РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

14 Иаков уым бахсӕвиуат кодта, стӕй йе ’ппӕт дзугтӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕвары хай рахицӕн кодта 15 дыууӕсӕдӕ сӕ-гъы, ссӕдз цӕуы, ды ууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры, 16 дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд лӕппынтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы, дӕс нӕл къӕлӕуы. 17 Йӕ цагъарты бар сӕ бакодта, алы дзугӕн дӕр — хицӕн скъӕрӕг, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕут мӕ разӕй, уӕ кӕрӕдзийӕ дӕрддзӕф-гомау». 18 Фыццаг цагъарӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы амбӕла, уӕд дӕ фӕр сдзӕни, кӕй цагъар дӕ, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй фос тӕрыс дӕ разӕй, зӕгъгӕ. 19 Дзуапп ын-иу ратт: „Адон дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаковы фос сты, Исавӕн сӕ рар-выста лӕварӕн. Йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы”». 20 Иаков бафӕдзӕхста дыккаг цагъарӕн, ӕртыккагӕн ӕмӕ, фосы фӕ-дыл чи цыди, уыцы цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сымах дӕр-иу афтӕ зӕгъут Исавӕн, куы йыл амбӕлат, уӕд. 21 Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаков йӕхӕ-дӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы”». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».

22 Афтӕмӕй Иаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы асадӕны баззади.

23 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Иаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыу-уӕ усы ӕмӕ сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавокы фаллаг фарсмӕ бахызти. 24 Фаллаг фарсмӕ бахизын кодта се ’ппӕты дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыимӕ, 25 йӕхӕдӕг хибар ран баззадис.

Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыды-сты суанг бонивайӕнтӕм. 26 Йӕ бон Иаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ йӕ сины стӕг фелвӕсти. 27Иаковмӕ бахатыди: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Иаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ра-кӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн». 28 Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Иаков». 29Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Иаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ лӕджы фырттыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ». 30 Иаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Иаковӕн раарфӕ кодта.

31 Иаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, ома «Хуыцауы цӕсгом», уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕга-сӕй баззадтӕн. 32 Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Иаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых. 33 Хъӕбысӕйхӕцӕг ын йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.

<3 О 'Иаков афӕлгӕсыд, ӕмӕ дын мӕнӕ Исав цыппарсӕдӕ лӕгимӕ ӕрбацӕуы. Уӕд Леайы, Рахилы ӕмӕ дыууӕ номылусы хицӕнтӕй ӕрлӕууын кодта, алкӕйы дӕр — йӕхи сывӕллӕттимӕ. 2 Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Ра-хил ӕмӕ Иосиф. 3 Йӕхӕдӕг цыди се ’ппӕты разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ и, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта. 4 Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕ батӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой. 5 Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы фед-та, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Иаков дзуапп радта: «Фарн дӕм бадзурӕд, Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ». 6 Уалынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрбахӕццӕ сты номылустытӕ ӕмӕ Исавӕн бакуывтой. 7 Стӕй ӕрбахӕццӕ и Леа дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын бакуывтой. Уыдоны фӕстӕ ӕрбахӕццӕ сты Иосиф ӕмӕ Рахил, ӕмӕ йын уыдон дӕр бакуывтой.

8 Исав та Иаковы бафарста: «Цы дзугтӕ федтон, уыдон та дын цы сты?» Иаков ын дзуапп радта: «Дӕ зӕрдӕ балхӕнинаг сӕ дӕн». 9 Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ и, ме ’фсымӕр. Дӕхион дӕ-хицӕн уадз». 10 Иаков дзуапп рад та: «Нӕ, кӕд мыл ӕрвӕссыс,

32:29 Израил рагон дзуттаг ӕвзагыл амоны: «хӕцы Хуыцауимӕ» кӕнӕ «Хуыцау хӕцы».

уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти. 11 Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Иаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕл дай ницыуал загъта.

12 Исав Иаковӕн зӕгъы: «Цом, ӕз дӕр демӕ цӕуын». 13 Иаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый куы зоныс. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕ-рон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр. 14 Фӕлтау ды, дӕ хорзӕхӕй, разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ». 15 Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныу-уадзон». Фӕлӕ Иаков не сразы и: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн».

16 Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ, 17Иаков та араст и Суккотмӕ ӕмӕ уым ӕрбынӕттон и, йӕ фосӕн дӕр скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ хуыйны уыцы бынат Суккот, ома «халагъудтӕ».

18 Афтӕ Иаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ и ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ран ӕрбынат кодта. 19 Цӕрӕнуатӕн зӕххы хай балхӕдта, Ше-хемӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта ӕвзисты фондзыссӕдз фӕзгъӕры. 20 Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел, ома «Хъомысджын, Израилы Хуыцау».

Ӕфсымӕртӕ сӕ хо Динӕйы маст куыд райстой

<3 1 Иаков ӕмӕ Леайы чызг Динӕ иу ахӕмы рацыди уыр-дыгон чызджыты абӕрӕг кӕнынмӕ. 2 Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта. 3 Динӕ йӕ зӕрдӕйы ныххауди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди. 4 Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».