РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

34 Лаван ын загъта: «Хорз. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд».

35 Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕп-пытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты, стӕй хъулон ӕмӕ, тӕппытӕ

30:24 Иосиф рагон дзуттаг ӕвзагыл амоны «бафтауӕд, ноджыдӕр раттӕд».

кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, — урс тӕппытӕ кӕуыл уыди, уы-доны се ’ппӕты дӕр; фыстӕй та фӕхицӕн кодта сауты. Йӕ фыртты бар сӕ бакодта 36 ӕмӕ семӕ ӕртӕ бонцауы адард ис Иаковӕй. Ныр Иаков та хызта, Лаваны лыстӕг фосӕй ма йӕм цы баззади, уыдон.

37Иаков райста гӕдыбӕласы, миндал-ӕхсӕры ӕмӕ тӕрсы хуылыдз уистӕ, сӕ цъарӕй сын ӕхсӕнмӕ-хсӕнты уадздзӕг-тӕ растыгъта, урс куыд адарой, афтӕ 38 ӕмӕ-иу уыцы гӕрӕм уистӕ ӕрӕвӕрдта доны тӕгӕнаты, фосӕн сӕ тӕк кӕ мукъуты бын. Уыдон-иу дон нуазынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу уым тӕрӕн кодтой. 39 Сӕгътӕ-иу схъазыдысты, уистӕ сӕ цӕстыты раз, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу цы сӕныччытӕ ныззадысты, уыдон рауадысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ. 40 Фысты та-иу сӕ хъазыны афон ӕрлӕууын кодта хицӕнӕй, се ’ргом Лаваны гӕрӕм ӕмӕ сау фосы ’рдӕм, афтӕмӕй. Уыйадыл Иаков-мӕ фӕзынди йӕхи фосы дзугтӕ, ӕмӕ сӕ Лаваны урс дзугтӕй дардта иппӕрдӕй. 41 Фидар фос-иу куы кодтой тӕрӕн, уӕд-иу сын алкӕддӕр сӕ разы тӕгӕнаты уистӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы уисты цур схъазой. 42 Цола фос куы кодтой тӕрӕн, уӕд уыдонӕн та не ’вӕрдта. Ӕмӕ-иу цола фос баисты Лаваны, фидар фос та Иаковы. 43 Иаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.

<3"1 1 Иаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ, X Иаков, дам, нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирды-гӕй фӕкодта. Утӕппӕт мулк, дам, нӕ фыдӕй ратыдта. 2 Ӕмӕ Иаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм нал кӕсы, уый.

3 Дунедарӕг Иаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ». 4 Иаков арвыста Рахил ӕмӕ Леамӕ, цӕмӕй рацӕуой быдырмӕ, йӕ фосы дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм, 5 ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды. 6 Уӕхӕдӕг ӕй зонут: уӕ фыдӕн куыстон, мӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, 7уый та-иу мӕ афӕлывта, иу дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.

8 Лаван мын афтӕ куы загъта, тӕппытимӕ цы фос фӕзына, уый уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕт фос дӕр фӕзын-ди тӕппытимӕ. Гӕрӕм фос уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, мын куы загъта, уӕд та фосы зӕйц иууылдӕр разындысты гӕрӕм.

9 Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта.

10 Иу ахӕмы, фос куы фӕхъазынц, уыцы заман федтон ахӕм фын: сӕгътыл цы цӕутӕ схызти, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ. 11 Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Иаков!” Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм”. 12 Уый загъта: „Акӕс-ма, сӕгътыл цы цӕутӕ схызти, уыдон сты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз федтон, Лаван дын цыдӕриддӕр аразы, уыдӕттӕ. 13 Ӕз Бет-Елы Хуыцау дӕн, табуйаг дуры цъуппыл зети ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ра-кодтай, уыцы Бет-Елы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй рацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм”».

14 Рахил ӕмӕ Леа Иаковӕн загътой: «Нӕ фыды хӕдзары ма нӕм исты хай, исты мулк ӕрхаудзӕни, мыййаг? 15 Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта. 16 Хуыцау нӕ фыдӕй цы исбон райста, уый ай-гъай мах ӕмӕ нӕ цоты у. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕн».

17Иаков йӕ бинонты теуатыл сбадын кодта, 18 сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, йӕ уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.

19 Уыцы заман Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахил радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ. 20 Иаков дӕр хи-нӕй рацыд арамейаг Лаваныл — ницы йын загъта, 21 афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доныл ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.

22 Ӕртыккаг бон Лаванмӕ фӕхабар чындӕуыд, Иаков алыгъди, зӕгъгӕ. 23 Уӕд Лаван йӕ хионты йемӕ ракодта, ӕмӕ Иаковы фӕдыл афӕдис кодтой. Авд боны фӕстӕ йӕ баййӕфтой Га-лаады хӕхты. 24 Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Иаковмӕ мацы сдзур!» 25Лаван Иаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ ӕрасадӕн кодта уыцы хӕхбӕсты.