РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

1 Исаак Иаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус.

2 Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзар-мӕ, ӕмӕ уым дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур. 3 Ӕппӕтхъом Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Сбирӕ дын кӕнӕд дӕ байзӕддаг, рантысӕд дӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ!

4 Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!» 5 Исаак Иаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст и Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Иаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.

6 Исав базыдта: Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус, зӕгъгӕ. 7Иаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст и Паддан-Араммӕ. 8 Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чын-дзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый. 9 Уӕд фӕцыд Измаилмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаилы чызг Махалаты, Невайоты хойы.

10 Ныр Иаков та Беер-Шевӕйӕ араст и Харранмӕ. 11 Иу ранмӕ бахӕццӕ ис ӕмӕ уым бахсӕвиуат кодта, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ хур аныгуылди. Йӕ алыварс цы стыр дуртӕ уыди, уыдонӕй иу райста, йӕ нывӕрзӕн ӕй бакодта ӕмӕ уыцы ран бахуыссыди.

12 Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕ-лы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц. 13 Дунедарӕг лӕууы аси ны сӕрыл ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. 14 Дӕ байзӕддаг сбирӕ уыдзысты зӕххы рыгау ӕмӕ афсӕрдзысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ скӕсӕнырдӕм, цӕга-тырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 15 Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕн-дзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».

16 Иаков райхъал ис ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ацы ран ис, ӕнӕмӕнг, ӕз та йӕ нӕ зыдтон!» 17Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар». 18 Райсомӕй раджы Иаков райста, йӕ нывӕрзӕн цы дур бакодта, уый, цыртау ӕй хъен сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ цъуппыл зети ӕруагъта. 19 Ацы бынат схуыдта Бет-Ел, ома «Хуыцауы хӕдзар». Уымӕй размӕ та сахар хуынди Луз.

20 Иаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куы нӕ уадза, 21 стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау. 22 Табу йын кӕныны охыл цы дур ныссагътон, уый суыдзӕни Хуыцауы хӕдзар, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ дӕтдзынӕн йӕ дӕсӕм хай».

Иаков — Лаваны ӕххуырст (29:1-30:43)

ОО 1 Иаков араст и дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕ-стӕмӕ бахӕццӕ ис. 2 Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайы цур ривӕд кодтой ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт, 3 ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ӕрбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. 4 Иаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харранӕй».

5 Иаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй». 6 Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх-ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахил фосимӕ ӕрбацӕуы». 7Иаков сын загъта: «Изӕрмӕ ма бирӕ рӕстӕг и, фос ӕмбырд кӕныны афон нӕма у. Дон сын бада-рут ӕмӕ сӕ хизын мӕ аскъӕрут». 8 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».

9 Иаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ и Рахил дӕр — уый сӕ хызта. 10 Иаков йӕ мады-фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй йын йӕ сӕрӕй ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта. 11 Уый фӕстӕ Иаков Рахилӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыд та. 12 Стӕй йын загъта, дӕ фыды хион дӕн, зӕгъгӕ, Ревеккӕйы лӕппу. Чызг азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн фе-хъусын кодта. 13 Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Иаковы кой куы ӕрцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Иаков радзырдта йӕ хабӕрт-тӕ иууылдӕр, 14 ӕмӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕ туг, ме стӕг куы дӕ ӕцӕгдӕр!»

Иаков Лаванмӕ иу мӕй куы ацарди, 15 уӕд ын Лаван афтӕ: «Хион мын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын лӕвар хъуамӕ кусай? Цас мызд дӕ хъӕуы, уый мын зӕгъ!» 16 Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахил. 17 Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахилмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд. 18 Иаков бауарзта Рахилы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй дӕм бакусдзынӕн авд азы». 19 Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».

20 Иаков Рахилы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕка-стысты къорд боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахилы уарзгӕ кодта.