РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 22 из 25

4 Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Иосиф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут: 5 „Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн”». 6 Фараон ын бар радта: «Ацу ӕмӕ бавӕр дӕ фыды, ард дын куыд бахӕ-рын кодта, афтӕ».

7 Иосиф араст ис йӕ фыды мард бавӕрынмӕ. Йемӕ рацыдысты фараоны фӕсдзӕуинтӕ, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Мысыры кадджын хистӕртӕ, 8 стӕй Иосифы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос. 9 Иосифимӕ рацыды-сты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыди йӕ фӕдыл.

10 Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Иосифы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой; фӕхъыг ыл кодтой авд боны. 11 Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, хана-анӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысирӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим, ома «мысирӕгты кӕуын». Ис Иорданы фале.

12 Иаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,

13 ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Ацы быдыр кӕддӕр Авраам фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн бал-хӕдта хеттаг Ефронӕй, уӕлмӕрдӕн. 14 Иосиф йӕ фыды куы бавӕрдта, уӕд йе ’фсымӕртимӕ ӕмӕ, йӕ фыды зианы фӕдыл чидӕриддӕр рацыди, уыдонимӕ ӕрбаздӕхти Мысыр-мӕ.

Иосиф йе ’фсымӕртимӕ куыд бафидыдта

15 Иаковы мӕлӕты фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ ныссагъӕс кодтой: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нӕм Иосиф хӕрам у, цы фыд ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн». 16 Ӕмӕ Иосифмӕ барвыстой: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ ныффӕ-дзӕхста, 17 Иосифӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцаумӕ кувджытӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Иосиф куыдта.

18 Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — ца-гъартӕ». 19 Фӕлӕ сын Иосиф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куы нӕ дӕн. 20 Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.

21 Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын дардзынӕн уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ са-биты дӕр». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Иосиф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.

22 Афтӕ Иосиф йӕ фыды ӕппӕт мыггагимӕ ӕрцарди Мысы-ры. Фӕцарди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы. 23 Ӕрӕййӕфта ма Ефраимы фыртты фыртты. Манассийы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты. 24 Ӕмӕ загъта Иосиф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм». 25 Ӕмӕ Израилы фырттӕн ард бахӕрын код-та — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ’рлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».

26 Иосиф амарди, дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.

ФӔСНЫХАС

Чырыстон Библийы 77 чиныджы дих кӕнынц дыууӕ егъау хайыл: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхстыл. Фыццаджы — Рагон Фӕдзӕх-сты ис Моисейы фондз чиныджы, Хуыцауы ӕвзӕрст Израилы адӕмы историйы чингуытӕ, Пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ куырыхондзинады чингуытӕ. Рагон Фӕдзӕхст фыст у рагдзуттаг, арамейаг ӕмӕ рагбер-дзенаг ӕвзӕгтыл.

«Райдиан» у Моисейы фыццаг чиныг. Ирон ӕвзагмӕ ивд ӕрцыди рагон дзуттаг ӕвзагӕй, ВШНа НеЬга1са ЗШИдаЛепыа1, зӕгъгӕ, уыцы чиныгӕй. Абоны онг уый нымад у, чырыстон аргъуан кӕй айста, ахӕм иууыл бӕлвырд ӕмӕ ӕууӕнкаккагдӕр рауагъдыл.

Сыгъдӕг Фысты райдианы тӕлмацтӕй махмӕ ӕрхӕццӕ сты 50-ӕм псалом, дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ куывдтытӕ. Мыхуыргонд сты 1798 азы уагъд катехизисы. Уыцы катехизис традицимӕ гӕсгӕ хонӕм фыццаг ирон чиныг. XIX ӕнусы райдианы рухстауӕг Ӕгъуызаты (Гӕбӕраты) Иуане йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ раивта цыппар Евангелийы. Цыбыр рӕ-стӕгмӕ сӕ Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнады комитет Мӕскуыйы 2 мин чиныгӕй джиппы рауагъта ӕмӕ сӕ ирон аргъуантыл байуӕрста2.

Библи тӕлмац кӕнынмӕ Ирыстоны разӕнгардӕй бавнӕлдтой XIX ӕнусы астӕу, академик А. М. Шёгрен ирон алфавит куы сарӕзта, уый хӕдфӕстӕ. 1848 азы Бетъырбухы рацыди «Стыды чиныг», кӕнӕ «Псалтыр», 1861 азы Тифлисы — цыппар Евангелийы, Григорий Мже-дловы тӕлмацӕй. Дины чингуытӕ уадзыны сӕрмагонд комитет ма йыл ногӕй бакуыста, афтӕмӕй джиппы рацыди цалдӕр хатты. 1862 азы Тифлисы рухс федтой Апостолты фыстӕджытӕ, ирон ӕвзагмӕ сӕ раивта Цорӕты Васили (Елдзарыхъо). Дины чингуытыл кусгӕйӕ, Сыгъдӕг Фыстӕй цӕстахадгӕ хӕйттӕ ратӕлмац кодтой Ирыстоны динамонджытӕ — архимандрит Иосиф (Чепиговский), протоиерей Колыты Алекси (Аксо) ӕмӕ иннӕтӕ.

1917 азы, Октябры цауты фӕстӕ, Ирыстоны Библийы тӕлмацыл куыст бамынӕг ис дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ. 1927 азы Берлины мыхуыры рацыди пехуымпар Даниилы чиныг. Ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Байаты Гаппо. Гаппо ма ноджы ратӕлмац кодта Апостолты хъуыддӕгтӕ, Апо-столты фыстӕджытӕ ӕмӕ Апостол Иоанны Ӕргомады чиныг, фӕлӕ йын къухфыстӕй баззадысты. 1973 азы Библи тӕлмацгӕнӕг институт (БТИ) Стокгольмы репринтӕй рауагъта, ӕнусы ӕрдӕджы размӕ иронау цы 4 Евангелийы чиныг рацыди, уый; 1993 азы рухс федта Ног Фӕ-дзӕхсты ӕххӕст рауагъд — уый дӕр Евангелийы зӕронд текст ӕмӕ, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, Байаты Гаппойы уыцы тӕлмацты бындурыл. 2004 азы ма БТИ бацӕттӕ кодта Ног Фӕдзӕхсты ног тӕлмац, 2006 азы та — Рагон Фӕдзӕхсты дыууӕ чиныджы — Райдиан ӕмӕ Рацыд.

Дӕс азы размӕ Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнад (УБӔ) сарӕзта Библийы тӕлмацгӕнджытӕ цӕттӕ кӕныны программӕ ӕмӕ йӕ ӕнтыстджы нӕй ӕххӕст дӕр кӕны. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ХХ ӕнусы Сыгъдӕг Фыст иртасыны хъуыддаг — динахуырады дӕснытӕ, филологтӕ, лингвисттӕ, историктӕ, археологтӕ ӕмӕ ӕндӕрты фӕрцы — егъау санчъехтӕ акодта размӕ. Ӕппӕт ацы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг специалисттӕ суинаг тӕлмацгӕнджытӕн нӕ бахӕлӕг кодтой, къорд азы дӕргъы семӕ куыстой Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕна-ды программӕмӕ гӕсгӕ. Тӕлмацгӕнджыты иу хай рагдзуттаг ӕвзаг дӕр кӕй сахуыр кодта, уый фӕрцы фыццаг хатт фӕзындис Сыгъдӕг Фыст оригиналӕй комкоммӕ ирон ӕвзагмӕ раивыны фадат. Уымӕй размӕ-иу ацы нысан ӕххӕст кодтой уырыссаг, бердзенаг кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕгты ӕххуысӕй. 2002 азы УБӔ райдыдта Рагон Фӕдзӕхст ирон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Уыцы куыстмӕ сӕ цӕст лӕмбынӕг дарынц библииртасынад ӕмӕ Хуыцауы дзырдахуырады, ӕвзагзонынады дӕсны-тӕ. Тӕлмацгӕнджыты размӕ лӕууы егъау ӕмӕ иттӕг вазыгджын хӕс: Рагон Фӕдзӕхст уыдон нырыккон ирон ӕвзагмӕ ахӕм хуызы хъуамӕ раивой, цӕмӕй дзы рагон тексты мидызмӕлд, гӕнӕн куыд ис, афтӕ ӕххӕстӕй разына ӕмӕ уыимӕ хуымӕтӕг чиныгкӕсӕгӕн та уа ӕнцо-нӕмбарӕн. Архаизмтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕй ӕрбайсгӕ дзырдтӕй дӕр гъе уымӕн не ’мбӕлы ӕнӕхъуаджы арӕх пайда кӕнын.

Ныфс нӕ ис: Хуыцауӕн дунейы ӕхцондӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоны ахсджиагдӕртӕй иу у Сыгъ дӕг Фысты тӕлмац. Фӕлӕ тынг уӕззау куыст у. Уымӕн ӕмӕ Чингуыты чиныг, ома Библи, йемыдзаг цы Хуыцауы уӕлзонынадӕй у, уый кӕцыфӕнды ӕвзагыл дӕр ӕмбӕ-лон хуызы равдисын, ӕвӕццӕгӕн, къухы зынтӕй бафтдзӕни. Хуыцау йӕхӕдӕг зӕгъы Пехуымпар Исайы чиныджы (55:9): «...зӕххӕй арв цас бӕрзонддӕр у, уыйас бӕр зонддӕр сты Мӕ фӕндӕгтӕ сымах фӕндӕг-тӕй, ӕмӕ Мӕ хъуыдытӕ — сы мах хъуыдытӕй». Оригиналон тексттӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххон адӕм фыстой, фӕлӕ уыдонӕн бирӕ ӕнцондӕр уыди, — цы фыссой, уый сын сӕ зӕрдӕты Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй ӕфтыдта кӕнӕ та-иу сын ӕй комкоммӕ кӕй амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Ноджы ма кӕд уыдысты, Хуыцауы комы тӕфӕй хайджын чи у, ахӕм разагъды лӕгтӕ!

Тӕлмацгӕнджыты къорд хорз зоны ирон фольклоры хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ, ирон классикон ӕмӕ абоны литературӕйы традицитӕ ӕмӕ сӕ дӕсны спайда кодта. Йӕ куыст арӕзта динамикон тӕлмацы домӕнтыл, цӕмӕй текст зӕла мадӕлон ӕвзагыл фыстау.

Моисейы фыццаг чиныгӕн алы ӕвзӕгтӕ ӕмӕ культурӕты ис алы-хуызон нӕмттӕ: рагдзуттаг традицийы йӕ хонынц фыц цаг дзырдмӕ гӕсгӕ «Берешит» — «Райдианы», бердзенӕгтӕ йын радтой ном «Ге-несис», ома «равзӕрд», уырыссӕгтӕ — «Уӕвынад». Мах ӕй схуыдтам «Райдиан».

Райдианы чиныджы ӕмбӕлӕм, махӕн ӕцӕгӕлон чи у, ахӕм фӕсномыг ныхас ӕмӕ ӕмбисӕндтыл, ӕнахуыр метафорӕтыл, ӕппынфӕстаг-мӕ — дунейы бынтон ӕндӕр нывыл. Уыцы дуне мах, йӕ арӕзты йын цы хъауджыдзинад иртасӕм, канд уымӕй нӕ цымыдис кӕны (ис дзы зӕдты уӕларв бадӕн, зӕххон адӕмы астӕуккаг дуне ӕмӕ тар, ӕнтъы-снӕг Шеол — мӕрдты бӕстӕ). Хицӕн сты ам хӕрзӕгъдауы домӕнтӕ дӕр, къайад, хӕларад, бинонты царды ахаст. Уыдӕттӕ хынцгӕйӕ, тӕлмац сифтонг кодтам цыбыр бӕрӕгуатон ӕрмӕгӕй.

Претензии к содержанию