Страница 21 из 25
23 Иосиф Мысыры адӕмӕн загъта: «Гъеныр уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр балхӕдтон фараонӕн. Мӕнӕ уын хор тауинагӕн. 24 Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕ-рынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн». 25 Уыдон загътой: «Ды нӕ ирвӕзын кӕныс! Уыцы хорздзинад дӕр ма нын дӕ цӕст куы бауарзид, не ’лдар, ӕмӕ куы суаиккам фа-раоны цагъартӕ». 26 Иосиф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фа-раонмӕ.
Иаковы фӕстаг арфӕ йӕ байзӕддагӕн
27Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты. 28 Иаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы.
29 Израилӕн йӕ адзал куы ӕрхӕстӕг и, уӕд басидт йӕ фырт Иосифмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ сагӕхтӕм бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард, 30 фӕлӕ-иу мӕ нӕхимӕ мӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕр. Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».
31 Израил загъта: «Ард мын бахӕр». Иосиф ын ард бахордта, ӕмӕ Израил йӕ нывӕрзӕныл ӕруагъта йӕ сӕр.
Л 1 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Иосифмӕ фӕхабар чын-дӕуыди, дӕ фыд фӕрынчын и, зӕгъгӕ, ӕмӕ Иосиф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Манасси ӕмӕ Ефраимы, ӕмӕ араст ис Иаковмӕ. 2 Иаковӕн загътой, йӕ фырт Иосиф ӕм кӕй ӕрбацыди, уый. Израил йӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодта ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт. 3 Иаков Иосифӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъом Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта. 4 Загъта мын: „Ӕз дӕ сбирӕ кӕндзы-нӕн — тынг бирӕ уыдзӕни дӕ байзӕддаг, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн хӕдзарвӕндӕгтӕ, дӕ байзӕддагӕн мыггагмӕйы исбонӕн ратдзынӕн ацы зӕхх”. 5 Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалын-мӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефраим ӕмӕ Манасси, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад. 6 Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та ны-мад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ фыдӕй фыртмӕйы исбон райсдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххыл. 7Уымӕй де ’дзард мад Рахилы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд, Ханааны зӕххыл, Ефратӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, аф-тӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахил. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефратӕмӕ фӕндагыл». Ефратӕ ныр хуыйны Виф-леем.
8 Израил Иосифы фыртты куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Адон дын чи сты?» 9 Иосиф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Иаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын ар фӕ ракӕнон». 10 Израил базӕронд и, ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Иосиф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта. "Иосифӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр ма фенын кодта». 12 Иосиф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахи-зын кодта ӕмӕ йӕ разы адӕлгом и зӕххыл.
13 Уый фӕ стӕ Иосиф Ефраимы ӕрлӕууын кодта йӕ рахиз фарс — Израилы галиу къухы акомкоммӕ, Манассийы та йӕ галиу фарс — Израилы рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ та йӕм сӕ бакодта. 14 Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефраимы — кӕстӕры сӕрыл, йӕ галиу къух та Манассийы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр. 15 Ӕмӕ Израил Иосифӕн раар фӕ кодта:
«Мӕ фыдӕлтӕ, Авраам ӕмӕ Исаак, коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты,
мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у,
16 алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ!
Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт-иу мӕ ном,
стӕй Авраамы ӕмӕ Исаакы — мӕ фыдӕлты — ном!
Дунейыл бир-бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»
17Иосиф ӕй Ефраимы сӕрыл йӕ рахиз къух ӕрӕвӕргӕ куы федта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фыды къух-мӕ бавнӕлдта, Ефраимы сӕрӕй йӕ хъавыди Манассийы сӕрмӕ айсын. 18 Загъта йын: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Мӕнӕ уый у хистӕр. Уый сӕрыл ӕрӕвӕр дӕ рахиз къух». 19 Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уы-мӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддаг уыдзысты ӕнӕнымӕц».
20 Гъе афтӕмӕй сын уыцы бон Иаков раарфӕ кодта, ӕмӕ Иосифӕн загъта:
«Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн, дӕ ном аргӕйӕ, арфӕтӕ кӕндзысты — зӕгъдзысты-иу: „Хуыцауы арфӕ сӕмбӕлӕд Ефраимау, Манассийау дӕуыл дӕр!”»
Афтӕмӕй Ефраимы фӕуӕлдӕр кодта Манассийӕ.
21 Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау сымахыл ауддзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ фӕкӕндзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ. 22 Ӕз та дын дӕттын де ’фсымӕрты хӕйттӕй хуыздӕр хай. Аморӕгтӕй йӕ кард ӕмӕ фатӕй байстон».
Л 1 Иаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбам-“ бырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.
2 Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Иаковы фырттӕ, ӕрбайхъусут Израилмӕ, уӕ фыдмӕ.
3-4 Рувим, ды дӕ мӕ хистӕр фырт, мӕ хъару, мӕ хъомысы фыццаг ӕнтыст дӕ ды,
Ӕгӕр нӕрӕмон, ’нӕрцӕф ӕмӕ хъал гуырд.
Нӕ сахуыр дӕ хӕцын дӕ монцты рохыл,
Дӕ фыды уатмӕ ’рбарӕдыдтӕ, уӕууа, мӕ нывӕрзӕн фӕчъизи кодтай, сонт лӕг,
Куыд ма бауа ныр хистӕры кад дӕу!
5 Симеон ӕмӕ Леви — ӕмсывӕр, иу мады зӕнӕг: ӕрцӕуы сӕм фыдвӕндтӕ, ӕмӕ бакӕнынц тыхми.
6 Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, сӕ цӕдисмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, —
Сӕ карды фындзыл сау мӕлӕт куы хастой, ӕгомыг фосы дӕр фӕкодтой-иу уӕнгцухтӕ!
7 Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ араугӕ маст, се знӕт, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ агъуыд зонд!
Ӕз сын, ӕнӕмӕнг, ба кӕндзынӕн афтӕ,
Куыд фӕхауа сӕ хал ӕмӕ сӕ бӕндӕн!
Куыд ныппырх уа Израилы сӕ мыггаг.
8 Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ!
Дӕ фыды фырттӕ кувдзысты дӕуӕн,
Фыдгулӕн-иу куы рацахсай йӕ бӕрзӕй,
Куы йӕ фӕкӕнай сау рыджы бын, уӕд.
9 Иудӕ! Ды ӕвзонг домбай дӕ, растдӕр.
Ӕнӕ ӕфтиаг никуы здӕхыс цуанӕй:
Йӕ амӕттаджы цур йӕхи ӕруадзы,
йӕ райхъал кӕнын чи бауӕнддзӕн ныр?
10 Уыдзӕн дӕ къухы паддзахы лӕдзӕг, уыдзӕн дӕ бадӕн — паддзахы къӕлӕтджын, дӕ байзӕддаг ӕдзух ӕлдариуӕг кӕндзӕни, Ӕмӕ йын адӕмтӕ та хъалондар уыдзысты, ӕмӕ кӕсдзысты алкӕддӕр йӕ коммӕ.
11 Уӕд цардӕй къӕртт ӕппардзӕни Иудӕ, сӕнӕфсирыл йӕ хӕрӕджы куы бӕтдзӕн, йӕ къӕлӕуы-иу — талаты хуыздӕрыл. Сӕнӕфсиры доны ’нхъӕвздзӕни йӕ пӕлӕз, куы ’нхъӕвздзӕнис йӕ дарӕс дӕр сӕны.
12 Йӕ цӕстытӕ ысты сырх сӕнӕй тардӕр, йӕ дӕндӕгтӕ ысты ӕхсырӕй урсдӕр.
13 Ды, Завулон! Ӕввахс цӕрдзынӕ фурдмӕ, ӕмӕ дӕ бӕстӕ наулӕууӕн ысуыдзӕн.
Дӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.
14-15 Ды, Иссахар! Ныггуыбыр уыдзӕн д’ астӕу, Дӕ уӕззау уаргъ ӕмпъухдзынӕ цагъарау.
Йӕ быны-иу цола хӕрӕгау ды ӕрхаудзынӕ дӕ уӕрджытыл.
Гъе ахӕм у ӕвӕлмас уды фиддон, — Рӕсугъд дӕлвӕзы улӕфын кӕй уарзтай, кӕй бӕллыдтӕ ӕнцад-ӕнӕмӕт цардмӕ, дӕ сӕнттӕ дӕ сӕ уӕлныхты кӕй хастой!..
16 Ды, Дан, тӕрхоны лӕг Израилӕн уыдзынӕ. Ӕмӕ дын уый тыххӕй Израилы мыггӕгтӕ Дӕ мыггагӕн кӕндзысты кад.
17 Дӕ фӕндагыл ды басгуыхдзынӕ хилӕг, ды къахвӕндагыл бабаддзынӕ калмау: бӕхы счъилыл фӕхӕцы уый ӕваст, —
уӕлбӕхӕй барӕг асхъиуы уӕлгоммӕ.
Раст афтӕ-иу фӕтых уыдзынӕ знӕгтыл!
18 Йа, Дунедарӕг, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
19 Ды, Гад! Цӕвдзысты-иу дыл стигъджытӕ сӕхи, фӕлӕ сӕ-иу фӕсурдзынӕ дӕхӕдӕг.
20 Ды, Асир! Дӕ бӕркадӕн нӕ уыдзӕни ныккӕнӕн, цӕттӕ кӕндзынӕ паддзахӕн хӕрзад хӕлц.
21 О, Неффалим, ды саджы фисынтыл амад дӕ, рӕувад ӕмӕ рӕсугъд уыдзынӕ сагау.
22 Иосиф, ды — сӕнӕфсиры цъӕх тала, сӕнӕфсиры цъӕх тала суадоны сӕрмӕ.
Дӕ къабузтӕ ӕмбондау — ӕнгом ӕмӕ бӕрзонд.
23 Ӕндзӕрстой дыл ӕрдынджынтӕ сӕхи, фыдӕхӕргомӕй дыл сӕ фӕттӕ уагътой.
24 Фӕлӕ сӕм ды фӕлӕууыдтӕ хъӕддых, ды сыл дӕхӕдӕг ралӕууыдтӕ фатӕй. Хъомысджын, Иаковы Хуыцау,
Дӕ фарсхӕцӕг куы уыди!
Ды Уый фӕрцы Израилӕн — йӕ фыййау, йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ ныфсы мӕсыг — ды.
25 Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл,
Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд:
Уӕларвы ’ртах ӕмӕ дӕлзӕххы фурдӕй,
дӕ дзаджджын хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, бир-бирӕ дӕ байзӕддаг цы бауа, бир-бирӕ — дӕ фос.
26 Ӕнусон хӕхтӕй ноджыдӕр бӕрзонддӕр дӕ кад, дӕ намыс сырӕзӕд!
Сӕ бӕркӕдтӕй хъӕздыгдӕр та дӕ хуымты бӕркад басгуыхӕд.
Ӕппӕтӕй дӕр ысхайджын у, Иосиф,
Ӕфсымӕрты ’хсӕн ды куы дӕ ӕвзӕрст.
27 Вениамин, ды тугдзых бирӕгъау уыдзынӕ, дӕ тӕлӕттаг сӕумӕрайсом хӕрдзынӕ, изӕры дӕр уӕнгтӕ кӕндзынӕ де ’фтиаг».
28 Гъе адон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрма-гондӕй.
Иаковы мӕлӕт
29 Иаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ рагфыдӕлты размӕ бацӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хет-таг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым. 30 Лӕгӕт ис Ханааны зӕххыл, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры. Авраам уыцы быдыр фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн балхӕдта хеттаг Ефронӕй, уӕлмӕрдӕн. 31Уым бавӕрдтой Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы, уым бавӕрдтой Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр, ӕз та дзы бавӕрдтон Леайы. 32 Уыцы быдыр ӕд лӕгӕт хеттӕгтӕй ӕл-хӕд у». 33 Иаков йӕ фырттӕн ацы фӕдзӕхстытӕ куы ракодта, уӕд йӕ къӕхтӕ хуыссӕнмӕ систа ӕмӕ ахицӕн ис. Йӕ фыдӕл-ты размӕ бацыди.
/Л 1 Иосиф ныддӕлгом ис йӕ фыдыл ӕмӕ йын, цӕссыг згъалгӕйӕ, фӕбатӕ кодта. 2Уый фӕстӕ бафӕдзӕхста йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ. 3 Архайдтой йыл дыууиссӕдз боны дӕр-гъы — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.