Страница 7 из 25
23 Хӕстӕгдӕр Ӕм бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ? 24 Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыу-уиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы сӕрап-понд? 25 Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕр-хонгӕнӕг куыд хъуамӕ ма рахӕсса раст тӕрхон?» 26 Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны сӕраппонд ныббардзынӕн уыцы бы-натӕн». 27Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бар-дарӕджы куы бафӕрсин: 28 дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы фондз хъуаг разындысты, зӕгъгӕ, уӕд уыцы фондзы аххосӕй ӕнӕхъӕн сахар бабын кӕндзынӕ?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 29 Авраам та Йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ныр дзы дыууиссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дыууиссӕдзы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 30Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕлӕ ма, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
31 Авраам та бафарста: «Мӕ ных ма, зӕгъын, куы батӕрин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: ныр дзы ссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Ссӕдзы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн». 32 Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕ-гъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
33 Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.
Лоты хъысмӕт.
Хуыцауы тӕрхон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн
“I 1 Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот X бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, адӕлгом и зӕххыл 2 ӕмӕ сӕм ба-хатыди: «Мӕ сӕр уӕ нывонд, уӕ хорзӕхӕй, мидӕмӕ нӕм саккаг кӕнут. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕн-дзыстут, райсомраджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм». 3 Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын ракодтой, ӕмӕ бахордтой.
4 Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, но гӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл 5 ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!» 6 Лот сӕм къӕсӕрмӕ рауади, дуар йӕ фӕдыл рахгӕдта 7ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр-тӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут. 8 Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цы-дӕриддӕр фӕнды, уый сын бакӕнут». 9Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Ахъуытты у ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын тӕрхӕттӕ кӕныныл цы схӕцыдис? Фӕлӕуу, мах дын ныр, уы-донӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куы нӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц. 10 Фӕлӕ Лоты уазджытӕ ӕддӕмӕ сӕ къухтӕ радардтой, фӕмидӕг ӕй кодтой ӕмӕ дуар ахгӕдтой, 11 къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уы-доны та, кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.
12 Лотӕн йӕ уазджытӕ загътой: «Ам ма дын чи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй, ӕндӕрӕй дын сахары чи ис, уыдоны се ’ппӕ-ты дӕр акӕн ардыгӕй, 13 уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста». 14 Лот ацыд ӕмӕ хабар фе-хъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ адонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.
15 Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут».
16 Фӕлӕ фӕстиат кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ лӕгтӕ Лоты къухыл рахӕцыдысты, рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ чызджыты къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.
17Фӕссахар ын бафӕдзӕхстой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд бабын уыдзынӕ!» 18 Фӕлӕ Лот загъта: «Нӕ, Бардарӕг! 19 Мӕ уд Дӕ фӕхъхъау, скодтай мӕ Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн. 20 Уартӕ уыцы къаннӕг сахар хӕстӕгдӕр куы у сӕр бафснайынмӕ.
Къаннӕг куы у! Уырдӕм балидзыны бар мын ратт, цӕмӕй удӕгасӕй баззайон». 21 Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн. 22 Батагъд кӕн уырдӕм ӕмӕ дзы дӕ сӕр бафснай. Цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мын ацы хъуыддагӕн райдайӕн нӕй». Уымӕ гӕ сгӕ хуыйны уыцы сахар Цоар, ома «ницӕйаг», «къаннӕг».
23 Хур куыддӕр скаст, афтӕ Лот дӕр бахӕццӕ и Цоармӕ.
24 Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕр-калдта судзгӕ сондон 25 ӕмӕ бабын кодта сахартӕ ӕмӕ ӕгас дӕлвӕз ӕд цӕрджытӕ, зайӕгхал дӕр дзы нал баззади.
26 Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.
27Авраам сӕумӕраджы бацыд, айфыццаг Дунедарӕджы раз кӕм лӕууыди, уыцы бынатмӕ. 28 Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.
29 Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвы-ста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
30 Цоарӕй Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ ссыди хӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕндыди Цоары цӕрын. Ӕрбынат кодтой лӕгӕты.
31 Иу ахӕмы хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд базӕ-ронд ис, ӕмӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ немӕ чи бацӕра, ацы ран иу ахӕм лӕг нӕй. 32 Гъемӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм, сӕн ын бадарӕм ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм».
33 Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ хистӕр чызг йе-мӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. 34 Иннӕ бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон ӕз уыдтӕн нӕ фыдимӕ. Цӕй ӕмӕ та йын ахсӕв дӕр сӕн бадарӕм, ӕмӕ ды дӕр йемӕ фӕу. Афтӕмӕй нӕ фы-ды мыггаг сӕфын нӕ бауадздзыстӕм». 35 Уыцы ӕхсӕв дӕр та сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ кӕстӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.
36 Афтӕмӕй Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр банхъӕлцау сты сӕ фыдӕй. 37Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Моав, ома «фыдӕй». Уый у моавӕгты фыдӕл. 38 Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми, ома «мӕ хионы фырт». Уый та у аммонӕгты фыдӕл.
Авраамы ус Саррӕ ӕмӕ Авимелех
/"V 1 Авраам уырдыгӕй араст и Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕн-
\ыТ цади Кадешӕй Шуры ӕхсӕн. Иу заман царди Герары. 2 Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ. 3 Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».
4 Авимелех та нырма йе ’мгӕрон нӕма ӕрцыди. «Бардарӕг! — ба-хатыд Авимелех. — Ау, ӕназым адӕмы дӕр фесафдзынӕ?
5 Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сыл-гоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр». 6 Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын. 7 Ныр сылгойма-джы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у, ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куы нӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».
8 Райсомӕй раджы Авимелех куы фӕдзырдта йӕ дӕлдӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд сӕ стыр тас бацыди. 9 Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕ-мӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай». 10 Ноджы ма йын загъта: «Цы дын уыди уыцы фӕнд, цы дӕ зӕрды уыд?» 11 Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппын нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй”. 12 Ӕцӕгӕй та мын хо дӕр ӕййафы: фыдӕй иу стӕм, мадӕй та — хицӕн, ӕмӕ сси мӕ ус. 13 Хуыцау мӕ куы арвыста мӕ фыды уӕзӕгӕй дунейыл хӕтынмӕ, уӕд мӕ усӕн бафӕдзӕхстон: „Уыцы хорзы мын бацу, ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды бафтӕм, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ-иу дзур”».