Страница 6 из 25
17Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг физонӕггӕнӕн ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ кусарты хӕйттӕн сӕ хӕрз астӕуты ацыдысты. 18 Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Дӕ байзӕддӕгтӕн радтон Нилӕй Евфраты ӕхсӕн зӕххытӕ. 19 Ныр дзы цӕрынц хъенӕгтӕ, хъенизӕгтӕ, кадмонӕгтӕ, 20 хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рафайӕгтӕ, 21 аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, гиргашӕгтӕ ӕмӕ йе вусӕгтӕ».
Агар ӕмӕ Измаил
“I 'Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уыди йын унӕут, XV/ мысираг, йӕ ном — Агар. 2 Сарӕ загъта Аврамӕн: «Дунедарӕг мын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕмӕ уӕд та мӕ унӕутмӕ бацу, кӕд уый фӕрцы уӕддӕр схӕдзар уаин». Аврам сразы и Сарӕимӕ. 3 Сарӕ ӕрбакодта йӕ унӕуты, мысираг Агары, ӕмӕ йӕ радта усӕн йӕ мой Аврамӕн. Хъуыддаг ӕрцыд, Аврам Ханааны зӕххыл куы ӕрцарди, уымӕй дӕс азы фӕстӕдӕр.
4 Аврам ӕрӕмуат ис Агаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ, йӕ уавӕр куы федта, уӕд йе ’хсины ницӕмӕуал дардта. 5 Сарӕ Ав-рамӕн загъта: «Кӕй фегад дӕн, уый дӕу аххос у. Дӕ хъӕбысы дын ӕй бакодтон, ӕмӕ, куы банхъӕлцау и, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕн ницӕмӕуал дары. Гъемӕ дын Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг уӕд!» 6 Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди.
7Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд 8 ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын». 9Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс». 10 Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзы-нӕн дӕ байзӕддаг, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уы дзӕни».
11 Ноджыдӕр ма йын Ду недарӕджы зӕд загъта:
«Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ.
Сӕвӕр-иу ыл Измаил —
16:11 Измаил рагон дзуттаг ӕвзагыл амоны «Хуыцау хъусы».
Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.
12 Дӕ лӕппу хъӕддаг хӕрӕгау Алкӕмӕ лӕбурдзӕни,
йе ’мтуг адӕмтимӕ нӕ фидаудзӕн».
13 Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕг-дӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы». 14 Уымӕ гӕсгӕ хуыйны ацы цъай «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ӕхсӕн.
15-16 Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаил. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.
Сунӕт
1 Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, X / уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыди ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъом Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
2 Ӕз демӕ сараздзынӕн Мӕ фидыд, ратдзынӕн дын тынг би-рӕ байзӕддаг».
3 Аврам адӕлгом и Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта: 4 «Демӕ аразын Мӕ фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл. 5 Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн би рӕ адӕмты фыдӕл.
6 Тынг дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр. 7 Ӕз сараздзы-нӕн Мӕ фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддагимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау. 8 Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ бай-зӕддагӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
9 Хуыцау ма Авраамӕн загъта: «Ды дӕр ӕххӕст кӕн, Мӕ фидыд цы домы, уый, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 10 Мӕнӕ уын, гъе, Мӕ фидыд, ӕмӕ де ’ппӕт байзӕддаг дӕр ӕххӕст кӕнӕд йӕ домӕн: сунӕт-гонд уӕм ӕрцӕуӕд алы нӕлгоймаг дӕр. 11 Кӕнут уӕхицӕн сунӕт — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан. 12 Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕ-дзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕддагонӕй кӕй балхӕдӕуа, уыдонӕн дӕр.
13 Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд. 14 Сунӕтгонд цы нӕл-гоймаг не ’рцӕуа, уый та тард уыдзӕни йӕ адӕмы ӕхсӕнӕй, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
15 Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ, ома „ӕхсин”. 16 Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын ныййардзӕни фырт. Раарфӕ кӕндзынӕн Саррӕйӕн, ӕмӕ дзы рантысдзысты адӕмтӕ, йӕ байзӕддаг суыдзысты алы адӕмты паддзӕхтӕ». 17Авраам адӕлгом и Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»
18 Хуыцауӕн та Авраам загъта: «Измаил куы цӕрид Дӕ арфӕи-мӕ!» 19 Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак, ома „уый худы”. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фи-дыд. 20 Измаилы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — тынг бирӕ уыдзӕни йӕ байзӕддаг. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаилы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.
21 Ӕцӕг, Мӕ фидыд сараздзынӕн, Саррӕ дын иннӕ аз ацафон кӕй ныййара, уыимӕ — Исаакимӕ». 22 Ууыл Хуыцау Йӕ ныхас фӕцис Авраамимӕ ӕмӕ ацыди.
23 Уӕд Авраам бавдӕлд ӕмӕ йын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕл-гоймӕгтӕн: йӕ фырт Измаилӕн, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр райгуырди, уыдонӕн, стӕй, ӕлхӕд ын чи уыди, уыдонӕн дӕр.
24-25 Авраам нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд уыди, сунӕтгонд куы ӕрцыди, уӕд, йӕ фырт Измаил та — ӕртындӕсаздзыд. 26 Уыцы иу бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам ӕмӕ йӕ фырт Измаил. 27Авраамы хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ — йӕ хӕ-дзары чи райгуырди, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕддагӕттӕй ӕлхӕд чи уыди, уыдон дӕр — сунӕтгонд ӕрцыдысты йемӕ.
Хуыцау ӕргом рацыди Аврааммӕ
"1 О 1 Мамрейы Тулдзыты Къохы Дунедарӕг ӕргом рацыди X Аврааммӕ. Уӕд Авраам боны тӕккӕ ӕнтӕфы бадти йӕ цатыры къӕсӕрмӕ 2 ӕмӕ, йӕ сӕрыл уӕлӕмӕ куы схӕцыди, уӕд федта: йӕ акомкоммӕ лӕууы ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, адӕлгом и зӕххыл
3 ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕ-ныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ мӕ къӕсӕры иувӕрсты ма ацу.
4 Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, уӕ къӕхтӕ уын цӕхсынмӕ, стӕй-иу баулӕфут ацы бӕласы бын. 5 Мӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын рахӕсдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕ фидар уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз! Бакӕн, куыд загътай, афтӕ».
6 Авраам атындзыдта цатырмӕ, Саррӕмӕ, ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр ӕвзаргӕ ссады ӕртӕ мӕртӕй хыссӕ азмӕнт ӕмӕ донгӕндтӕ ракӕн». 7Авраам йӕхӕдӕг та ауади рӕгъаумӕ, равзӕрста хӕрзхаст род, цагъармӕ йӕ радта, ӕмӕ йӕ уый уайтӕккӕ ацӕттӕ кодта. 8 Уӕд Авраам райста нӕлхӕ, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын бӕласы бын Авраам уырдыг лӕууыди.
9Уазджытӕ Авраамы бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ кӕм и?» Уый сын загъта: «Мӕнӕ цатыры». 10 Уазӕг загъта: «Ӕнӕмӕнг дӕм ӕрбацӕудзынӕн иннӕ аз, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ сӕм хъуыста Уазӕджы фӕсчъылдым цатыры къӕсӕрӕй. 11 Уыцы заман Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды ка-ры бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы. 12 Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у». 13 Дунедарӕг Авраамӕн загъта: «Саррӕ цӕмӕн бахудти? Цӕй тыххӕй афтӕ зӕгъы, ацы зӕронд бадӕн ӕмӕ ма куыд ныййардзынӕн, зӕгъгӕ? 14 Дунедарӕджы бон цы нӕ у? Иннӕ аз ацафон дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕ-ни лӕппу». 15 Саррӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ басасти. Загъта: «Ӕз нӕ бахудтӕн». Фӕлӕ Дунедарӕг афтӕ: «Нӕ, ды бахудтӕ».
16 Уазджытӕ сыстадысты ӕмӕ цӕуыныл ныллӕуыдысты. Афӕндараст сӕ кӕнон, зӕгъгӕ, Ав раам сӕ фӕдыл рацыд. Уы-дон афӕлгӕсыдысты Содомы ’рдӕм, 17ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхсон Авраамӕй!
18 Авраамӕй куы рантысдзӕни разагъды адӕм, хъомысджын адӕм. Йӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
19 Авраамы уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ дарддӕры байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕн-дагыл цӕуын, раст уынаффӕ хӕссын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕйты бавӕрдта, уыдон». 20 Стӕй Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, стыр у сӕ тӕригъӕд.
21 Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон раст сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».
22 Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм адардтой сӕ фӕн даг. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз.