддӕсӕм бон бӕлӕгъ ӕрӕнцад Арараты хӕхтыл. 5 Дон къаддӕргӕнгӕ цыди дӕсӕм мӕйы онг, дӕсӕм мӕйы фыццаг бон разындысты хӕхты цъуппытӕ.
6 Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Ной байгом кодта, бӕлӕгъӕн цы рудзынггонд сарӕзта, уый 7ӕмӕ рауагъта сынты. Уый ӕддӕ-мӕ-мидӕмӕ кодта, цалынмӕ зӕхх ӕрсур и, уӕдмӕ.
8 Ной рауагъта бӕлоны, дон зӕххы ахъардта ӕви нӕ, уый ба-зонынмӕ, 9 фӕлӕ бӕлон фӕстӕмӕ ӕрбатахти, уымӕн ӕмӕ не ссардта, кӕм ӕрбада, уый. Зӕххы уӕлцъар нырма иууылдӕр доны бын уыди. Ной йӕ къух радардта ӕмӕ бӕлоны ӕрбай-ста йӕхимӕ, бӕлӕгъмӕ. 10 Банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта. 11 Бӕлон ӕм изӕры фӕстӕмӕ ӕрбатахт, йӕ дзыхы зети бӕласы цъӕх сыфтӕр, афтӕмӕй; ӕмӕ Ной ба зыд-та, дон зӕххы ахъардта, уый. 12 Ноджыдӕр ма банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, ӕмӕ йӕм ацы хатт бӕлон нал ӕрбаздӕхти фӕстӕмӕ.
13 Нойыл ӕхсӕзсӕдӕ иу азы куы сӕххӕст и, уый хӕдфӕстӕ хъаймӕты дон зӕххӕй ацыди. Ной бӕ лӕгъы сӕр си ста ӕмӕ федта: зӕххыл хъаймӕты донӕй ницыуал баззади. 14 Дыккаг мӕйы авд ӕмӕ ссӕдзӕм бонмӕ зӕхх бахус и.
15 Хуыцау Нойӕн загъта: 16 «Бӕлӕгъӕй рахиз дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чындзытимӕ. 17Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгой-ты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».
18 Ӕмӕ Ной рахызти йӕ фырттимӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзыти-мӕ. 19 Стӕй бӕлӕгъӕй мыггаггай рацыдысты ӕппӕт сырдтӕ, фос, мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ.
20 Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ. 21Дунедарӕгмӕ схӕц-цӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы аххосӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ
йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цард удты никуыуал фесафдзынӕн, доны хъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕх-хыл. 22 Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ таудзысты ӕмӕ кӕрддзысты, скӕндзӕн-иу хъызт ӕмӕ ӕнтӕф замантӕ, уыдзӕни сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ӕхсӕв».
9]Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд. 2 Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын. 3 Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ. 4 Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард. 5 Ӕмӕ уӕхи туг (ома цард) дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕист нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа. 6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
7 Цот уадзут уӕдӕ ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».
8 Хуыцау загъта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн: 9 «Абон аразын Мӕ фидыд уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддагимӕ, 10 стӕй, удӕгас уӕвӕгӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — бӕлӕгъӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойти-мӕ. 11 Уемӕ аразын Мӕ фидыд: никуыуал бабын кӕндзынӕн ӕппӕт цард удты, доны хъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕх-хыл».
12 Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ, уемӕ удӕгас уӕвӕгӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд ара-зын, уый нысан: 13 ӕврӕгътыл ӕвӕрын Ме ’рдын — арвӕрдын. Уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн фидыды нысан. 14 Зӕххы сӕрмӕ-иу ӕврӕгътӕ куы рауадзон ӕмӕ-иу ӕврӕгътыл арвӕр-дын куы фӕзына, 15 уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доны хъаймӕт — ӕппӕт цӕрдудты сафӕг. 16 Ӕврӕгътыл-иу ар-вӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл удӕгас уӕвӕгӕй цы ис, Хуыцау уыдонимӕ мыггагмӕйы фидыд кӕй сарӕзта, уый». 17Хуыцау загъта Нойӕн: «Гъе уый — ӕппӕт зӕххон цард удтимӕ цы фидыд аразын, уый нысан».