Страница 23 из 25
«Райдиан»-мӕ нӕй алы хабӕрттӕ ӕмӕ таурӕгъты рагон ӕмӕ хуымӕтӕг ӕмбырдгонды цӕстӕй кӕсӕн. Истори чиныджы нывӕст цӕуы дунейы сфӕлдыстӕй Иаков ӕмӕ Рахилы фырт Иосифы мӕлӕты онг. Ис дзы ӕртӕ сӕйраг хайы: фыццаджы базонгӕ вӕййӕм дунейы ӕмӕ ӕмткӕй адӕм ты историйы райдайӕн фӕлтӕримӕ (1-11), дыкка-джы — патриархтӕ Авраам, Исаак, Иаков ӕмӕ сӕ бинонтимӕ (12-36); фӕстаг хайы та Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕрты цардимӕ, Мысырмӕ куыд афтыдысты, уы цы хабӕрттимӕ (37-50).
Дунесфӕлдысты истори куыд ӕвдыстӕуы (1-2), афтӕмӕй дзурӕг у, Йе сконд дунейы ӕдде Чи ис, уыцы иунӕг Хуыцауыл. Дуне Хуыцауы бархъомысӕй кӕй сӕвзӕрди, уымӕ гӕсгӕ ӕгасӕй дӕр хъуамӕ йӕ коммӕ кӕса. Дунейы сфӕлдыст нӕу ӕнӕнхъӕлӕджы цау. Уый у, арф кӕй банкъардӕуыд ӕмӕ биноныг хъуыдыгонд чи уыди, Хуыцауы ахӕм уынаффӕйы фӕстиуӕг. Хуыцау адӕймаджы Йӕхи ӕнгӕс скодта, ӕмӕ уый уыди космогонион архайды иууыл бӕрзонддӕр къӕпхӕн. Гъе ӕр-мӕст «аразӕн ӕрмӕджы» (сыджыт, рыг) койӕ адӕймаджы «хуыцауӕнгӕс» ӕууӕлтӕ дзӕвгар ӕрбакъуындӕг сты. Адӕймаг политеизмӕй кӕй адард ис, уымӕ амоны, фыддзинад чиныджы цы хуызы ӕвдыст цӕуы, уый дӕр. Ӕппынӕдзух дзы ӕмбӕлӕм ахӕм дзырдимӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау дуне кӕй сфӕлдыста, уый у фарны хъуыддаг. Ацы хъуыды ныхмӕ лӕууы муртаттаг цӕстӕнгасмӕ: ома дуне йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ у хӕлд, аипджын. Едемы цы фыццаг тӕригъӕдраконд ӕрцыди (3), уый бӕлвырд кӕны: фыддзинад нӕдӕр ӕрдзон, нӕдӕр уӕлӕрдзон фӕзынд у; йӕ аххосаг ын агурын хъӕуы, адӕймаг Хуыцауы бархъомысы ных-мӕ йӕхи фӕнд кӕй ӕрӕвӕры, уым. Хъуӕгтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинад не сты Хуыцауы сконд дунейы хъӕнтӕ, уыдон сты Хуыцауы бархъомысы ныхмӕ лӕууыны фӕстиуӕг. Ӕфсымӕрмар Каины бафхӕрд (4:3-16), ӕнӕуаг адӕмы сӕфт доны хъаймӕтӕй (6:9-8:22), Содом ӕмӕ Гомор-рӕ ӕд тӕригъӕдтӕ (18:16-19:29) — ӕппӕт адӕттӕ ӕвдисӕн сты иу хъуыддагӕн: Хуыцау развӕлгъау цы фӕтк ӕрӕвӕрдта, уый сӕрты ахизӕджы ӕнӕмӕнг бахъӕудзӕни йӕ миты тыххӕй дзуапп дӕттын.
Адӕм се ’ппӕт иу уидагӕй равзӕрдысты, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды зыны Хуыцауы сфӕлдыст фыццаг къайы — нӕ иумӕйаг фыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы — таурӕгъы. Дзыллӕты историйы размӕцыдӕн ӕвдисӕн — Райдианы чиныджы даргъ мыггагвӕндӕгтӕ. Раст цыма иу бинонтӕ сты, афтӕ нӕм кӕсы. Чиныджы 10-ӕм хайы уымӕн ис ирд цӕвиттон — зӕххон цӕрджытӕ ӕгасӕй дӕр нымад цӕуынц, доны хъаймӕтӕй чи аирвӕзти, Нойы уыцы ӕртӕ фырты цотыл.
Ӕфсымӕртӕй уӕлдай арфӕгонд у Сим (9:26): Библийы йӕ мыггагвӕн-даг райдыдта Авраамы, Хуыцау ног адӕмты фыдӕлӕй кӕй снысан кодта, уый райгуырды размӕ (11:26). Авраамы хистӕр фырт, Измаил, Хуыцауы арфӕйӕ сси араббаг адӕмы фыдӕл, Исаак та — израилӕгты.
Иаковы арфӕ нысан кӕны, адӕмы аирвӕзыны истори цы патриархты дуджы райдыдта, уымӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис.
Райдианы чиныджы ӕрдхӕрӕны хицӕндзинӕдтӕй иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕймаджы ӕмахастытӕ дзы куыд ӕвдыст цӕуынц, уый. Цы фидыды бындурыл рӕзынц, уымӕн ис фарны мидис. Фыццаг хатт фидыды койыл ӕмбӕлӕм Нойы царды хабӕртты (9:8-17). Авраамы фӕзындимӕ фидыды темӕ Райдианы чиныджы бацахсы иууыл ахсджиаг бынат ӕмӕ афтӕмӕй бацӕуӕн хайау свӕййы ӕгас Сыгъдӕг Фыстмӕ. Патриархтӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуы ӕнӕнымӕц бирӕ цотӕй ӕмӕ, фидӕны кӕм ӕрцӕр-дзысты, уыцы зӕххытӕй. Авраам у, Ханаан кӕмӕн баззайдзӕни, уыцы номдзыд адӕмы рагфыдӕл (12:1-3; 13:15-17). Ахӕм дзырд Хуыцау радта Исаак (26:3-4) ӕмӕ Иаковӕн (35:11-12) дӕр.
Фидыд Райдианы чиныджы у, Хуыцау барвӕндӕй йӕхимӕ кӕй райсы, ахӕм иувӕрсыг хӕс. Хуыцауы уы цы фӕндон куыд кадджын ӕмӕ ӕнӕивгӕ у, уый зыны, адӕймаджы зӕрдӕйы арф фӕд чи уадзы, ахӕм нывты (15).
Райдианы чиныджы кӕронбӕттӕн хай нӕ ӕууӕндын кӕны: Хуыцау алкӕддӕр цӕттӕ у адӕймагӕн баххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй уый ба-фӕраза йӕ ӕппӕт зынтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕн, гадзрахатдзинад ӕмӕ бӕллӕхтӕн; цӕмӕй, йӕ фыдбонтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, ӕппынфӕ стагмӕ фӕуӕлахиз уа фыддзинадыл. Иосифы йе ’фсымӕртӕ мӕнгардӕй ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фыдвӕндтӕ фехӕлдта. Стонг аз куы скодта, уӕд Иосиф сси Мысыры адӕм ӕмӕ йӕ бинонты ирвӕзынгӕнӕг. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ хӕрзаудӕн, Хуыцауы хъомыс кӕддӕриддӕр хӕрамы тыхтыл уӕлахиз кӕй кӕны, уый.
Уӕлӕмхасӕн
Дзырдуат
+
Мыггагвӕвдаджы
бӕлас
+
Географион
нывӕцтӕ
АРФӔ — дзуттаг хъуыдыкӕнынады дзырдӕн ис егъау хъомыс. Цас сахаддзӕни, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, аразгӕ у арфӕгӕнӕджы удыхъӕдӕй. Хицӕн адӕймӕгтӕм арфӕ ракӕнынмӕ вӕййы сӕр-магонд курдиат. Мӕлӕтдзаг рынчынмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы курдиат фӕзына йӕ удисыны размӕ. Зӕгъӕм, Иаковы арфӕ йӕ байзӕддагӕн (Райд. 48). Арфӕ кӕныны курдиат фӕзыны, Хуыцауы ӕууӕнк чи ссары ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын йӕ куыст кӕмӕн свӕййы, уыцы адӕймӕгтӕм дӕр.
ӔЛГЪЫСТ — фыдракӕнды размӕ цӕлхдур чи ӕвӕры, ахӕм бар-джын ныхас, уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыны уӕлӕмхасӕн фӕрӕз. Тӕрхоны ӕвзаринаг хъуыддагӕн комкоммӕ ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд уӕлдай ахъаз у рӕстдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн. Дины бӕрӕгбӕтты заман-иу Дунедарӕджы Ӕгъдауы домӕнтӕ адӕмы раз куы дзырдтой, уӕд ма-иу сӕм бафтыдтой ӕлгъыстытӕ дӕр, цӕмӕй ӕхсӕнад Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕ-нынмӕ разӕнгарддӕр уа, уый тыххӕй.
ӔРГОМ РАЦӔУЫН — Хуыцауы фембӕлдтытӕ адӕймагимӕ Библийы арӕх ӕвдыстӕуы, цӕстӕй уынын цы мивдисджытӕ нысан кӕнынц, уыдоны фӕрцы (Райд. 12:7; 17:1; 18:1; 26:2; 26:24; 35:9; 48:3). Уыимӕ, фембӕлыны хъӕппӕрис кӕддӕриддӕр рацӕуы Хуыцауӕй. Уавӕрӕн ӕмткӕй ис афтӕ бамбарӕн: Хуыцау радта уыцы бар, цӕмӕй Йӕ адӕймаг фена, кӕнӕ: Хуыцау Йӕхи равдыста адӕймагмӕ. Фенын ам канд цӕстӕй Йӕм бакӕсын нӕ нысан кӕ-ны, фӕлӕ ма — удӕй Йӕ банкъарын дӕр. Ирон ӕвзагмӕ дзуттаг мивдисӕджы сӕрмагонд хуыз тӕлмацгонд у афтӕ: «Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыдис» (Райд. 12:7), «Хуыцау ӕргом рацыди Иаковмӕ» (Райд. 35:9), «Ӕппӕтхъом Хуыцау ӕргом рацыди» (Райд. 48:3). Хуыцауы куыд ӕмӕ цы хуызы банкъардӕуы, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Гъе уымӕн ӕвдыстӕуы ацы диссаджы цау, зӕгъӕм, Хуыцауы фембӕлд Иаковимӕ Бет-Елы (Вефилы), куы фыны хуызы (Райд. 28:12-16), куы та, цыма адӕймаг хъал уыди, афтӕмӕй (Райд. 48:3). Хатгай дыууӕ уавӕры сиу вӕййынц: Хуыцау ӕргом рацӕуы адӕймагмӕ йӕ фыны (Райд. 20:3). Ахӕм хуызы ӕвдыст у Дунедарӕджы зӕдимӕ фембӕлд дӕр (Райд. 31:10-11).
Цӕмӕй Хуыцау Йӕхи раргом кӕна, уый тыххӕй Йӕм адӕймаг хъуамӕ зӕрдӕбынӕй скува, сӕрмагонд нывонд ӕрхӕссынӕй Йын ныфс бавӕра, царды кӕцыдӕр цинтӕй йӕхи кӕй фенӕхай кӕндзӕни, уый тыххӕй Йын дзырд ратта.
ДАЛА — кӕс: УАДЫНГӔРЗТӔ
ЗӔД, ДУНЕДАРӔДЖЫ ЗӔД — Рагон Фӕдзӕхсты рагондӕр текстты дзырд «зӕд» амыдта «Хуыцауы минӕвар». Зӕдтӕ сты, Хуыцауы алыварс цы уӕлимонтӕ ис, уыдон. Адӕмы раз куы фӕзынынц, уӕд уый нысан кӕны, Хуыцау адӕмы ӕхсӕн кӕй ис. Зӕдты бон у: а) Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон адӕмӕн хъусын кӕнын; ӕ) бахъуаджы сахат адӕймагмӕ ӕх-хуысмӕ фӕзынын. Библийы «Хуыцауы зӕд» кӕнӕ «Дунедарӕджы зӕды» кой куы вӕййы, уӕд уый арӕх фӕамоны, адӕймагимӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кӕй фӕныхас кӕны, адӕймаджы хуызы йӕм ӕргом кӕй рацӕуы.
ЗӔНӔДЖЫ ХИСТӔР — алы цӕрдуд дӕр Хуыцауы исбон кӕй у, уый нысанӕн рагон Израилы нывондӕн хастой фосы фыццаг зӕйцы фыццаг нӕлты — фосы сӕртӕ. Зӕнӕджы хистӕры сӕр-мӕ дӕр-иу хъуамӕ сӕ фосӕй ӕрхастаиккой нывӕндтӕ (кӕс: НЫВОНД).
ИУУЫЛСУД ЗИНАГ — кӕс: НЫВОНД
НЫВОНД — нывонд хӕссыны ӕгъдау уыди ӕппӕт рагон адӕмтӕм дӕр. Нымадтой йӕ хуыцаулӕггады сӕйрагдӕр ӕмӕ кадджын-дӕр архайдыл. Йӕ нысан уыди Хуыцауӕн кад кӕнын, Йӕ хорзӕх Ын ссарын кӕнӕ хи Йӕ фыдӕхӕй бахизын. Рагзаманты Израилы зӕххыл нывӕндтӕ хастой бирӕ бынӕттон кувӕндӕт-ты, фӕстӕдӕр та — ӕрмӕстдӕр Йерусалимы. Уыдысты дыууӕ хуызы: ӕнӕтуг ӕмӕ туджы нывӕндтӕ. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн нывонд кодтой дыргътӕ, дзул, сӕн, зети, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Уый хуынди ӕнӕтуг нывонд. Туджы нывондӕн хастой галтӕ, родтӕ, фыстӕ, сӕгътӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ. Нывонд хӕссыны хуыз-тӕн сӕ ахсджиагдӕр уыди иууылсудзинаг нывонд. Арӕхдӕр ӕй хастой бон дыууӕ хатты. Кусӕрттаг-иу ӕнӕхъӕнӕй сыгъд ӕрцыди нывондхӕссӕныл.
САБАТ — къуырийы ӕвдӕм бон. Йӕ кой ӕппӕты фыццаг фӕ-зынди Израилы. Хуыцаулӕггады ӕгъдау уыцы бон кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты зондахасты куыдфӕстӕмӕ ныффидар и, сабат ӕрмӕст Хуыцауы бон у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды. Уацарӕй куы суӕгъд сты, уӕд та сабат израилӕгтӕн, сунӕты ӕмрӕнхъ, сси, иннӕ адӕмтӕй сӕ чи хицӕн кӕны, ахӕм ӕууӕл ӕмӕ сӕ Хуыцауимӕ фидыды нысан.
САУДЖЫН(ТӔ) — Хуыцауӕн нывондгонд сӕрмагонд хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕрны уы-ди хуыцаулӕггады ӕгъдау кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ хӕссын.
СЫГЪДӔГ ӔМӔ ӔНӔСЫГЪДӔГ (ЧЪИЗИ) — Хуыцау уаз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу Ӕм чи ӕрбаввахс ис (иумӕйаг скуывды рӕстӕг кӕнӕ Йын хицӕнӕй нывонд хӕсгӕйӕ), уыцы адӕймаг дӕр хъуа-мӕ уыдаид сыгъдӕг. Адӕймаг-иу фӕчъизи ис, ома Хуыцауимӕ фембӕлыны аккаг нал уыди, марды буарыл баныдзӕвгӕйӕ, йӕ къаимӕ фӕуыны фӕстӕ, фӕсӕвгъӕд, исты буарнизӕй куы сади, уӕд; ноджы — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ кӕнӕ, дзуттаг чи нӕу ӕмӕ сыгъдӕгдзинады домӕнтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи нӕ ӕххӕст кӕны, ахӕмтимӕ архайгӕйӕ дӕр. Цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тых-хӕй йӕ хъуыди хи ӕрӕхсын, адӕмӕй рӕстӕгмӕ ахибар уӕвын, ком бадарын ӕмӕ нывонд ӕрхӕссын. Нывондаг фосы ас ӕмӕ уынд дӕр хъуамӕ уыдаиккой бӕлвырд домӕнты аккаг. Кӕцыдӕр цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм, хуы («даргъбырынкъджын»), нымад цыдысты бынтон чъизийыл, нывондӕн нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕлхасады дӕр нӕбӕззон чи у, ахӕмтыл.