РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 4 из 25

18 Нойы фырттӕ, бӕлӕгъӕй чи рацыди, уыдон: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Хам уыди Ханааны фыд. 19 Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ — зӕххон адӕм иууылдӕр адонӕй равзӕрдысты.

20 Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕнӕфсирдон уый ныссагъта. 21 Иу ахӕмы банызта сӕн, барасыг ис ӕмӕ бӕгънӕгӕй хуыссыд йӕ цатыры. 22 Афтӕмӕй йӕ федта Хам, Ханааны фыд, ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн.

23 Уӕд Сим ӕмӕ Йафет райстой пӕлӕз, сӕ уӕхсчытыл ӕй ӕрбакодтой, чъылдымыздӕхтӕй бацыдысты сӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой. Се ’ргом иннӕрдӕм здӕхт уыд, ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой.

24 Ной куы райхъал и, уӕд базыдта, йӕ астӕуккаг фырт ын цы бакуыста, уый 25 ӕмӕ загъта:

«Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан!

Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»

26 Загъта ма:

«Симы Хуыцау — Дунедарӕг, табу Йын фӕуӕд!

Симӕн суӕд йӕ цагъар Ханаан!

27 Йафетӕн парахат зӕхх бауарзӕд Хуыцауы цӕст, ӕмӕ Симы цатырты ӕрцӕрӕд!

Йафетӕн дӕр суӕд йӕ цагъар Ханаан!»

28 Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Ной фӕцардис ӕртӕсӕдӕ фӕн-дзай азы. 29 Ӕмткӕй райсгӕйӕ та Ной фӕцарди фарастсӕдӕ фӕндзай азы, стӕй амард.

Нойӕ рацӕугӕ адӕмтӕ

1 Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзар-вӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.

2 Йафеты байзӕддаг: Гомер, Ма гог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас. 3 Гомеры байзӕддаг: Ашкеназ, Рифат, Тогарма.

4 Йаваны байзӕддаг: Елиша, Таршиш, киттӕгтӕ, роданӕгтӕ.

5 Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ.

Гъе адон сты Йафеты байзӕддаг. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ ра-взӕрди, уыдонӕй алкӕцыдӕр дих кодта хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.

6 Хамы байзӕддаг: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан.

7Кушы байзӕддаг: Сева, Хавила, Савта, Рагма, Савтеха. Рагмайы байзӕддаг: Шева ӕмӕ Дедан. 8 Кушӕй ма райгуырди Нимрод, зӕххыл фыццаг ӕлдар чи сси, уый. 9Уыди ӕрдхӕ-рӕны цуанон. Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуы, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у, зӕгъгӕ. 10 Паддзах Нимроды сӕйраг сахартӕ — Ва-вилон, Ерех ӕмӕ Аккад. Адон се ’ппӕт дӕр уыдысты Шинары зӕххыл, Месопотамийы. 11 Уыцы зӕххӕй рацыд Ашшур ӕмӕ сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах, 12 ноджы ма Ресен, Ниневийӕ Калахы ӕхсӕн. Калах зындгонд сахар у.

13 Мицраимӕй рацыдысты: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ, 14 патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.

15 Ханаанӕй равзӕрди: раздӕр Сидон, уый фӕстӕ — Хет,

16 ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, 17хиввӕгтӕ, архъӕгтӕ, синӕгтӕ, 18 арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Фӕстӕдӕр ханаанаг мыггӕгтӕ ахӕлиу сты алы рӕтты: 19 сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг; Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешӕйы онг. 20 Адон — Хамы байзӕддаг. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.

21Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддаджы фыдӕл, Йафеты хи стӕр ӕфсымӕр. 22 Симы байзӕддаг: Елам, Ашшур, Арпахшад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.

23 Арамы байзӕддаг: Уц, Хул, Ге тер, Маш.

24 Арпахшадӕн райгуырди Сала, Салайӕн райгуырд Евер.

25 Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Фалек, ома «дих», ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы кӕй ныддихтӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йохътан.

26 Йохътанӕн райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йе-рах, 27Хадорам, Узал, Дикла, 28 Евал, Авимаел, Шева, 29 Офир, Хавила, Йовав. 30 Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг. 31 Адон сты Симы байзӕд-даг. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдонӕй алкӕцы дих кодта хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыд йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.

32 Ӕппӕт ацы нӕмттӕй хуыдтой, Нойы фырттӕ ӕмӕ сӕ байзӕддагӕй зӕххыл доны хъаймӕты фӕстӕ чи ахӕлиу и, уыдонӕй рацӕугӕ знӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты.

Вавилоны мӕсыг

П^Уӕды заман ӕппӕт дунейы адӕм дзырдтой иу ӕвза-гыл, пайда кодтой уыцы иу дзырдтӕй. 2 Скӕсӕнырдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты. 3 Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуы-ридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой зӕххы писийӕ. 4 Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ны ххӕлиу уӕм».

5 Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ. 6 Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыд-дӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис. 7Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыд нал ӕмбарой». 8 Ӕмӕ сӕ Дунедарӕг уырдыгӕй, сӕ сахар кӕронмӕ арӕзт нӕ фӕцис, афтӕмӕй ныххӕлиу код-та ӕгас зӕххы цъарыл. 9 Уымӕ гӕсгӕ хуыйны ацы сахар Вавилон. Дунедарӕг уым схъомпал кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъа-рыл.

Авраам — Израилы рагфыдӕл (11:10-25:18)

Симӕй — Аврааммӕ

10 Мӕнӕ Симы хӕдзарвӕндаг. Симыл фондзыссӕдз азы куы сӕххӕст и, уый та уыди доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ-дӕр, уӕд ын райгуырд Арпахшад. 11 Арпахшады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцарди фондзсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

12 Арпахшадыл фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Сала. 13 Салайы райгуырды фӕстӕ ма Арпах-шад фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

14 Салайыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырд Евер. 15 Евер ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Сала фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

16 Еверыл цыппӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Фалек. 17 Фалек ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Евер фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

18 Фалекыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Рагав. 19 Рагав ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Фалек фӕцарди дыууӕсӕдӕ фараст азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

20 Рагавыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Серух. 21 Серух ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Рагав фӕцарди дыууӕсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

22 Серухыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырди Нахор. 23 Нахор ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Серух фӕцарди дыууӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

24 Нахорыл фараст ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Фара. 25 Фара йын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма

Нахор фӕцарди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырт-тӕ ӕмӕ чызджытӕ.

26 Фарайыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран.

27 Мӕнӕ Фарайы байзӕддаг. Фарайӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот. 28 Аран амарди йӕ райгуырӕн зӕххыл, Уры, Хуссар Месопотамийы. Йӕ фыд Фа-ра ма уӕд ӕгас уыд. 29 Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Мил-ка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ. 30 Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.

31 Фара Урӕй, Хуссар Месопотамийӕ, араст и Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Фарайы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Харраны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты. 32 Фара амарди Харраны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕ-мӕй.

Хуыцау сиды Аврааммӕ

“I 1 Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, цы зӕхх дын бацамонон, уырдӕм. 2 Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн тынг бирӕ адӕм, скадджын дын кӕн-дзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый. 3 Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕм-тӕ дӕр».

4 Аврам бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. Аврамӕн, Харран куы ныууагъта, уӕд йӕ фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы йӕхи фесты. 5 Йемӕ ра-кодта йӕ ус Сарӕйы ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй райста се ’ппӕт исбон, уыимӕ, цы цагъартӕ сӕм уыди, уыдоны дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй рараст сты Харраны зӕххӕй.

6 Кӕддӕр-кӕддӕр бахӕццӕ сты Ханаанмӕ. Цӕуынтӕ бай-дыдтой Ханааны зӕххыл. Шехемы рӕзты ахызтысты ӕмӕ бафтыдысты Морейы Тулдзмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты, 7 фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыдис ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ бай-зӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн тӕккӕ уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн. 8 Уырдыгӕй Аврам араст и, Бет-Елӕн скӕсӕнырдыгӕй цы хӕхбӕстӕ уыди, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Бет-Ел аззади ныгуылӕнырдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнырдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном. 9 Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарырдӕм адардта.

Претензии к содержанию