Страница 24 из 25
СЫГЪДӔГ УД — дзуттаг дзырд «уд» райдианы нысан кодта «дымгӕ, уддзӕф». Ацы дзырд фыццаджыдӕр амоны, Хуыцау Йе сфӕлдисонды цы «царды комулӕфтӕй» схайджын кӕны ӕмӕ бамынӕг кӕй нӕ уадзы, уый. Сыгъдӕг Уды хъомыс уӕлдай тынгдӕр фӕзыны иуӕй-иу адӕймӕгтыл. Уыдон рагацау зонынц ӕрцӕуинаг цаутӕ, ис сӕм уадидӕгӕн ӕндӕр ран февзӕрыны кур-диат. Хуыцауы комытӕфдзыд адӕймаг Хуыцаумӕ ӕввахс у ӕмӕ Йын лӕггад кӕны кӕддӕриддӕр. Рагон Фӕдзӕхсты пехуымпартӕ сӕ зӕрдӕ дардтой, сомбон ӕппӕт адӕм дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын уыдзысты, ууыл.
ТАБУЙАГ — дунейы алы дин дӕр табуйаг (уаз, сыгъдӕг) амоны йӕхирдыгонау. Арӕх ӕй ӕмбарынц афтӕ, цыма уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, фӕлӕ алыварс предметтӕ, удгоймӕгтӕ, фӕдзӕхст бынӕттӕ кӕнӕ бӕлвырд уагыл ӕвӕрд ӕгъдауы фӕтк хайджын кӕмӕй сты, адӕймаг та йӕ койӕ дӕр кӕ мӕн стъӕлфы, ахӕм ӕнахуыр ӕмӕ тасӕфтауӕг тых. Уыцы хӕдбар тыхы архайд никӕмӕй ӕмӕ ницӕмӕй аразгӕ у. Куы йыл фембӕла, уымӕй адӕймаг, иуӕрдыгӕй, тӕрсгӕ кӕны, иннӕрдыгӕй та, хъуыд-дагӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ кӕм нӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕм, ӕвыдӕй дзы баззайыны тыххӕй, хъуамӕ уа цӕттӕ, зона, йӕхи йӕ куыд дарын хъӕуы, уый. Цыбыр дзырдӕй, уыцы тыхимӕ фембӕлд тас дӕр ӕфтауы ӕмӕ амонд дӕр хӕссы; уыцы иу рӕстӕджы ӕвӕрццӕг дӕр у ӕмӕ ӕппӕрццӕг дӕр. Уымӕй хицӕн кӕны табуйаг (уаз, сыгъдӕг) ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылбононӕй.
Пысылмон динмӕ гӕсгӕ, пехуымпар Мӕхӕмӕты царды уӕлӕрдзон хуызы сӕрмагонд фӕд цыдӕриддӕр ӕмӕ чидӕриддӕр ныууагъ-та, уыдон иууылдӕр сты уаз, ома табуйаг ӕмӕ хъахъхъӕнинаг. Уӕлдай табуйаг сты сахартӕ Чабӕ, Мединӕ ӕмӕ Йерусалим. Пысылмон адӕмтӕм Мӕхӕмӕт йӕхӕдӕг дӕр, иннӕ пехуымпар-тӕ, стӕй хъуыранзонӕг ахуыргӕндтӕ дӕр нымад сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕмӕ сыгъдӕджытыл.
Табуйаг (уаз, сыгъдӕг) у Библийы бындурон ӕмбарынад, Хуыцауы зынгӕ хицӕнад чи ӕвдисы, бӕлвырддӕр дзургӕйӕ та, Хуыцау цы у, уый чи нысан кӕны, ахӕм. Ахуыргӕндтӕ куыд ӕнхъӕлынц, афтӕмӕй табуйаг (уаз, сыгъдӕг) цы дзуттаг дзырд амоны, уый рацыди рагон семитаг дзырдӕй, йӕ нысаниуӕг — «алыг кӕнын, хицӕн кӕнын». Цӕвиттон, Хуыцау уаз у, адӕймагӕй бындурон хуызы кӕй хицӕн кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хъуыды адӕймаджы ӕркӕны, мӕхӕдӕг табуйаг ӕмӕ сыгъдӕг нӕ дӕн, зӕгъгӕ, ахӕм хатдзӕгмӕ. Фӕлӕ уыимӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сбӕлвырд вӕййы иу ныхмӕвӕрд уавӕр — кӕд адӕймаг Хуыцауы аккаг табуйаг ӕмӕ сыгъдӕг нӕу, уӕддӕр ыл Хуыцау Йӕхи нӕ тигъ кӕны, ӕрбахӕ-стӕг ӕм вӕййы ӕмӕ фӕзӕгъы Йӕхи тыххӕй: Хуыцау Йе ’взӕрст адӕмы ӕхсӕн табуйаг у. Афтӕмӕй табуйаг ӕвдисы Израилы Хуыцауы уаз мидис, иунӕг ӕмӕ сыгъдӕг кӕй у ӕмӕ адӕй ма-гӕй гъе уымӕй кӕй хицӕн кӕны, уый. Ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕ адӕймагӕн йӕхи ӕрхъуыдыгонд сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’хсӕн ницы хъауджыдзинад ис. Уымӕй уӕлдай ма, уаз цы у, уый зыны Хуыцауӕн йӕ ахастӕй дӕр: Йӕ раст тӕрхонӕй, Йӕ барондзинадӕй, дуне фӕлдисыны уагӕй ӕмӕ а. д. Хуыцау сыгъдӕг у, ӕмӕ Йе сконд дуне дӕр, Библи куыд амоны, афтӕмӕй — дзаумайӕ, змӕлӕгойӕ, зайӕгойӕ, адӕмӕй — ӕппынфӕстагмӕ хъуамӕ суа сыгъдӕг.
Цыбыр ныхасӕй, табуйаг (уаз, сыгъдӕг) Рагон Фӕдзӕхсты у, Хуыцау ӕмӕ динимӕ цыдӕриддӕр баст и, уый. Табуйаг у кувӕндон — Хуыцауы уаз номы цӕрӕн, табуйаг у Сион — кувӕндоны хох; табуйаг у Йерусалим — кувӕндон ӕмӕ кувӕндоны хох кӕм сты, уыцы сахар; табуйаг у, Хуыцау Израилӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы бӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма табуйаг сты: нывонд-хӕссӕн, фӕткӕвӕрды мигӕнӕнтӕ, нывонд, кувинаг кӕрдзын, фӕткӕвӕрды архайджытӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр, хӕрздӕфгӕнӕг зети. Бӕлвырд мигӕнӕнтӕ табуйаг кӕй сты, уый дзурӕг у, кӕй сӕ не ’мбӕлы алкӕд ӕмӕ алы хъуыддаджы пайда кӕнын, уыдон ӕрмӕст хуыцаулӕггадӕн нысангонд кӕй сты. Сыгъдӕг сты Израилы адӕм, иннӕ адӕмты ӕхсӕн ӕвзӕрст чи ӕрцыди. Табуйаг у къуырийы иннӕ бонты ӕхсӕн ӕвзӕрст ӕнцойбон (сабат). Табуйаг сты бӕрӕгбон, стӕй комдарӕн бон дӕр. Ӕппӕт уыцы дӕнцӕнтыл зыны, Хуыцауимӕ баст цыдӕрид-дӕр и, уый хицӕнгонд кӕй цӕуы ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ, ӕрмӕст адӕймагмӕ бар чи дары, уыцы ӕрвылбононӕй. Хуыцаулӕггады ӕгъдау чи кӕны, уыдоны хӕс уыди ацы хъауджыдзинад ӕргомӕй иртасын (ӕмӕ йыл адӕмы дӕр ахуыр кӕнын), иу дзырдӕй, уаз Хуыцауӕй ӕнӕуаз адӕмы ’хсӕн цы арӕн ис, уый хъахъхъӕнын. Фӕлӕ уыцы арӕныл уыциу рӕстӕджы уыдысты ӕхсӕнылӕгтау дӕр — цӕмӕй адӕмы бон уа Хуыцауӕн табуйаг хуынтӕ хӕссын ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи царды ӕрбахӕстӕг уой Хуыцауы уаз ахаст-мӕ. Уыимӕ адӕймагӕй домдӕуыди, цӕмӕй дины фӕткӕвӕрдмӕ гӕсгӕ уа «сыгъдӕг».
Динахуырад ахсджиаг къахдзӕф акодта размӕ, ӕддаг сыгъдӕгдзинад фаг нӕу, зӕгъгӕ, уыцы хъуыдымӕ куы ӕрцыди, уӕд. Кӕд адӕймаджы, уаз Хуыцаумӕ ӕрбахӕстӕг уа, уый фӕнды, уӕд хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстаг цардӕй уа сыгъдӕг. «Сымах хъуамӕ сыгъдӕг уат, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг дӕн Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау» — ацы ныхасӕй райдайы Библийы фыстытӕй иу, «Уарз дӕ хионы, раст цыма дӕхи, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕм дзырдӕуы, уый.
ТӔРИГЪӔД — алы дин дӕр хорз ӕмӕ фыд кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕны. Уыимӕ Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты ахизын алы дины дӕр нымад цӕуы тӕригъӕдыл. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр иудаизмы, чырыстон ӕмӕ пысылмон динты сфидар ис уыцы хъуыды, зӕгъ-гӕ, тӕригъӕды ратӕдзӕн у адӕймаджы галиу уаг — Хуыцауимӕ йӕ ахастдзинӕдтӕ уый аххосӕй фехӕлынц. Куыд ӕппӕт Рагон Фӕдзӕхсты, афтӕ Райдианы чиныджы дӕр тӕригъӕд у, Хуыцауы ныхмӕ чи лӕууы ӕмӕ уыйадыл стыр бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕлӕт чи расайы, ахӕм фыдӕгъдауы фӕстиуӕг (Райд. 3:22 ӕмӕ дарддӕр; 4:8; 6:5-7; 8:21). Тӕригъӕдраконды хабар (Райд. 3) ӕвдисы, фыд-хӕрам ӕдде ӕрбафтгӕ кӕй у, фӕлӕ адӕймагыл куы бамбӕлы ӕмӕ йын йӕ удыхъӕдыл куы сахады, уӕд йӕ хъомыс тынг кӕй сырӕзы: адӕймаг ын ӕргомӕй ком нӕ дӕтты, фӕлӕ химидӕг фӕтасыди, фаг хъӕддых нӕ разынди, зӕгъгӕ, уӕд уый у тӕри-гъӕд (Райд. 3:6; 4:7). Йӕ Хуыцауы нӕ, фӕлӕ цыдӕр ӕндӕр тыхы бар йӕхи куы бакӕна, уӕд уый у тӕригъӕд (Райд. 3:1-6) ӕмӕ дзуры, адӕймаг Хуыцауӕй кӕй адард и, ууыл. Библи йӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй тӕригъӕды аххосаг у, адӕймаг Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кӕсы, ныхмӕ Йӕм кӕй лӕууы, уый.
УАДЫНГӔРЗТӔ — Библийы ацы чиныджы цы уадынгӕрзтӕ ӕмбӕ-лы — дала, уадындз ӕмӕ гуымсӕг — уыдон сты нӕ абоны царды хъисын, удӕфон ӕмӕ ӕрмдзӕфон уадынгӕрзты ӕнгӕс.
ДАЛА. Рагон дзуттаг далайы (Райд. 31:27) хъистӕ конд сты, дыууӕ къӕлӕсы быцӕуыл чи ӕнцайы, ахӕм хъӕдын фӕлгӕтыл. Къӕлӕсы быцӕутӕ, фӕлгӕты уӕхсчытӕ, фидаргонд сты, мыр кӕ-цӕй цӕуы, уадынгарзы уыцы сӕвджын хайыл. Дзуттаг далайӕ фылдӕр хатт цагътой лӕугӕйӕ.
УАДЫНДЗ. Рагон дзуттаг уадындз (Райд. 4:21) у лӕдзӕджы ӕнгӕс. Йӕ хуылф — тутт. Йӕ кӕрон — лулӕйы хуызӕн, цӕмӕй дзы уа фу кӕнӕн. Йӕ фарсыл — хуынчъытӕ. Уыцы хуынчъытӕ ӕнгуылдзтӕй ахгӕн-ахгӕнгӕйӕ, мыры бӕрзӕндӕн ис раив-баив кӕнӕн.
УАДЫНДЗ — кӕс: УАДЫНГӔРЗТӔ
ФИДЫД — Библийы дзырд фидыд нысан кӕны, бадзырдтӕ аразгӕйӕ-иу адӕм кӕрӕдзиимӕ цы ахастыты бацыдысты, уый (Райд. 14:13; 21:27; 31:44). Фидыды бындурыл барадон ахастытӕн ис сырӕзӕн куыд ӕмсӕр лӕгты ӕхсӕн (Райд. 14:13), афтӕ, се ’мсӕр чи нӕу, уыдонимӕ дӕр (Райд. 21:27). Ӕцӕг, уӕд, ӕхсӕ-нады бӕрзонддӕр къӕпхӕныл чи лӕууы, уый барвӕндонӕй, хӕрзаудыны охыл, йӕ дӕлдӕрӕн фидыды уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн дӕтты уӕлдай бартӕ. Ам сиу сты дыууӕ фӕйнӕхуызон нысаны. Иуӕй, цӕдисӕмбӕлттӕ чи свӕййы бадзырды руаджы, уыдон — ӕлдар ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг (Райд. 26:28), паддзах ӕмӕ йӕ дӕлдӕр — ӕмсӕр не сты, уымӕ гӕсгӕ фидыд алкӕддӕр вӕййы разамынды хуызӕн — хицауы уынаффӕйау йӕ дӕлбарӕн (абар: уӕсиат, фӕрӕзджынты хӕрзракӕнд мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнд.). Иннӕмӕй та, ӕхсӕнады асинтыл бӕрзонддӕр лӕууӕг йӕ дӕлдӕры архайды ныхмӕ ӕвӕры йӕхи архайд, ӕмӕ уыцы уавӕр кӕрӕдзимӕ ӕнгом бӕтты сӕ дыууӕйы дӕр. Афтӕмӕй, кӕд амынд фидыд ӕмбар ахастытыл не ’нцайы, уӕддӕр ын ис рӕстӕгмӕйы нӕ, фӕ лӕ мыггагмӕйы нысаниуӕг ӕмӕ алы бадзырдау ахъаз у куыд сӕ иуӕн, афтӕ иннӕмӕн дӕр.
Фӕлӕ фидыд фыццаджыдӕр у Хуыцау ӕмӕ Йе ’взӕрст адӕ-мы ’хсӕн сӕрмагонд ахастдзинӕдты метафорӕ. Райдианы чиныджы ацы дзырдӕй ӕвдыстӕуы, Хуыцау Ной (Райд. 6:18; 9:8-17) ӕмӕ Аврааммӕ (Райд. 15:18-21; 17:1-27), стӕй уымӕн йӕ байзӕддаг, Израилы адӕммӕ, куыд хорз цӕстӕй кӕсы, уый. Хуыцауимӕ фидыд ӕгасӕй дӕр адӕймаджы пайдайӕн у. Кӕд ӕмӕ ӕххӕст кӕны фидыды домӕнтӕ, уӕд ын рардӕуыдзӕни цард (Райд. 6:18-20), цӕрӕнбӕстӕ (Райд. 15:18-21), байзӕддаг (Райд. 17:4) ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хорздзинӕдтӕ. Хуыцауимӕ табуйаг бадзырд баст у ӕнахуыр нысанты фӕзындимӕ, уӕлфӕдзӕхстон фӕткимӕ — бӕлӕгъ (Райд. 6:18-21), иууылсудзинаг нывӕндтӕ (Райд. 8:20), арвӕрдынимӕ (Райд. 9:12-13), кусарты хӕйттӕн сӕ астӕуты арты ӕвзӕгты ахызтимӕ (Райд. 15: 17), сунӕты ӕгъдауимӕ (Райд. 17:10-13). Фидыд бындур ӕвӕры иузӕрдион уаг ӕмӕ фарнӕн, Хуыцауы дзырдахуырадмӕ гӕсгӕ — уырнынад ӕмӕ ирвӕзындзинадӕн. Библи иузӕрдыгдзинад арӕх бӕтты рӕстадимӕ; Хуыцауимӕ фидыдыл ӕнувыд адӕймаг хуыйны рӕстӕвзар, кӕнӕ рӕстгӕнӕг.