РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

26 Стӕй Исаак Иаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт». 27Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ да-рӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ код та: «Дунедарӕджы арфӕйӕ бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт. 28 Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыд нӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд! 29 Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕйӕ дӕр дӕ сбуц кӕнӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»

30 Куыддӕр Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта, куыддӕр Иаков йӕ фыд Исаакы цурӕй рацыд, афтӕ Исав дӕр ӕрбахӕццӕ и цуанӕй. 31 Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ». 32 Исаак ӕй бафар-ста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн». 33 Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон ӕмӕ йыл уы-цы арфӕ баззайдзӕн». 34 Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» 35 Уый йын загъта: «Де ’фсымӕр мӕм ӕрбацыд ӕмӕ, дӕуӕн цы арфӕ ракӕнинаг уыдтӕн, уый сайдӕй йӕхи бакодта». 36 Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Иаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма ба-фарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?» 37Исаак ын дзуапп радта: «Иаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?» 38 Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта. 39 Исаак ын загъта:

«Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.

40 Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар.

Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».

41 Исав фӕфыдӕх ис Иаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ код-та, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Иа-ковы». 42 Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ басидти йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы, 43 ӕмӕ мӕм бай-хъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харранмӕ. 44 Иуцасдӕр ӕм ацӕр, цалынмӕ де ’фсымӕры маст ссӕуа, уӕдмӕ. 45 Йӕ маст куы ссӕуа де ’фсымӕрӕн, цы йын бакодтай, уый йӕ куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Цӕмӕн хъуамӕ фе-нӕхай уон уыцы иу бон уӕ дыууӕйӕ дӕр?»

46 Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Иаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса ус, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»

1 Исаак Иаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус.

2 Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзар-мӕ, ӕмӕ уым дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур. 3 Ӕппӕтхъом Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Сбирӕ дын кӕнӕд дӕ байзӕддаг, рантысӕд дӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ!

4 Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!» 5 Исаак Иаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст и Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Иаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.

6 Исав базыдта: Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус, зӕгъгӕ. 7Иаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст и Паддан-Араммӕ. 8 Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чын-дзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый. 9 Уӕд фӕцыд Измаилмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаилы чызг Махалаты, Невайоты хойы.

10 Ныр Иаков та Беер-Шевӕйӕ араст и Харранмӕ. 11 Иу ранмӕ бахӕццӕ ис ӕмӕ уым бахсӕвиуат кодта, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ хур аныгуылди. Йӕ алыварс цы стыр дуртӕ уыди, уыдонӕй иу райста, йӕ нывӕрзӕн ӕй бакодта ӕмӕ уыцы ран бахуыссыди.

12 Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕ-лы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц. 13 Дунедарӕг лӕууы аси ны сӕрыл ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. 14 Дӕ байзӕддаг сбирӕ уыдзысты зӕххы рыгау ӕмӕ афсӕрдзысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ скӕсӕнырдӕм, цӕга-тырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 15 Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕн-дзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».

16 Иаков райхъал ис ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ацы ран ис, ӕнӕмӕнг, ӕз та йӕ нӕ зыдтон!» 17Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар». 18 Райсомӕй раджы Иаков райста, йӕ нывӕрзӕн цы дур бакодта, уый, цыртау ӕй хъен сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ цъуппыл зети ӕруагъта. 19 Ацы бынат схуыдта Бет-Ел, ома «Хуыцауы хӕдзар». Уымӕй размӕ та сахар хуынди Луз.