РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

5 Иаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕйы йын кӕй фегад кодтой, уый, фӕлӕ уыцы заман йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд не схауди йӕ дзыхӕй. 6 Аныхас кӕнын-мӕ йӕм ӕрбацыди Шехемы фыд Хамор. 7Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Иаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыд-той, уӕд ныхъхъынцъым кодтой. Сӕ маст рафыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем ракодта ӕнаккаг ми — Иаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.

8 Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, усӕн раттут. 9 Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут. 10 Цӕрут не ’хсӕн. Нӕ зӕхх уӕ разы ис, ӕмӕ йыл ӕрбынӕттон ут, сӕудӕджер ыл кӕнут уӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, уӕхицӕн дзы исбонӕн амал кӕнут зӕххы хӕйттӕ». 11-12 Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл барвӕссат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».

13 Иаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.

14 Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын. 15 Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уе ’ппӕт нӕл-гоймӕгтӕ дӕр куы ’рцӕуой сунӕтгонд. 16 Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзы-стӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм. 17 Нӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд та нӕ чызджы фӕстӕмӕ байсдзыстӕм».

18 Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты Хаморы ӕмӕ йӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ. 19 Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уы-мӕн ӕмӕ уарзта Иаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди. 20 Хамор ӕмӕ Шехем бацыдысты сӕ сахары кулдуармӕ ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой: 21 «Уыцы адӕм нӕм кӕсынц хӕлар цӕ-стӕй. Уадз ӕмӕ ӕрцӕрой нӕ зӕххыл, сӕудӕджер ыл кӕнӕнт сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг — парахат куы у фӕйнӕрдӕм сӕ разы. Мах та сӕ чызг дӕр курдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ чызджытӕй дӕр дӕтдзыстӕм. 22 Фӕлӕ уыцы адӕм не ’хсӕн ӕрцӕрыныл ӕмӕ, немӕ иу адӕм суой, ууыл разы сты ӕрмӕст ахӕм дзырдӕй: уыдонау махмӕ дӕр хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцӕуа алы нӕлгой-маг. 23 Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон». 24 Сахары цӕрджы-тӕ байхъуыстой Хамор ӕмӕ йӕ фырт Ше хеммӕ, ӕмӕ ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕрцыдысты сунӕтгонд.

25 Ӕртыккаг бон сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Иако-вы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Леви, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр. 26 Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты.

27Уый фӕстӕ Иаковы иннӕ фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ фӕ-къахтой, сӕ хойы сын кӕм фегад кодтой, уыцы сахар. 28 Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, аха-стой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый. 29Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабиты ӕмӕ сӕ устыты сын акод той уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.

30 Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджы-тӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!» 31 Симеон ӕмӕ йын Леви дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»

Иаков — Бет-Елы

<3 С 'Хуыцау Иаковӕн загъта: «Бет-Елмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ уым Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн — сараз нывондхӕссӕн».

2 Иаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕрид-дӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.

3 Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Бет-Елмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн». 4 Иаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цы-дӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Иаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын. 5 Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Иаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.

6 Иаков йӕ адӕмимӕ бахӕццӕ и ханаанаг сахар Лузмӕ, ома Бет-Елмӕ, 7 ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, ома «Бет-Елы Хуыцау», уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран ӕргом рацыди Хуыцау.

8 Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Девора, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Бет-Елы дӕле, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут, ома «хъарӕджы тулдз».