Страница 8 из 25
14 Авимелех рахицӕн кодта лыстӕг фос, стурвос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн, фӕстӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр. 15 Загъта: «Мӕнӕ мӕ зӕхх дӕ разы. Цӕр, кӕм дӕриддӕр дӕ фӕнды, уым». 16 Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын дӕс ӕмӕ ссӕдз джиранкайы ӕвзист, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕрид-дӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».
17Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын. 18 Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.
Авраам ӕмӕ йӕ фырттӕ Измаил ӕмӕ Исаак
"1 ^Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕрхъуыды кодта Сар-X рӕйы; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый.
2 Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уы-цы афон Авраамӕн, йӕ зӕ ры бон, ныййардта фырт. 3 Саррӕ йын цы фырт ныййардта, ууыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак.
4 Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын скодта сунӕт, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
5 Авраамыл цыди фондзыссӕдз азы, йӕ фырт Исаак куы рай-гуырди, уӕд. 6 Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ». 7Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сы-вӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт».
8 Саби фӕхъомыл и. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыди, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.
9 Иу ахӕмы Саррӕ федта, Авраамӕн мысираг Агар кӕй ный-йардта, уыцы лӕппу йын йӕ фырт Исаакыл худӕгӕй йӕхи кӕй хӕссы, уый 10 ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ни-цы бар дары». 11 Тынг хъыг уыд Авраамӕн йӕ фырт Измаилы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ хъусын. 12 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Лӕппу ӕмӕ дӕ унӕуты тыххӕй мӕт ма кӕн. Саррӕ дын цы зӕгъы, уымӕ байхъус, уымӕн ӕмӕ, Исаакӕй чи рантыса, уы-дон уыдзысты дӕ байзӕддаг. 13 Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у».
14 Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл и. 15 Лалымы дон куы фӕци, уӕд лӕппуйы иу къудзийы бын ныууагъта, 16 йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта. 17 Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ ӕрдзырдта: «Цы ’рцыди, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй. 18 Бавдӕл ӕмӕ йӕ сыстын кӕ, йӕ къухыл ын фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм». 19 Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ уӕд Агар федта цъай. Бацыди цъаймӕ, лалым байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн дон радта.
20 Хуыцау аудыдта Агары фыртыл. Уый байрӕзти. Цардис ӕдзӕрӕг быды ры ӕмӕ сахуыр и фатӕй ӕхсын. 21 Измаил цар-ди Параны ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад ус ӕркодта Мысыры зӕххӕй.
Авраамы фидыд Авимелехимӕ
22 Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ ба-цыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды. 23 Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ разилдзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн». 24 Авраам ард бахордта, 25 фӕлӕ Авимеле-хӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ. 26 Авимелех ын дзуапп радта: «Нӕ зонын, афтӕ чи бакодта, уый. Ды дӕр мын куы ницы ской кодтай. Фыццаг хатт хъусын уыцы хабар». 27Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой. 28 Фыстӕй Авраам рахицӕн кодта авд далысы. 29 Авимелех ӕй бафарста: «Цӕмӕн рахицӕн кодтай ацы авд далысы?» 30 Авраам ын дзуапп радта: «Ацы авд далысы райс мӕ къухӕй — уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
31 Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕ-дӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ, ома «ардбахӕрды цъай».
32 Беер-Шевӕйы Ав раамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Ави-мелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ. 33 Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тама-риск — сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх чи дары, ахӕм бӕлас — ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, ӕнусон Хуыцауы, ном.
34 Авраам ӕрцӕуӕггагӕй бирӕ фӕцарди филистимаг зӕххыл.
Авраамы ӕгӕрон ӕууӕнк Хуыцауыл
4Л ^Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 2 Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывон-дӕн ӕрхӕсс».
3 Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, нывонд ӕрхӕссынӕн ныссаста суг дӕр ӕмӕ афтӕмӕй араст и, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм. 4 Ӕртыккаг бон Авраам ал-фамбылай йӕ цӕст ахаста ӕмӕ дардмӕ суыдта уыцы бынат.
5 Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ ба-кувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».
6 Авраам йӕ фырт Исаакы ӕккой сӕвӕрдта, нывонд ӕрхӕс-сынӕн сӕм цы суг уыди, уый, райста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ араст сты дыууӕйӕ. 7Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ нывондаг уӕ-рыкк та кӕм ис?» 8 Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг равзардзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.
9 Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ ра-вӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ. 10 Фӕлӕ куыддӕр кард рай-ста йӕ фырты аргӕвдынмӕ, 11 афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм». 12 Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».
13 Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъды-сты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.
14 Уыцы бынат Авраам схуыдта Адонай-Ире, ома «Дунедарӕг равзардзӕн». Ацы хабармӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, «Ду-недарӕг равзардзӕни хохыл», зӕгъгӕ.
15 Дунедарӕджы зӕд та дыккаг хатт дӕр уӕларвӕй ӕрдзырдта Аврааммӕ: 16 «Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау код-тай, 17уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытау ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг. Фыдгулты сахартӕ бауыдзысты сӕ исбон! 18 Кӕй Мӕм байхъуыстай, уымӕ гӕсгӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
19 Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.
Нахоры байзӕддаг
20 Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Аврааммӕ фӕхабар чындӕуыди, де ’фсымӕр Нахорӕн дӕр, дам, йӕ ус Милка ныййардта фырттӕ: 21Уц — йӕ хистӕр, уый ӕфсымӕр Буз, иннӕтӕ — Хъемуел, Арамы фыд, 22 Кесед, Хазо, Пилдаш, Идлаф, Бетуел. 23 Бетуелӕн райгуырди Ревеккӕ. Ацы аст фыр-ты Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн ныййардта Милка. 24 Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.
Саррӕйы мӕлӕт
€\ О 1 Саррӕ фӕцардис авд ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы. 2 Амарди Хъирйат-Арбайы, ома Хевроны, Ханааны зӕххыл. Ав-раам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл. 3 Стӕй йӕ цурӕй рацыд ӕмӕ хеттӕгтӕм бахатыд: 4 «Ӕз ардыгон нӕ дӕн, ӕрцӕуӕггаг дӕн, ӕмӕ мын уӕ зӕххӕй рауӕй кӕ нут исбоны хай, цӕмӕй дзы мӕ усы мард бавӕрон». 5 Хеттӕгтӕ йын загъ-той: 6 «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус нӕм! Мах дӕ нымайӕм Хуыцауы барджын лӕгыл, ӕмӕ нӕ зӕппӕдзты хуыздӕры бавӕр дӕ усы. Уый тыххӕй дын махӕй ничи бавгъау кӕндзӕни йӕ мыггаджы зӕппадз». 7Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕх-хы адӕмӕн, хеттӕгтӕн, 8 ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мын мӕ усы мард бавӕрыны бар дӕттут, уӕд уӕ курын, ӕмӕ Цохары фырт Ефронмӕ бахатут, 9 цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Сымах цур мын ӕй исбонӕн рауӕй кӕнӕд йе ’ххӕст аргъыл — уӕлмӕрдӕн».
10 Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ӕхсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй се ’ппӕт куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта: 11 «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мӕм! Ӕз дын дӕттын быдыр дӕр ӕмӕ лӕгӕт дӕр. Дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы раз, ӕмӕ дӕ усы мард бавӕр». 12 Авраам та йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн 13 ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ баздӕхти Ефронмӕ: «Мемӕ куы сразы уаис, уӕд дын быдыры аргъ раттин. Райс ӕй, ӕмӕ мӕ усы мард уым бавӕрон». 14 Ефрон загъта Авра-амӕн: 15 «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мӕм! Зӕххӕн йӕ аргъ у дӕс джиранкайы — ӕз ӕмӕ дӕуӕн цанӕбӕрӕг сты. Бавӕр дзы дӕ усы мард». 16 Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уыйбӕрц ын сбарста ӕвзист — дӕс джиранкайы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.