РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Иаковы фырттӕ

Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Иаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Завулон. 24 Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениа-мин. 25 Рахилы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим.

26 Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир.

Адон — Иаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Ара-мы.

Исаакы мӕлӕт

27 Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исаакмӕ Хъирйат-Арбамӕ, ома Хев-ронмӕ, Мамремӕ, кӕддӕр Авраам кӕм царди, уый фӕстӕ та — Исаак, уырдӕм. 28 Исаак фӕцарди фарастыссӕдз азы.

29 Йӕ цардӕй ахицӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.

Исавы байзӕддаг

0/2 ^Мӕнӕ Исавы, ома Едомы, байзӕддаг.

0\/ 2 Исав ракуырдта ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы, 3 ноджы ма — Измаилы чызг Басематы, Невайоты хойы. 4 Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Регуелы,

5 Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Хъорахы.

Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕх-хыл.

6 Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм ацыд ӕд устытӕ, ӕд цот, йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, йе ’ппӕт фо-сы дзугтимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт исбонимӕ, Ханааны зӕххыл кӕй самал кодта, уыимӕ. 7Афтӕ сбирӕ и сӕ мулк дыууӕ ӕфсымӕ-рӕн, ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн фадат нал уыди. Цы зӕххыл цардысты, уый нал фаг кодта сӕ бирӕ фосы дзугтӕн. 8 Уымӕ гӕсгӕ Исав, ома Едом, ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.

9 Мӕ нӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддаг, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.

10 Исавӕн йӕ фырттӕ: Елифаз ӕмӕ Регуел. Елифаз райгуырд Адайӕ, Регуел та — Басематӕй.

11 Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Хъе-наз. 12 Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалехъы. Адон сты Исавы ус Адайы зӕнӕджы зӕнӕг. 13 Регуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.

14 Исавы фырттӕ, Цивоны фырт Анайы чызг Охоливама йын кӕй ныййардта, уыдон: Йеуш, Йалам ӕмӕ Хъорах.

15 Мӕнӕ Исавы байзӕддаджы мыггӕгтӕ.

Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддаг: Теман, Омар, Цефо, Хъеназ, 16 Хъорах, Гатам, Амалехъ. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уы-дон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг

17Исавы фырт Регуелы байзӕддаг: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгтӕ, Регуелы артӕй чи рацыди, уыдон — Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.

18 Исавы байзӕддаг, Охоливамайӕ йын чи рантысти, уыдон: Йеуш, Йалам, Хъорах. Адон сты, Исавы ус Охоливамайӕ, Анайы чызгӕй, чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.