РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Страница 5 из 25

Авраам Мысыры

10 Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста. пМысырмӕ куы баввахс и, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сыл-гоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу. 12Мысирӕгтӕ дӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты: „Ай йӕ ус у”, ӕмӕ мӕ амар-дзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13 Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕ-нис».

14 Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысирӕгтӕ фед-той, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый. 15 Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕ-лыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. 16 Аврамы хъуыддаг хорз ацыди йӕ усы фӕрцы — ӕрбафтыд ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. 17 Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронти-мӕ. 18 Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?

19 Цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Ӕз ӕй уый тыххӕй куы ракуырдтон. Акӕн ныр дӕ усы дӕр ӕмӕ ацу!» 20 Фараон йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, ӕмӕ Аврамы арвыстой, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыимӕ.

Авраам ӕмӕ Лот

"Л О 'Аврам Мысырӕй фӕстӕмӕ сыздӕхти Негевы ӕдзӕрӕг X быдырмӕ — ӕд ус, ӕд исбон, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй.

2 Тынг хъӕздыг уыд Аврам фосӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ сызгъӕринӕй.

3 Негевӕй араст и Бет-Елы ’рдӕм, фӕндагыл асадӕнтӕгӕнгӕ, ӕмӕ бахӕццӕ и, раздӕр ын Бет-Ел ӕмӕ Гайы ӕхсӕн цатыр кӕм лӕууыди, 4 Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта ӕмӕ Йын Йӕ ном кӕм ссардта, уыцы бынатмӕ.

5 Аврамимӕ цӕугӕцард чи кодта, уыцы Лотмӕ дӕр уыди лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, стӕй цатыртӕ. 6 Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг и. 7Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ӕхсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр. 8 Иу ахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Ку-рын дӕ, нӕ дыууӕйы ӕхсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм. 9 Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуа-рӕм. Ды галиуырдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизырдӕм. Намӕ ды — рахизырдӕм, ӕз та — галиуырдӕм». 10 Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг Дунедарӕджы дыргъдонау, Мысыры зӕххау иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы нӕма бабын кодта. 11 Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз, ӕмӕ скӕсӕнырдӕм адардта йӕ фӕндаг. Аф-тӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ. 12 Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл, Лот та ныццыди дӕлвӕзы сахарты ’рдӕм. Йӕ цатыртӕ айтыгъта Содомы раз. 13 Содомы цӕрджытӕ фыдадӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.

14 Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл. 15 Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.

16 Дӕ байзӕддаг дын сбирӕ кӕндзынӕн зӕххы рыгау. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр нӕ уыдзӕни банымайӕн. 17Ныр цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕт-тын, ууыл. Фен ын йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх».

18 Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст и. Бахӕццӕ и Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы Тулдзыты къохмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.

М1 Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Арйох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гои-мы паддзах Тидал 2 хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Ши-навы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белӕйы, ома Цоары, паддзахы ныхмӕ. 3 Адонӕн та се ’фсӕдтӕ уымӕй размӕ иу-уылдӕр ӕрӕмбырд сты Сиддимы дӕлвӕзмӕ, ныр Цӕхджын денджыз кӕм ис, уырдӕм. 4 Дыууадӕс азы дӕргъы уыдысты Кедорлаомеры ӕфсондзы бын, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз сыстады-сты йӕ ныхмӕ. 5 Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рафайӕгты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Хъарнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Хъирйатаимы, 6 хорӕгты та — Сеиры хӕхбӕсты, фӕсырдтой сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕронмӕ, Ел-Параны сахары онг. 7Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты, ома Кадешы, ’рдӕм, ӕмӕ ныддӕ-рӕн кодтой амалехъӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.

8 Уӕд рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмайы паддзах, Цевоимы паддзах ӕмӕ Белӕйы, ома Цоа-ры, паддзах, ӕмӕ Сиддимы дӕлвӕзы схӕцыдысты 9 Еламы паддзах Кедорлаомер, Гоимы паддзах Тидал, Шинары пад-дзах Амрафел ӕмӕ Елласары паддзах Арйохимӕ — цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ. 10 Сиддимы дӕлвӕзы бирӕ уыди зӕххы писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕх-тӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудтой уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та балыгъдысты хӕхтӕм. 11 Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты. 12 Уацары акодтой Ав-рамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.

13 Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕджы амораг Мамрейы

Тулдзыты къохы раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ. 14 Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдо-ны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ. 15 Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг. 16 Аврам фӕстӕмӕ байста ӕппӕт исбон, ракодта йӕ хион Лоты дӕр ӕд исбон, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ уацайрӕгты.

Мелхиседекы арфӕ Авраамӕн

17 Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕх-ты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы, ома Паддзахы дӕлвӕзы, йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах. 18 Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Стыр Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн 19 ӕмӕ загъта:

«Арфӕгонд уӕд Аврам Стыр Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!

20 Табу Стыр Хуыцауӕн,

де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!»

Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕг-ты дӕсӕм хай.

21 Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз». 22 Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Хуыцауы — арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз: 23 дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы. 24 Мӕн ницы хъӕуы. Ӕрмӕст, мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз и, уый мын бафид ӕмӕ, мӕ фарсмӕ чи хӕцыди, уыдонӕн, Анер, Ешкол ӕмӕ Мамрейӕн, цы хай ӕмбӕлы, уый ратт».

Хуыцауы фидыд Авраамимӕ

“I [“ 1 Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дуне-X дарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг». 2 Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзы-нӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»

3 Ноджы ма загъта: «Зӕнӕг мын нӕ радтай, ӕмӕ мӕ цагъары хай бауыдзысты». 4 «Дӕ цагъармӕ не ’рхаудзысты, — загъта йын Дунедарӕг. — Дӕхицӕн уыдзӕни фырт». 5 Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъа-лытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддаг». 6 Аврам бау-уӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нымад ӕрцыди рӕстӕвзарыл.

7Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ацы зӕхх дын раттыны тыххӕй дӕу халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс». 8 Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?» 9Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕ Мын ӕртӕаз-дзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд тохъхъыл, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон». 10 Аврам сӕ ӕрбакодта, аргӕвста сӕ ӕмӕ сӕ дӕргъырдӕм афаста, алкӕцыйӕн дӕр йӕ иу ӕмбис иннӕйы ныхмӕ ӕрӕвӕрдта. Ӕрмӕст мӕргъты нӕ адих кодта. 11 Фосы мӕрдтӕм сӕхи ӕруагътой тугдзых мӕргътӕ, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.

12 Хур ӕрныгуылыны афон Аврам бауадзыгау, ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг и. 13 Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзы сты, ӕцӕгӕлӕттӕн — цагъартӕ, ӕмӕ сӕ уыдон ссӕнддзысты цы ппарсӕдӕ азы. 14 Фӕлӕ Ӕз, кӕй цагъартӕ суой, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддаг уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ. 15 Ды та дӕ фыдӕлты размӕ бацӕудзынӕ фарнимӕ, бавӕрдзысты дӕ хӕрз зӕрондӕй. 16 Дӕ байзӕддагӕн йӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм ӕмӕ байсдзысты ацы зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст уыцы рӕстӕгмӕ бынтон бабирӕ уыдзӕни амо-рӕгты азым, ӕмӕ сӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн».

Претензии к содержанию