РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

32:29 Израил рагон дзуттаг ӕвзагыл амоны: «хӕцы Хуыцауимӕ» кӕнӕ «Хуыцау хӕцы».

уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти. 11 Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Иаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕл дай ницыуал загъта.

12 Исав Иаковӕн зӕгъы: «Цом, ӕз дӕр демӕ цӕуын». 13 Иаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый куы зоныс. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕ-рон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр. 14 Фӕлтау ды, дӕ хорзӕхӕй, разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ». 15 Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныу-уадзон». Фӕлӕ Иаков не сразы и: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн».

16 Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ, 17Иаков та араст и Суккотмӕ ӕмӕ уым ӕрбынӕттон и, йӕ фосӕн дӕр скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ хуыйны уыцы бынат Суккот, ома «халагъудтӕ».

18 Афтӕ Иаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ и ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ран ӕрбынат кодта. 19 Цӕрӕнуатӕн зӕххы хай балхӕдта, Ше-хемӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта ӕвзисты фондзыссӕдз фӕзгъӕры. 20 Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел, ома «Хъомысджын, Израилы Хуыцау».

Ӕфсымӕртӕ сӕ хо Динӕйы маст куыд райстой

<3 1 Иаков ӕмӕ Леайы чызг Динӕ иу ахӕмы рацыди уыр-дыгон чызджыты абӕрӕг кӕнынмӕ. 2 Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта. 3 Динӕ йӕ зӕрдӕйы ныххауди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди. 4 Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».

5 Иаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕйы йын кӕй фегад кодтой, уый, фӕлӕ уыцы заман йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд не схауди йӕ дзыхӕй. 6 Аныхас кӕнын-мӕ йӕм ӕрбацыди Шехемы фыд Хамор. 7Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Иаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыд-той, уӕд ныхъхъынцъым кодтой. Сӕ маст рафыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем ракодта ӕнаккаг ми — Иаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.

8 Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, усӕн раттут. 9 Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут. 10 Цӕрут не ’хсӕн. Нӕ зӕхх уӕ разы ис, ӕмӕ йыл ӕрбынӕттон ут, сӕудӕджер ыл кӕнут уӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, уӕхицӕн дзы исбонӕн амал кӕнут зӕххы хӕйттӕ». 11-12 Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл барвӕссат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».

13 Иаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.

14 Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын. 15 Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уе ’ппӕт нӕл-гоймӕгтӕ дӕр куы ’рцӕуой сунӕтгонд. 16 Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзы-стӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм. 17 Нӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд та нӕ чызджы фӕстӕмӕ байсдзыстӕм».

18 Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты Хаморы ӕмӕ йӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ. 19 Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уы-мӕн ӕмӕ уарзта Иаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди. 20 Хамор ӕмӕ Шехем бацыдысты сӕ сахары кулдуармӕ ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой: 21 «Уыцы адӕм нӕм кӕсынц хӕлар цӕ-стӕй. Уадз ӕмӕ ӕрцӕрой нӕ зӕххыл, сӕудӕджер ыл кӕнӕнт сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг — парахат куы у фӕйнӕрдӕм сӕ разы. Мах та сӕ чызг дӕр курдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ чызджытӕй дӕр дӕтдзыстӕм. 22 Фӕлӕ уыцы адӕм не ’хсӕн ӕрцӕрыныл ӕмӕ, немӕ иу адӕм суой, ууыл разы сты ӕрмӕст ахӕм дзырдӕй: уыдонау махмӕ дӕр хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцӕуа алы нӕлгой-маг. 23 Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон». 24 Сахары цӕрджы-тӕ байхъуыстой Хамор ӕмӕ йӕ фырт Ше хеммӕ, ӕмӕ ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕрцыдысты сунӕтгонд.

25 Ӕртыккаг бон сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Иако-вы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Леви, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр. 26 Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты.

27Уый фӕстӕ Иаковы иннӕ фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ фӕ-къахтой, сӕ хойы сын кӕм фегад кодтой, уыцы сахар. 28 Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, аха-стой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый. 29Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабиты ӕмӕ сӕ устыты сын акод той уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.