РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

21 Уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Гъеныр мын ратт мӕ усы — ме ’мгъуыды бон ралӕууыд, ӕмӕ йӕ куы ракурин, уый мӕ фӕнды».

22 Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.

23 Ӕцӕг, ӕхсӕвы Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Леайы, ӕмӕ уый йемӕ ӕмуат ӕрцыди. 24 Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Ла-ван радта йӕ унӕут Зилпайы. 25 Райсомӕй Иаков кӕсы — ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахилы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?» 26 Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц. 27Аимӕ уал уӕ чындзӕхсӕвы къуыри ахицӕн уӕд, стӕй дын иннӕйы дӕр ратдзыстӕм, ӕрмӕст мӕм уый тыххӕй дӕр авд азы бакус». 28 Иаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕ-хсӕвы къуыри куы ахицӕн и, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы. 29 Лаван йӕ чызг Рахилӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы. 30 Афтӕмӕй Иаков ӕмуат ӕрцыди Рахилимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.

Иаковы фырттӕ ӕмӕ йӕ чызг

31 Дунедарӕг федта, Иаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахил та разынд ӕнӕзӕнӕг. 32 Леа бан-хъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Рувим, ома «федта мын мӕ маст», уымӕн ӕмӕ, дам, мын Дунедарӕг федта мӕ маст. Загъта, ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой, зӕгъгӕ. 33 Банхъӕлцау та ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъ-та: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон, ома «фехъуыста». 34 Банхъӕлцау ис ӕмӕ та ныййардта лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцы-ди ном Леви, ома «ӕрӕмуд уыдзӕни». 35 Ногӕй та банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунеда-рӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ, ома «стауын». Уый фӕстӕ Леайӕн дзӕвгар рӕстӕг цот нал рацыди.

<3 1 Рахилӕн Иаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иу ахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын зӕнӕджы амонд, кӕннод амӕлдзынӕн!»

2 Иаков рамӕсты и Рахилмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот». 3 Ууыл ын Рахил загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн». 4 Рахил йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Иаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ. 5 Билха банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фырт. 6 Рахил загъта: «Хуыцау мын Йӕ тӕрхон ра-хаста — мӕ лӕгъстӕ мын фехъуыста ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахил сӕвӕрдта ном Дан, ома «тӕрхон раха-ста». 7 Рахилы унӕут Билха та банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг фырт. 8 Рахил загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим, ома «тох».

9 Леа федта: зӕнӕг ын нал цӕуы, ӕмӕ йӕ унӕут Зилпайы Иаковӕн номылусӕн радта. 10 Леайы унӕут Зилпа Иаковӕн ныййардта фырт. 11 Леа загъта: «Бантысти мын!» Ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Гад, ома «ӕнтыст». 12 Леайы унӕут Зилпа ма Иаковӕн ныййардта ноджыдӕр иу фырт. 13 Леа загъта: «Фӕ-нывджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты нывджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир, ома «нывджын».

14 Иу ахӕмы, мӕнӕугӕрдӕнты, Рувим ацыди быдырмӕ, уым ссардта монцхъалгӕнӕн дыргътӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Леайӕн. Рахил бахатыди Леамӕ: «Ратт-ма мын, дӕ лӕппу кӕй ӕрбахаста, уыцы дыргътӕй». 15 Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахил ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв». 16 Иаков изӕры быдырӕй куы ӕрбацыди, уӕд Леа йӕ размӕ рауад ӕмӕ йын загъта: «Мӕнмӕ рацу. Мӕ лӕппу цы дыргътӕ ссардта, уы-донӕй дӕ балхӕдтон». Ӕмӕ Иаков уыцы ӕхсӕв йемӕ фӕци. 17Хуыцау Леайы лӕгъстӕ фехъуыста, ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм фырт. 18 Загъта: «Мӕ унӕуты мӕ мойӕн кӕй радтон, уый сӕрмӕ мын Хуыцау саккаг кодта хӕрзиуӕг». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Иссахар, ома «хӕрзиуӕг» кӕнӕ «ӕлхӕнын». 19 Леа та банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм фырт. 20 Загъта: «Диссаджы лӕ-вар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Завулон, ома «лӕвар». 21 Уый фӕстӕ ма Леа ныййардта чызг ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Динӕ.

22 Ӕппынфӕстагмӕ Хуыцау ӕрхъуыды кодта Рахилы дӕр, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.

23 Рахил банхъӕлцау ис, лӕппу ныййардта ӕмӕ загъта: «Мӕ худинагӕй мӕ фервӕзын кодта Хуыцау». 24 Сабийыл сӕвӕрдта ном Иосиф ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ма мын раттӕд дыккаг лӕппу дӕр!»

Лаван ӕмӕ Иаковы быцӕутӕ

25 Рахил Иосифы куы ныййардта, уый фӕстӕ Иаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕм, ацӕуон. 26 Ратт мын, кӕй тыххӕй дӕм фӕкуыстон, мӕ уыцы устыты ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ аздӕхон. Куы йӕ зоныс, цас дын фӕкуыстон, уый». 27Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом и, Дунедарӕг мӕнӕн дӕ сӕраппонд кӕй раарфӕ кодта, уый». 28 Ноджы ма бафарста: «Бӕлвырд мын зӕгъ — цас мызд дын раттон?» 29 Иаков ын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зоныс, мӕ фӕллойы руаджы дӕ фос куыд сбирӕ сты, уый.

30 Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ ныр мӕхи хӕдзарӕн та кӕд райдайон кусын?» 31 Лаван ӕй бафарста: «Уӕддӕр ма зӕгъ, цы дын раттон?» Иаков ын афтӕ: «Мацы мын ратт. Фӕлӕ мын иу хъуыддаг куы саразай, уӕд дын дарддӕр дӕр хиздзынӕн ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн дӕ фос. 32 Цӕй ӕмӕ абон иумӕ дӕ фосы дзугтыл ӕрзилӕм ӕмӕ фосӕй фӕхицӕн кӕнӕм хъулӕттӕ ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уа, уыцы зӕйц, сӕгътӕй дӕр — хъулӕтты ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уа, уыдоны. Мӕ фидӕны мызд дӕр ахӕм фос уыдзысты. 33 Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мыздӕн цы фос райсон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Тӕппытимӕ ӕмӕ хъулон цы сӕгътӕ нӕ уой, стӕй сау цы фыс нӕ уа, ахӕм-тӕ мӕм разынди, зӕгъгӕ, уӕд-иу мын сӕ давдыл банымай».