РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

20 Иаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куы нӕ уадза, 21 стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау. 22 Табу йын кӕныны охыл цы дур ныссагътон, уый суыдзӕни Хуыцауы хӕдзар, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ дӕтдзынӕн йӕ дӕсӕм хай».

Иаков — Лаваны ӕххуырст (29:1-30:43)

ОО 1 Иаков араст и дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕ-стӕмӕ бахӕццӕ ис. 2 Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайы цур ривӕд кодтой ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт, 3 ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ӕрбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. 4 Иаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харранӕй».

5 Иаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй». 6 Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх-ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахил фосимӕ ӕрбацӕуы». 7Иаков сын загъта: «Изӕрмӕ ма бирӕ рӕстӕг и, фос ӕмбырд кӕныны афон нӕма у. Дон сын бада-рут ӕмӕ сӕ хизын мӕ аскъӕрут». 8 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».

9 Иаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ и Рахил дӕр — уый сӕ хызта. 10 Иаков йӕ мады-фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй йын йӕ сӕрӕй ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта. 11 Уый фӕстӕ Иаков Рахилӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыд та. 12 Стӕй йын загъта, дӕ фыды хион дӕн, зӕгъгӕ, Ревеккӕйы лӕппу. Чызг азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн фе-хъусын кодта. 13 Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Иаковы кой куы ӕрцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Иаков радзырдта йӕ хабӕрт-тӕ иууылдӕр, 14 ӕмӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕ туг, ме стӕг куы дӕ ӕцӕгдӕр!»

Иаков Лаванмӕ иу мӕй куы ацарди, 15 уӕд ын Лаван афтӕ: «Хион мын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын лӕвар хъуамӕ кусай? Цас мызд дӕ хъӕуы, уый мын зӕгъ!» 16 Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахил. 17 Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахилмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд. 18 Иаков бауарзта Рахилы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй дӕм бакусдзынӕн авд азы». 19 Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».

20 Иаков Рахилы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕка-стысты къорд боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахилы уарзгӕ кодта.

21 Уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Гъеныр мын ратт мӕ усы — ме ’мгъуыды бон ралӕууыд, ӕмӕ йӕ куы ракурин, уый мӕ фӕнды».

22 Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.

23 Ӕцӕг, ӕхсӕвы Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Леайы, ӕмӕ уый йемӕ ӕмуат ӕрцыди. 24 Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Ла-ван радта йӕ унӕут Зилпайы. 25 Райсомӕй Иаков кӕсы — ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахилы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?» 26 Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц. 27Аимӕ уал уӕ чындзӕхсӕвы къуыри ахицӕн уӕд, стӕй дын иннӕйы дӕр ратдзыстӕм, ӕрмӕст мӕм уый тыххӕй дӕр авд азы бакус». 28 Иаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕ-хсӕвы къуыри куы ахицӕн и, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы. 29 Лаван йӕ чызг Рахилӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы. 30 Афтӕмӕй Иаков ӕмуат ӕрцыди Рахилимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.

Иаковы фырттӕ ӕмӕ йӕ чызг

31 Дунедарӕг федта, Иаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахил та разынд ӕнӕзӕнӕг. 32 Леа бан-хъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Рувим, ома «федта мын мӕ маст», уымӕн ӕмӕ, дам, мын Дунедарӕг федта мӕ маст. Загъта, ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой, зӕгъгӕ. 33 Банхъӕлцау та ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъ-та: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон, ома «фехъуыста». 34 Банхъӕлцау ис ӕмӕ та ныййардта лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцы-ди ном Леви, ома «ӕрӕмуд уыдзӕни». 35 Ногӕй та банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунеда-рӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ, ома «стауын». Уый фӕстӕ Леайӕн дзӕвгар рӕстӕг цот нал рацыди.

<3 1 Рахилӕн Иаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иу ахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын зӕнӕджы амонд, кӕннод амӕлдзынӕн!»

2 Иаков рамӕсты и Рахилмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот». 3 Ууыл ын Рахил загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн». 4 Рахил йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Иаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ. 5 Билха банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фырт. 6 Рахил загъта: «Хуыцау мын Йӕ тӕрхон ра-хаста — мӕ лӕгъстӕ мын фехъуыста ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахил сӕвӕрдта ном Дан, ома «тӕрхон раха-ста». 7 Рахилы унӕут Билха та банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг фырт. 8 Рахил загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим, ома «тох».